Æрвылаз дæр февралы мæй куы æрбалæууы, уæд æнæмæнг нæ цæстытыл ауайынц нæ зæйластытæ. Уыдоны æхсæн уыд, лæгдзинад æмæ æхсардзинад йæ удыхъæды сæйрагдæр миниуджытæ кæмæн уыдысты, уыцы æмбæстаг – Коцты Гри дæр.

Коцты Грийы йæ ныййарджытæ хъомыл кодтой сæ фыдæлты æгъдæуттыл. Йæ фыдæлты кой та дардыл хъуыстгонд у.

1830 азы арæзт дыууæ æфсæддон экспедицийы. Сæ иу инæлар Ренненкампфы разамындæй бабырста Чеселты коммæ, басыгътой аст хъæуы. Цæрджытæ алыгъдысты хъæдтæм, хæхтæм. Ацы тохты æгæрон стыр æхсардзинад равдыста Коцты Бега. Уый йе ‘мбæлттимæ бацахста йæ фыдæлты мæсыг æмæ уырдыгæй удуæлдай тох фæкодта фæстаг сулæфты онг. Æмæ Гри дæр буц уыд йæ фыдæлтæй, æмткæй ирон адæмæй, сæ кад сын дæлæмæ никуы æруагъта, æппæт йæ тыхтæй, йæ зонындзинæдтæй архайдта ирон адæмы кад бæр-зонддæр кæныныл. Уый уæлдай тынгдæр фæбæрæг 1991 азы январы  Хуссар Ирыс-тон уæззау уавæры куы бахауд, уæд. Уæд райгуырæн бæстæйы хъуыд хъахъхъæнын. Гъе, æмæ йæ Фыдыбæстæ бахъахъхъæнынмæ фыццаг чи растад, уыцы ирон лæппутæй сæ иу уыд – Коцты Гри.

Коцты Гри райгуырд нæхи горæты æмæ куыд алы цхинвайлаг æнахъом сывæллон, афтæ Грийæн дæр йæ зæрдæмæ цыд спорт. Йе ‘мкарæнтимæ иу ацыд Леуахийы былмæ. Ерыстæ-иу кодтой хъæбысхæстæй, дуртæ хæрдмæ исынæй. Уыцы рæстæджы йæ, зæгъгæ, исчи куы афарстаид, спорты кæцы хуыз тынгдæр цæуы дæ зæрдæмæ, уæд ын фæзын уыдаид дзуапп дæттын. Райдианы цыд гимнастикæмæ, стæй – акробатикæмæ. Фæлæ 1954 азы Цхинвалмæ æрцыд Къораты Харитон æмæ бакодта уæгъдибар хъæбысхæсты секци. Гри йæм цæуын райдыдта. Харитон ын йæ арæхстдзинæдтæм йæ хъус æрдардта æмæ уый дæр уæлахиз кæнын райдыдта горæтон æмæ областон ерысты. Æнтыстытæ йын уыд Гуырдзыстоны æвзæнгты æхсæн ерысты дæр. Рамбылдта-иу, æгæрыстæмæй, фæл-тæрд хъæбысхæцджыты дæр. Иу ахæмы фæуæлахиз бирæ хæттыты ССР Цæдисы чемпион, дыууæ хатты дунейы чемпион, олимпион хъæзтыты призер Гурам Сагъарадзейыл.

