Дзарцъемы полигоны уагъд æрцыдысты Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады дæлхæйтты тактикон ахуыртæ.

Мадзæлттæм æрбацыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты Сæйраг командæгæнæг, РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли, Хицауады уæнгтæ. Ахуыртæ ацыдысты РХИ-йы Хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæсгæнæг, инæлар-лейтенант Гасситы Ибрагимы къухдариуæгады бын.

Хъуыдыгонд куыд уыд, уымæ гæсгæ уагъд æрцыд ныхмæлæууæджы фæндаг æрæхгæнын æмæ йæ скуынæг кæныны, уацайрæгтæ æрцахсыны, документтæ, гæрзты хуызæгтæ, бастдинады фæрæзтæ байсыны сæраппонд хæстон операци. Уыимæ иумæ пайда цыди хæстон техникæйæ, сæрмагонд транспортон фæрæзтæ æмæ хæцæнгæрзты алы хуызтæй. Ахуыртæ ацыдысты бæрзонд æмвæзадыл. Уый банысан кодта Президент Бибылты Анатоли.

«Знаджы раз бабадыны рæстæджы сæ архайд, æнгомдзинад, минометæхсджыты æмæ развæдсгарджыты куыст уыди хорз æмвæзадыл оперативондзинад æмæ ахæм уавæрты кæмæй пайда кæнынц, æхстыты уыцы хъомысджындзинадмæ гæсгæ», – загъта уый.

Бæстæйы сæргълæууæг банысан кодта знаджы раз бабадыны, фæстæмæ алæууыны æмæ æрæмбæрзыны хорз организаци.

Иннæ этапыл Хъахъхъæнынады министрады сæрмагонд дæлхæйттæ равдыстой табелон хæцæнгарзимæ архайгæйæ сæ арæхст.

Цæвиттойнаг тактикон ахуыртæ уагъд æрцыдысты хуссарирыстойнаг æфсады фадæттæ равдисыны сæраппонд. Уыдон равдыстой, нæ дæлхæйттæ æфсады алы хуызты æмархайды хæстæ скъуыддзаг кæнынмæ кæй рæхсынц, уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.