Цоциты Васяйы райгуырды 100 азы бонмæ

 

Историйы баззад, Ирыстоны æх-сарджын фырттæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты цы стыр хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинад равдыстой немыцаг тыхæйисджыты ныхмæ тохы, уый. Мингæйттæй, дæсгайминтæй ивылдыстысты тугкалæн хæсты быдырмæ йæ райдианы фыццаг бонтæй фæстæмæ.

Цхинвалы районы Ортъеуы хъæуккаг лæппу Цоциты Васяйы стыр хæстмæ йæ хæдзары къæсæрæй нæ афæндараст кодтой. Йæ хорз хæлар æмæ æмбал Кобылты Сергиимæ сæ гæрзтæ рабастой Мæскуыйы Æфсæддон-Уæлдæфон академимæ бацæуынмæ. Фæлæ, дыууæ лæппумæ, фидæны Советон Цæдисы дыууæ хъайтармæ не ‘рхауд ахуыр кæныны амонд. Уый тыххæй нæ æмæ не сфæрæзтой бацæуæн фæлварæнтæ радтын, фæлæ… райдыдта хæст. Æмæ ацыдысты бархийæ фронтмæ. Æмæ уый размæ та цас фæндтæ æмæ бæллицтæ уыдис Васямæ. Уыдон, сæйраджыдæр, баст уыдысты арвимæ, авиациимæ, хæдтæхæгимæ. Уыцы нысанæн ахуыр кодта Тбилисы аэроклубы курсыты. Фæстæдæр та уый тыххæй фæцыд æвзонг лæппу горæт Батайскмæ, тæхджыты скъоламæ æмæ йæ æнтысгæйæ каст фæцис 1938 азы. Уæд æрцыдис йæ райгуырæн Ирыстонмæ æмæ кусын райдыдта, нæ горæты цы аэроклуб уыдис, уым инструкторæй æмæ æвзонг лæппутæн амыдта хæдтæхæг скъæрæджы дæсныйад. Фæлæ Вася йæ куыст цæрæнбонтæм хъуыддагыл нæ нымадта, йæ царды йæм ноджы стырдæр нысæнттæ уыдис æмæ уый тыххæй фæраст ис йе ‘мбалимæ Мæскуымæ, стыр горæты стыр ахуыр райсынмæ.

Ахуыры хъуыддаг ын нæ рауад, знаг æнæнхъæлæджы нæ бæстæм кæй æрбалæбурдта, уый аххосæй. Æмæ кæй тыххæй нæ рауад, уыцы немыцаг фашистты ныхмæ тохы йæ лæгдзинад равдисынмæ фæраст. Цоцийы фырты алы хæстон атахт дæр йæ фæстæ уагъта пырх танкæты, дæсгай æмæ сæдæгай мард, кæнæ цæнкуыл гитлеронты.

1941 азы фæззæджы æмбисы карз тохтæ цыдис Харьковы сæрыл. Цоцийы фырт, уæд уыдис 289-æм авиацион полчы цæджы командир. Фыдызнаг горæтмæ æрбакодта ног тыхтæ. Вася йæхимæ райста Харьковы хурныгуылæны ‘рдыгæй немыцæгты размæбырсæг æфсæдтыл бомбæтæ æрка-лыны хæс.

Арв æмбæрзт уыдис мигътæй. Советон тæхджытæ тахтысты 300 метры бæрзæндыл. Тас сын уыдис знаджы зенитон артиллерийæ.

Ирон бæгъатыр Цоциты Васяйы размæ бырсджытæ ахызтысты хъахъхъæнынады хаххыл æмæ йæм батахтысты чъылдымы ‘рдыгæй. Хъазуат тохы та ам дæр бацыдис Вася йæхæдæг. Йæ хæдтæхæг æвиппайды фæуырдыг. Йæ фæстæ ныфсджынæй атахтысты иннæтæ дæр. Знагыл æркалдтой бомбæтæ æмæ ссыгъдысты танкæтæ, бронетраспортертæ, автомашинæтæ. Уыцы æнтысгæ хæстон операцийы фæстæ батахтысты гитлеронты аэродроммæ горæт Полтавæйы районы. Уæд Цоциты Васяйы тæхджытæ скуынæг кодтой знаджы 7 «Юнкерс»-ы. Хæстон хæс æнтысгæйæ æххæст æрцыд. Фæстæмæ тæхгæйæ Цоцийы фырты хæдтæхæг знаджы артиллерийы æхстæй фæцæф. Машинæ нал коммæкаст наускъæрæгæн. Афтæмæй йæ размæ фесты знаджы 10 куынæггæнæг хæдтæхæгæй фылдæр. Ахæм цæф хæдтæхæгыл тæх, æмæ афтæмæй уыйæппæт сау сынтыты ныхмæ схæц, уый æвæццæгæн, æрмæстдæр æцæг бæгъатырæн бауыдзæн йæ бон. Вася уæд ратахт фронты хаххы сæрты æмæ ма ноджыдæр æрæппæрста 1 «Мессершмитт». Авиацион хайы командæкæнынад уæд Цоциты Васяйы мад Женямæ фыста: «Дæ фырт уæлдæфы куы стæхы, уæд немыцæгтæ сæмхæццæ вæййынц. Мах радиоисæнæй арæх фехъусæм немыцаг дикторы тæрсгæ-ризгæ хъæлæс: «Ахтунг! Ахтунг! Хъусут! Хъусут! Цоцийы фырт уæлдæфы ис!»