Хъахъхъæдта йæ фыдæлты зæхх æмæ фарн

Бонæй бонмæ йе спортивон арæхстдзинад хуыздæр кодта. Фæлæ йæ цадæггай йæхимæ æлвасын райдыдта уæззау атлетикæ æмæ 1956 азы тренировкæ кæнын райдыдта спорты уыцы хуызтæй. Тренер та йын уыд Цоциты Зауыр. Æрвылхатт дæр йæхиуыл куыста цæсгомджынæй. Фыццаг хатт штангæйæ республикон ерысты хайад иста 1958 азы горæт Батумы спортивон æхсæнад «Спартак»-ы фыццаг бынат бацахсыны сæраппонд. Уым Гри æртæ хуызæй бацахста дыккаг бынат. Уæдмæ уый каст фæцис астæуккаг скъола æмæ ахуыр кæ-нынмæ бацыд Тбилисы тренерты скъоламæ. Тбилисы Грийы тренировкæ кодта Гуырдзыстоны сгуыхт тренер Димитр Капцов. Уый уыд цæттæ тренер, стыр ахуыргонд адæймаг. Уыдон тынг схæлар сты æмæ сæ нысанмæздæхтдзинад æмæ куыстуарзондзинад систы уый фæстæ уæлахизтæн сæ бындур. Дыууæ азы дæргъы фæуæлахиз, куыд республикон, афтæ æппæтцæдисон масштабты бирæ ерысты. Мæнæ цы фыста газет «Лело» 1963 азы 15 июны: «Æрдæгастæуккаг уæзы триумфалон уыд Коцты Грийы æнтыст. Уæзтæ исынæй уый фенын кодта 130,5 килограммы æмæ фæхуыздæр кодта республикон рекорд. Уый фæстæ сриуыгъдæй фæхуыздæр кодта æппæтцæдисон рекорд æмæ йæ къухты бафтыд хорз æнтыст. Сриуыгъта 171, 5 килограммы æмæ йын уыд ног республикон рекорд».

Специалисттæ стыр ныфс æвæрдтой Грийæ. Уый йæхи цæттæ кодта ССР Цæдисы адæмты спартакиадæмæ. Тренировкæ кодта Боржомы. Фæлæ… тренировкæтæй иуы рæстæджы Грийæн йæ къух фетынг. Æппæтцæдисон спартакиадæмæ ма баззад нымад бонтæ, фæлæ йæ къух нæма сдзæбæх. Ныууагътой йæ уæддæр командæйы. Æмæ кæд йæ къух фетынг, уæддæр дыууæ хуызы фæстæ спартакиадæйы Грийæн уыд уæлахиздзинад къухы бафтыны фадат, фæлæ ерысты кæронбæттæн хуызæй – сриуыгъынæй Грийæн йæ къух фæрыст æмæ йæ бон нал бацис ерыстæ кæронмæ акæнын. Хъыг уыд алкæмæн дæр, фæлæ… куы сдзæбæх, уæд ахызт иннæ уæзы – астæуккаг уæзы категоримæ.

Æмæ та йын ног уæзы категорийы спортсменты æхсæн дæр уыд дзæвгар уæлахиздзинæдтæ æппæтцæдисон æмæ дунеон ерысты. 1965 азы марты хайад хъуамæ истаид дунеон ерысты Австрийы. Æмæ уыцы рæстæджы та Тбилисы уагъд цыдысты спортивон æхсæнадты æмбырдгонд командæты ‘хсæн ССР Цæдисы фыццаг бынат бацахсыны сæраппонд ерыстæ, цыран Гри хайад ма хъуамæ истаид, Австримæ цæуынмæ йæхи кæй цæттæ кодта, уый тыххæй.

Австримæ ацæуынмæ ма йæ иу бон куыд хъуыд, афтæ бацыд ерыстæ уадзæн залмæ, цæмæй йе ‘мбæлттæн загътаид æнтыстыты фæндиæгтæ, фæлæ куыд рабæрæг, афтæмæй уый æрдæгуæззау уæзы хайад куы райстаид æмæ æртыккаг бынат уæддæр куы бацахстаид, уæд уый командæйæн радтаид призон бынат бацахсыны фадат. Гри аскъуыддзаг кодта ерысты хайад райсын. Хорз æнтыст ын уыд æмæ командæ бацахста дыккаг призон бынат. Австрийы дæр Гримæ æнхъæлмæ каст триумф. Уым хайад иста астæуккаг уæзы æмæ фæуæлахиз, æртæ хуызæй 450 килограммы сис-гæйæ.

Гри хайад иста тынг бирæ ерысты. Фæлæ йын иууыл стырдæр æнтыстытыл банымайæн уыд, дыууæ азы йæ фæд-фæдыл – 1964-1965 азты спортивон æхсæнад «Спартак»-ы Централон совет кæй банымадта командæйы иууыл хуыздæр спортсменыл. 1966 азы уый ССР Цæдисы фыццаг бынат бацахста Новосибирскы. Йæ фæстиуæг ын банымадтой «Сенсацийыл Новосибирскæй».

