Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрад æнхъæлмæ кæсы, æрæджы УФ-йы Президент Владимир Путин Уæрæсейы Гарзджын тыхты скондмæ хуссарирыстойнаг æфсады хицæн дæлхæйтты бакæныны тыххæй Паддзахадон Думæмæ кæй бавдыста, уыцы Сразыдзинад ратификаци скæнынмæ. Уый тыххæй фехъусын кодтой РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады минæвæрттæ сæ пресс-конференцийы рæстæджы. Пресс-конференци уагъд æрцыдис нæ республикæйы Мыхуыр æмæ информацийы комитеты пресс-центры. Хайад дзы райстой РХИ-йы Хъахъхъæнынады министры хæдивæг Æлборты Игорь æмæ Хъахъхъæнынады министрады Генералон штабы хистæр, булкъон Виктор Федоров.

Йæ бацæуæн ныхасы Виктор Федоров банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн сразыдзинад арæзт æрцыд ацы аз марты мæйы æмæ йæ нæ республикæйы Парламент та сратификаци кодта июлы мæйы:  «Сæйраджыдæр, сразыдзинады нысан æрцыд Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты хицæн дæлхæйтты Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхты скондмæ бакæныны фæтк. Ныртæккæ ацы сразыдзинад ис Уæрæсейы Паддзахадон Думæйы æмæ нæ ныфс ис, æввахс рæстæджы йæм кæй æркæсдзысты æмæ ратификаци кæй æрцæудзæн. Арæзт æрцæудзæн организацион-штатон структурæ, кæцы æртæ мæйы æмгъуыдмæ бацæттæ кæндзæн æмæ Уæрæсейаг фарсмæ ратдзæн, не ‘фсæддон службæгæнджытæй Уæрæсейы æфсæддон рæнхъытæм службæ кæнынмæ цы æфсæддонтæ цæуынц, уыдоны номхыгъд. Уый фæстæ уыцы штатон структурæйы номхыгъд æрæмных æрцæудзæн уæрæсейаг фарсимæ æмæ йæ уый фæстæ сфидар кæндзæн нæ республикæйы сæйраг командæгæнæг Бибылты Анатоли. Æппæт уыцы мадзæлтты фæстæ æхсæз мæйы æмгъуыдмæ рахызтæуыдзæн ног организацион-штатон структурæмæ. Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады æхсæнведомствæйон сразыдзинадмæ гæсгæ, Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн контрактмæ гæсгæ сæ бон уыдзæн службæ кæнын Уæрæсейы Федерацийы хъахъхъæнынады министрады 4-æм æфсæддон базæйы сконды æмæ ма афтæ Уæрæсейы æндæр æфсæддон дæлхæйтты. Уыдон махимæ абаргæйæ, исдзысты егъаудæр куыстмызд æмæ ма уыимæ райсдзысты æмæ пайда кæндзысты уыцы социалон пакетæй, кæцыйæ пайда кæнынц уæрæсейаг æфсæддонтæ. Фæлæ нæм ис ахæм службæгæнджытæ, кæцытæ бæрæг аххосæгтæм гæсгæ баззайдзысты службæгæнгæйæ нæхи Гарзджын тыхты æмæ уыдонæн та сæ куыстмызд фылдæр кæндзæн этаптæм гæсгæ, куыддæр сразыдзинад йæ тыхы бацæуа, афтæ», – банысан кодта Виктор Федоров.

Ныртæккæ æппæт дунейы террористон акттæй тас кæй у, уый фæдыл пресс-конференцийы рæстæджы журналисттæ бацымыдис кодтой, нæ республикæйы тыхон структурæтæ куыд цæттæ сты ахæм террористон актты ныхмæ тох кæнынмæ, уый. Уый фæдыл хъахъ-хъæнынады министрады минæвар Виктор Федоров банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны тыхон структурæтæ цæттæ  сты цахæмфæнды террористон тасдзинады ныхмæ æмбæлон мадзæлттæ райсынмæ: «Махæн не ‘фсад цæттæ у алыварсонæй цахæмфæнды æндыгъд уавæрты дæр не ‘мбæстæгты сабырдзинад бахъахъхъæнынмæ. Уыимæ иумæ ма Уæрæсейы æфсæддон базæтимæ мах иумæйагæй рацæуæм æфсæддон цæттæдзинад. Уыцы иумиаг цæттæдзинады рæстæджы не службæгæнджытæ равдисынц хорз зонындзинæдтæ, уыцы хъуыддаг банысан кæнынц 4-æм уæрæсейаг æфсæддон базæйы командиртæ», – загъта уый.

