Райгуырæн къуым адджын у, зæрдæмæ æввахс лæууы, æдзухдæр дзы æхцондзинад фæисæм. Йæ хорз хъуыддæгтыл ын адæймаг цин фæкæны æмæ цыма арвмæ сырæзæм, нæхи афтæ фæхатæм. Фæлæ йын йæ хъæндзинæдтæ æмæ мæгуыраудзинæдтæ куы фæуынæм æмæ хъусæм, уæд сæ зæрдæмæ æввахс айсæм, æдзухдæр нæ мæт æмæ сагъæсты баппарынц. Мæ райгуырæн Къостайыхъæуы дæр дзæвгар хорздзинæдтæ фенæн ис, æвæрццаг фæстиуждытæ уынгæйæ нæ алчи дæр бабуц вæййы, ахæм номхæссæн хъæуы кæй цæры, уый тыххæй. Номхæссæн та канд йæ кадджын æмæ дзырддзæугæ æмбæстæгтæй нæу, фæлæ ма хъæуы æддаг уынд æмæ бакастæй дæр. Раздæр азты хистæртæй куыд хъуыстон, афтæмæй хъæуы уынгты равæрдыл бакуыста уырыссаг инженер, хъыгагæн, йæ ном ын ничи бахъуыды кодта. Æмæ уый фæстиуæгæн хъæу абоны онг дæр у горæты типыл арæзт. Уый хорз у, æгайтма йын ахæм хуыз радтой, фыдæлтæй фæстæмæ йыл афтæ зæрдиаг æмæ æнувыдæй архайдтой. О, фæлæ æнтыстыты ‘хсæн цухдзи-нæдтæ дæр разыны, уыдон та фæхъæуы рæстæгыл аиуварс кæнын.

Фыццаджыдæр уал зæгъын æмбæлы, иуæй-иу æмбæстæгтæ бынтондæр кæй ницæмæ дарынц, сæ райгуырæн хъæуы аивдзинад æмæ йын кæй æвидыц кæнынц йе ‘дтаг бакаст. Цæвиттон, цыма сын сæ хæдзаргæрон зæххы фадгуытæ дæр нал фаг кæнынц, уыйау уынджы хайыл аразынц сæ уæлæмхас арæзтадтæ. Бирæ рæтты та донхæры къанаутæ суанг уынджы астæуты сарæзтой æмæ уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, уынгтæ дæр нарæг æмæ уынгæг кæнынц. Уый фæстиуæгæн сыл транспорт дæр зынтæй ахизы.

Хъæуы цы суадон ис, къоди, зæгъгæ, уый цæстуарзонæй лæггад кæны рагæй фæстæмæ канд хъæуы адæмæн нæ, фæлæ ма дзы фæпайда кæнынц горæты цæрджытæ, стæй ауылты цæуæг бæлццæттæ дæр. Фæлæ йын йæ алфæмбылаймæ куы акæсай, уæд дæ ацы суадонæй дон ахæссын нал бафæндид. Дзедæрæг, алыгъуызон къудзитæ æмæ дзы брæттæй бахизæнтæ нал ис. Кæддæр ын йæ алыварс телхызæй цыма æрæмбонд кодтой, фæлæ ном цы хæссы, уый йедтæмæ уымæй цæй æмбонд ис, ноджы йын йе ‘ддаг хуыз æвидыц кæны. Суадон табуйаг бынат у æмæ ахæм уавæрмæ кæй æрхауд, уый хъæуæн ном нæ кæны. Нæ республикæйы раздæры Президент Цыбырты Людвигы рæстæджы хъæуы уынгтæн радтой ахæм нæмттæ, куыд Алантæ, Ирæтты, Хетæгкаты Къостайы, Секъайы, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты активон тохгæнджытæ Тедеты æфсымæрты, номдзыд хъугдуцæг Тараты Тамарæйы номыл уынгтæ. Уæд хæдзæртты фисынты бакодтой, уынг кæй ном хæссы, уый тыххæй трафареттæ, æцæг, алы хæдзары уæлæ нæ уыд ахæм фыстытæ, стæй номыртæ дæр. Уæдæй нырмæ дзæвгар азтæ рацыд, уыцы фыстытæй сæ иутæ бæрæг аххосæгтæм гæсгæ нал сты хæдзæртты къултыл, чи ма дзы ис, уыдоныл та азтæ сæ фæд ныууагътой, сызгæ сты æмæ сæ адæймаг зынтæй бамбардзæн.

Уæлдæр æрхæсгæ цухдзинæд-тæм рæстæгыл хъуамæ аздахæм æмбæлон хъусдард, цæмæй хъæу кæна ноджы фидыцджындæр æмæ дзы рухс кæна адæймаджы зæрдæ.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.