Уыцы аз æй фæхуыдта Украинæйы спорткомитет æмæ ацыд Донецкмæ. 1967 азы хайад иста дунейы штангистты егъау традицион турнир – «Хæлардзинады кубок»-ы. Уый уагъд цыд Тбилисы, æмæ дунейы иууыл тыхджындæр атлетты ныхмæ тохы астæуккаг уæзы уый фæуæлахиз. Уымæй дæр сарæзта ног рекордон фæстиуæг – æртæ хуызæй 470 килограммы. Уымæй Гри сæххæст кодта дунеон къласы спорты мастеры нормативтæ. Уый фæстæ аз дæр ссис ССР Цæдисы чемпион. Фæстæдæр хайад иста бирæ æндæр ерысты.

Æрыздæхт Коцты Гри йæ райгуырæн бæстæмæ æмæ кусын райдыдта тренерæй. Æмæ ацы хъуыддаджы дæр йæ къухты бафтыд стыр æнтыстытæ. Йæ хъомылгæнинæгтæ систы Европæйы чемпионтæ, Цæдисы æмæ дунейы рекордсментæ. Йæ ахуыргæнинæгтæй бирæтæ систы ССР Цæдисы спорты мастертæ.

Спортмæ, уæззау атлетикæмæ Грийы уарзондзинад анхъæвзта йæ фырттæм дæр. Уыдон дæр æнтысгæйæ райдыдтой се спортивон карьерæ. Хистæр фырт Сослан ссис æвзæнгты æхсæн ССР Цæдисы спорты мастер, Европæйы чемпион. Кæстæр фырт Алан дæр сæххæст кодта спорты мастеры нормæтæ. Фæлæ уæдмæ райдыдта гуырдзиаг-ирон хæст æмæ сын уый бакъуылымпы кодта сæ арæхстдзинæдтæ æххæстæй райтынг кæнынæн.

1989 азы 23 ноябры Гри йæ дыууæ фырты Сослан æмæ Аланимæ ссыд Згъудеры бынмæ – горæтмæ æрбацæуæнмæ. Гри схызт тæрхондоны бæстыхайы дыккаг уæладзыгмæ æмæ рудзынг бакæнгæйæ, уый хъæрæй бахатыд горæтхъахъхъæнджытæм, цæмæй æрæхгæной звиадистты фæндаг, ма сæ æрбауадзой горæтмæ. Ирон лæппутæ, сæ къухтæй удæгас  рæхыс саразгæйæ, æрурæдтой цалдæр мин гуырдзиаг боевикæй фылдæры, цалынмæ сæм горæты цæрджытæ æмæ мидхъуыддæгты æфсæдты хæстонтæ фæзындысты, уæдмæ. Дыууæ суткæйы дæргъы уыдон уырдыгæй нæ рацыдысты, цалынмæ гуырдзиæгтæ нæ аздæхтысты, уæдмæ. 1989 азы 1 декабры газет «Литературули Сакартвело» уыдон схуыдта национ хъайтартæ.

1989 азы декабры фæуды гуырдзиаг боевиктæ цалдæр ирон лæджы амынæттæй акодтой. Уæд Коцты Гри Цхинвалы гарнизоны командиримæ бронетранспортерыл ацыд Тамарашенмæ æмæ уайтагъд ссæрибар кодта амынæтты. Фæлæ се ‘хсæн нæ разынд йæ хистæр æфсымæр Нодар. Уый уым автомагазины гæсæй куыста. Грийæн йæ зонгæ гуырдзиæгтæ загътой, зæгъгæ, дын де ‘фсымæры Чъехмæ акодтой. Грийæн æгæрон зын уыд йе ‘фсымæры хъысмæт, фæлæ цы йæ бон уыд…