Виктор Федоров ма куыд банысан кодта, афтæмæй не ‘фсæддонтæй Уæрæсейы æфсадмæ контрактон службæмæ чи ахызт, уыдон хицæн кæнынц сæ профессионализмæй. Нæ Гарзджын Тыхты материалон-техникон базæ 2008 азимæ абаргæйæ бæрзонддæр æмвæзадыл ис. Куыддæр сразыдзинад йæ тыхы бацæуа, афтæмæй нæ Гарзджын Тыхтæ ифтонг æрцæудзысты нырыккон хæстон техникæ æмæ хæцæнгарзæй. Ацы хъуыддагмæ æнхъæлмæ кæсын хъæудзæн 2018 азы.

Фæстаг рæстæджы Уæрæсейы уæлдæр æфсæддон ахуыргæнæдæттæм ахуыр кæнынмæ ацæуынц не скъолаты рауагъдонтæ. Ныртæккæ уыдон цал сты æмæ сæ зонындзинæдтæ цы æм-вæзадыл сты, уый тыххæй нын цыбыртæй радзырдта фембæлды рæстæджы Виктор Федоров. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ Уæрæсейы уæлдæр æфсæддон ахуыргæнæдæтты ахуыр кæнынц 130 адæймаджы бæрц. Сæ рауагъдонтæ систы 91 адæймаджы. Алы аххосæгтæм гæсгæ уагдæттæй рацух æрцыдысты 40 адæймаджы бæрц. Рауагъдонтæй Уæрæсейы 4-æм æфсæддон базæйы службæ хæссынц 16 адæймаджы æмæ дзы нæхи хъахъхъæнынады министрады та кусы 40 адæймаджы бæрц. Уый ма куыд фехъусын кодта, афтæмæй Уæрæсейы уæлдæр æфсæддон ахуыргæнæндæтты хуссарирыстойнаг курсантты ифтонг кæны куыстмыздæй Уæрæсейы Федераци æмæ сын аразы ахуыр кæнынæн алыгъуызон хорз фадæттæ. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрад æппæтдæр аразы, цæмæй не скъолаты рауагъдонтæ фылдæрæй æрвыст цæуой æфсæддон ахуыргæнæндæттæм»: «Кæй зæгъын æй хъæуы, махæн алы хатт нæ бон нæу алкæцы рауагъдоны куысты бынатæй сифтонг кæнын, фæлæ æнхъæлмæ кæсæм, куыддæр сразыдзинад йæ тыхы бацæуа, афтæ алкæцы рауагъдон дæр ифтонг кæй æрцæудзæн куыс-ты бынатæй æмæ ма уыимæ иумæ сæ бон уыдзæн Уæрæсейы æфсæддон дæлхæйтты службæ кæнын дæр. Уый фæдыл бузныджы ныхæстæ загъта уæрæсейаг коллегæтæн, кæцытæ ацы фарстмæ æркастысты лæмбынæгæй. «Уыимæ иумæ 2018 азы Хуссар Ирыстоны курсанттæн сæ бон уыдзæн Уæрæсейы авиацион ахуыргæнæндонмæ ахуыр кæнынмæ бацæуын. Ацы хъуыддагыл ныртæккæ дзырд цæуы Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады. Кæд æмæ ацы фарст скъуыддзаг æрцæуа æмæ иу ныхасмæ æрцæуæм, уæд нæ Гарзджын Тыхтæ ифтонг æрцæудзысты авиацион техникæйæ дæр. Уымæ гæсгæ йæ рауагъдонтæ се ‘фсæддон хæс æххæст кæндзысты нæ республикæйы Гарзджын Тыхты, кæнæ та Уæрæсейы Гарзджын тыхты», – банысан кодта министрады минæвар.

Генералон штабы хистæр куыд банысан кодта, афтæмæй Уæрæсейы хъахъхъæнынадон ведомствæимæ сразыдзинадмæ гæсгæ æрба-лæугæ азæй хуссарирыстойнаг рауагъдонтæн сæ бон уыдзæн ахуыр кæной Дзæуджыхъæуы Суво-ровы номыл æфсæддон ахуыргæнæндоны. Уыцы ахуыргæнæндон каст фæуыны фæстæ рауагъ-донтæн фæндаг гом уыдзæн Уæрæсейы æфсæд-дон ахуыргæнæндæттæм æнæ фæлварæнтæй.

Пресс-конференцийы рæстæджы ма дзырд цыд бирæ æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр.

Танделаты Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.