26-æм январы телефоны ныхас кодтой Уæрæсе æмæ АИШ-ы президенттæ Владимир Путин æмæ Джозеф Байден. Дыууæ лидеры ныхасæн уыд хъуыддагон æмæ æргом характер. Уыдон разыйæ баззадысты Стратегион размæбырсты хæцæнгæрзты тыххæй бадзырд адарддæр кæнын къухты кæй бафтыд, уымæй. Уый фæстæ Путин Паддзахадон Думæмæ уынаффæмæ бахаста СНВ-3 фæдыл бадзырд фондз азмæ адарддæр кæныны тыххæй закъоны проект.

АИШ хæцæнгæрзтæ фæкъаддæр кæныны тыххæй бадзырдты æнæхъæн къордæй куы рахызтысты, уæд ма дзы баззад фæстаг архайæг иунæг бадзырд СНВ-3. 2010 азы ацы бадзырдыл сæ къухтæ æрфыстой Уæрæсейы æмæ АИШ-ы уæды президенттæ Дмитрий Медведев æмæ Барак Обама. Уыцы рæстæджы Уæрæсе æмæ Америкæмæ уыд ядерон паритет фæйнæ 2,5 мин хæстон заряды. Уæрæсе разæй уыд шахтон базæйы ракетæтæй, æмæ АИШ та – донбындзугæнæг науты ракетæтæй. СНВ-3 фæдыл бадзырд ноджы фæкъаддæр кодта ракетæты нымæц 1550 хæстон заряды онг. Бадзырды хынцыд æрцыдысты дыууæфарсон инспекцитæ, ома фадат дæтты кæрæдзийыл контроль кæнынæн. Афтæ ма бадзырды нысан æрцыд, зæгъгæ, стратегион размæбырсты хæцæнгæрзтæ равæрд не ‘рцæудзысты Уæрæсе æмæ АИШ-ы территоритæй æддейæ. Ацы пункт у уæлдай ахсджиагдæр, Америкæ дунейы йе ‘фсæддон базæтæ куы равæрдта, уыцы рæстæджы. Уæрæсе домдта статус-кво бахъахъхъæныны тыххæй. Уымæн æмæ æрмæстдæр паритетон бындурыл ис гæнæн дунейы стыр хæсты тæссагдзинадæй бахъахъхъæнын.

АИШ-ы ног администрацийæн ис  ног цæстæнгас  СНВ-йы бадзырдмæ ахасты. Кæд Трамп нæ разы кодта æмæ æвæрдта йæхи уавæртæ, уæд Байден цæттæ уыд æнæ раразмæгонд уавæр-тæй бадзырд адарддæр кæнынмæ.

– Æз хæссын фæндон архайгæ бадзырд æнæалыгъуызон уавæртæй иу азмæ адарддæр кæныны тыххæй, цæмæй нын фадат уа æппæт периметрты фæдыл мидисджын баныхæстæ ауадзынæн, цæмæй нæ бæстæты дæр æмæ дунейы æппæт паддзахадты дæр, кæцытæ цымыдис кæнынц стратегион стабилондзинад бахъахъхъæнынмæ, ма ныууадзæм æнæ ахæм бындурон документæй,  куыд стратегион размæбырсты хæцæнгæрзты тыххæй бадзырдæй, – банысан кодта Уæрæсейы Президент Владимир Путин.

Кæройнаг хатдзæджы бадзырд адарддæр æрцыд иу азмæ нæ, фæлæ фондз азмæ, ома, 2026 азы 5-æм февралмæ.

Паддзахадон Думæ йæ рабадты СНВ-3 фарст рахаста фыццаг.

– Уый у æнтыст, нæ президенты æнтыст, уæрæсейаг дипломатийы æнтыст, уымæн æмæ дæргъвæтин рæстæджы дæргъы америкæйæгтæ нæ разы кодтой бадзырдыл къухтæ æрфыссыныл. Фæлæ ныр куыд уынæм, афтæмæй хъуыддаг йæ бынатæй феггуырст Владимир Путин АИШ-ы ног сæвзæрстгонд президентимæ куы ныхас кодта, уый фæстæ. Уый æмбæлон у глобалон æдасдзинады доктринæйæн æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, махæн ам нæ бон у хæцæнгæрзтыл контроль сифтонг кæнын, гæнæн цæмæн ис æмæ цæмæн нæй, ууыл дзурын», – банысан кодта УФ-йы Паддзахадон Думæйы Сæрдар Вячеслав Володин.

– Иууыл фыццаг, ацы бадзырд махæн фадат ратдзæн дарддæр дæр нæ гъæдджын уæлиондзинад бахъахъхъæнынæн, уымæн æмæ дзы ис бæрцон арæнтæ. Ахсджиаг у уый дæр, æмæ мах кæй бахъахъхъæндзыстæм дунейы стратегион стабилондзинад. Ахсджиаг ма у уый дæр, æмæ мах кæй гом кæнæм хæцæнгæрзтæ арæнгонды фæдыл дарддæры бадзырдтæ уадзыны фадæттæ, уыцы гæнæнтæ сты бирæ, – банысан кодта Паддзахадон Думæйы комитеты сæрдар Вячеслав Никонов.

– Уый у фæстаг документ, кæцы куыддæрты уромы тыхты паритет æмæ фæдзæхсы дунейы, зæгъгæ, ядерон хæстæн æруадзæн нæй, фæлæ уыцы  иурæстæджы хъæуы райсын къорд къахдзæфы, кæцытæ баст сты, цæмæй ма уа паузæ», – нымайы Коммунистон партийы лидер Геннадий Зюганов.

– Ацы бадзырд баст у иууыл зынаргъдæр хæцæнгæрзтимæ. Урæд куынæ æрцæуа, уæд Америкæ дæр æмæ Уæрæсе дæр бахардз кæныдзысты егъау ресурстæ, æмæ уыдон та сты мард æхцатæ. Уыдон лæууынц, ракетæтæ сты æфтауцдоны æмæ цы пайда сты? Уый у тынг ахсджиаг бадзырд, сэкономигонд æхцатæ бахардз кæнын хъæудзæн пандеми æруромыны тыххæй», – загъта Паддзахадон Думæйы фракци ЛДПР-ы лидер Владимир Жириновский.

Бадзырд ратификаци æрцыд æмхъæлæсæй. Уымæй иу сахаты фæстæ та бадзырд хорзыл банымадта Уæрæсейы Федерацийы Совет.

Мæскуыйы саргъ кодтой Байдены администраци йæ къухдариуæгады фыццаг бонты цы прагматизм равдыстой, уымæн. Кремлы куыд банысан кодтой, афтæмæй бадзырд фондз азмæ кæй адарддæр кодтой, уый фаг у хæцæнгæрзтыл контролы фадыджы дарддæры куыстæн. Уæрæсе цæттæ у æмгуыстадмæ, æнæ иуварсон хатыртæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, Америкæимæ ахастытæ уайтагъд æрнывыл уой, уымæ ничи æнхъæлмæ кæсы, фæлæ уæддæр СНВ-3 бахъахъхъæд кæй æрцыд, уымæй дунейы æдасдзинад сфидардæр уыдзæн.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ АИШ фæстаг цалдæр азы кæй рахызт астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæджы ракетæтæ ликвидацийы, гом арвы фæдыл бадзырдтæй, климаты фæдыл парижаг сразыдзинадæй æмæ афтæ дарддæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.