Гри бамбæрста, ам хъуыддаг хорз кæй нал у æмæ йæ зæрдыл æрбалæууыдысты, йæ фыд Уасил-иу ын Коцты Бегайы хъайтардзинады тыххæй цы радзырдта, уыдон. Гри дæр æрбамбырд кодта йе ‘мбæлтты, хæлæртты æмæ сын загъта, нæ фыдæлты зæхх нæ бахъахъхъæнын кæй хъæуы, уый. Æхцайы фæрæзтæ дзы кæмæ цы уыд, уыдон æрæмбырд кодтой æмæ сæ самал кодтой æхсæнгæрзтæ, хæстон æрмæджытæ. Грийæн уыд бирæ æмбæлттæ æмæ сыл куы айхъуыст, хъахъхъæнынады отряд аразы, уæд иууылдæр йæ фарсмæ æрбалæууыдысты. Афтæмæй Хуссар Ирыстоны цы хъахъхъæнæг отрядтæ уыд, уыдонæй Грийы отряд нымæцмæ æмæ гæрзифтонгмæ гæсгæ дæр уыд иууыл егъаудæр æмæ хъомысджындæр. Уыдон хайад истой Цхинвалы æмæ Знауыры районы хæстон архайдтыты. Йæ отряд дих уыд цыппар взводыл. Уыд ын фидар телефонон бастдзинад горæт æмæ районтимæ. Уый йын лæвæрдта хæстон архайдтытыл хуыздæр контроль кæныны фадат.

Гри бацархайдта горæты уынгты æфсæн-бетонон баррикадæтæ саразыныл. Фидар позици арæзт æрцыд Пушкины уынгыл. Грийы бардзырдмæ гæсгæ уым æвæрд æрцыд егъаукалиброн нæмыгзгъал æмæ ам ирон лæппутæ фидар лæууыдысты, цалынмæ гуырдзиæгты горæты арæнтæй ахизын кодтой, уæдмæ.

Грийы разамындæй йæ отряд гуырдзиæгтæн уæззау цæф фæкодта Тамарашены хъæуы. Йæ  хæстонтæ сæ æхстой егъаукалиброн нæмыгзгъалтæй. Знаджы бахъуыд хъæуы хуссар ныгуылæн хай ныууадзын æмæ центрмæ ацæуын. Знагæй уæд фæхъуыд цалдæр адæймаджы. Грийы отрядæй фæмард Галуанты Тымы (Таймураз).

Коцты Грийы лæппутæ ноджы æхсарджындæр тох кодтой Знауыры районы Мугуты хъæуы. Гуырдзиæгтæ ластой Дидмуха æмæ Мугуты хъæуты цæрджыты исбон. Грийы хæстонтæ сæ æвирхъау цæф фæкодтой. Уыцы тохы гуырдзиæгтæй фæмард 16 адæймаджы æмæ 18 адæймаджы та ракодтой уацары. Йæ отряд хайад иста Знауыры районы Калеты хъæуы гуырдзиаг тыхгæнджыты ныддæрæн кæныны дæр. Ракодта сын стыр зиан. Æрæппæрста сын сæ вертолеттæй иу.

Грийы лæппутæ активон хайад истой горæт Цхинвалы алыварс æппæт хæстон архайдтыты. Уый фæстæ дæр Коцты Гри активон хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстон расидыны тыххæй сесси ауадзыны. Йæ лæппутæ хъахъхъæдтой Советы хæдзар.

Гри нæ æрæййæфта уæлахиз, нæ йыл фæцин кодта. Йæ отряд хæстон æрмæджытæй цух кодта, уымæ гæсгæ та 1992 азы 16 февралы йæ самал кæныны тыххæй араст Цæгат Кавказмæ. Цæугæ бæргæ кодта, фæлæ… Нары хъæумæ хæстæг сæ æрæййæфта зæй æмæ бабын йæ хæлар Сагкаты Валери æмæ æндæр æмзæххонтимæ. Фæлæ Грийы отряды уæнгтæ абон дæр сты æхсардзинад, райгуырæн бæстæйыл æнувыддзинады цæвиттон. Афтæ сæ хъомыл кодта Гри – сæ ахуыргæнæг, сæ раздзог.

Грийы рухс ном та никуы ферох уыдзæн йæ раттæг адæмæй, уымæн æмæ йæ царды нысан та уыд йæ адæмы рухс фидæны æмæ хæдбардзинады сæрыл тох.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.