1942 азы ноябры æмбисы нæ развæдсгæрджытæ райстой зонæнтæ, зæгъгæ, Бассоргинойы æфсæнвæндагон станцæмæ горæт Калачæй – Сталинградмæ фæндагыл æрбацыдис немыцаг офицертæй йемыдзаг æртæ вагоны. Хистæр лейтенант Цоциты Васяйæн бахæсчындæуыд дыууæ хæдтæхæгæй уыцы вагæттæ скуынæг кæнын. Уарыдис къæвда. Ахæм уавæрæй нæ  хæдтæхæгскъæрджы-тæ спайда кодтой æмæ сæ æнæн-хъæлæджы фæцæфæй скуынæг кодтой.

Уыцы аз 12-æм декабры Цоциты Вася райста йæ фыццаг хæстон хорзæх – Сырх Тырысайы орден. Ахæм хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй райгуырæн бæстæ иу æмæ дыууæ хатты мыййаг нæ радта хъæбатыр хæдтæхæгскъæрæгæн паддзахадон уæлдæр хорзæхтæ. Йæ риуæй цæхæртæ калдтой Александр Невскийы, Фыдыбæстæйон хæсты фыццаг къæпхæны, Сырх тырысайы дыууæ ордены, Сталинград бахъахъхъæныны тыххæй, 1941-1945 азты Германыл фæуæлахизы тыххæй майдантæ æмæ бирæ æндæр хорзæхтæ.

ССР Цæдисы Сæйраг Советы Президиумы 1943 азы знаджы тыхджын сфидаргонд фадыг атоныны æмæ горæт Мариуполь ссæрибар кæныны сæрыл тохы йæ арæхстджын архайдтыты тыххæй Васяйæн лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъайтары ном, радтой ма йын Ленины орден æмæ Сыгъзæрин стъалыйы майдан.

Цоцийы фырт кæмæн командæ кодта, уыцы эскадрили æрмæст 1943 азы 29 сентябрмæ æнтысгæйæ сæххæст кодта 377 хæстон атахты. Уыдоны фæстиуæгæн куынæг æрцыдысты знаджы 80 танчы, 265 автомашинæйы, 2 тæфдзуйы, 14 æфсæнвæндагон вагоны, 35 уæрдоны уæзтæласæгимæ, быдырон артиллерийы 6 батареяйы, спырх кодтой хæстон фæсауæрцты 2 æфтауцдоны, зенитон артиллерийы 6 батареяйы, басыгътой æртаджы 3 автоцистернæйы, сæ позициты ныппырх кодтой æмæ скуынæг кодтой  15 000 солдат æмæ офицеры. Раст ын ацы хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъайтары ном.

Хæсты азты йæхæдæг æдæппæт сарæзта 84 хæстон атахты æмæ скуынæг кодта 31 танчы, 65 автомашинæйы, быдырон артиллерийы 1 батареяйы, 10 уæрдоны æдуæзтæ, 1 тæфдзу, зенитон артиллерийы æртæ батареяйы, 2 автоцистернæйы, 12 æфсæнвæндагон цистернæйы, 300 солдат æмæ офицеры.

Васяйæн йæ хæстон сгуыхтдзинæдтæй иууыл ахъаззагдæрыл банымайæн ис Полтавæйы аэродромы зна-джы хæдтæхджыты скуынæг кæнын. Уый уыд 1941 азы 18 октябры. Йæ цæджы ныфсджын æмæ æвиппайды атакæйы руаджы куынæг æрцыдысты знаджы авд хæдтæхæджы. Ацы тохы ирон хъæбатыр лæппу уæззау цæф фæцис, фæлæ уæддæр йæ хæдтæхæджы стæхын кодта,  æмæ æрбадт, кæцæй стахт, уыцы аэродромы.

Æрбалæууыд 1945 азы Уæлахизы уалдзæг. Анæрыдысты фæстаг гæрæхтæ. Советон Æфсады Уæлахизæй фæцис Стыр Фыдыбæстæйон хæст æмæ уый фæстæ дæр Цоциты Вася йæ хъæздыг фронтон хæстон фæлтæрддзинад лæвæрдта не ‘взонг хæстонтæн фæсхæст дæр.

Фæлæ уалынджы иу хатт, 1947 азы, зымæджы, йе службæйон хæстæ æххæст кæнгæйæ (ног хæдтæхæг фæлваргæйæ) трагикон æгъдауæй фæмард, Сталинградæй Берлинмæ чи фæцыд, уыцы æндонбазырджын хæххон цæргæс. Фæмард йæ Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнын æмæ йæ адæмы фидæныл, афтæ чи тох кодта, уыцы хæстон бæгъатыр Цоциты Вася.

Фæлæ нæ адæмæн уый нæ амард, уый æгъуыстаг у, уымæн æмæ бæгъатыртæ нæ мæлынц. Уый абоны бон дæр йæ адæмимæ цæры Хуссар Ирыстоны республикæйы цардæгас уынджы номимæ.

3-æм ноябры Цоциты Васяйы райгуырдыл сæххæст уыдзæнис 100 азы. Йæ адæмæн, æппæт йæ хæрзиуæгон архайды тыххæй, уымæн æвæрд æрцыдис æнусон цырт. Уымæн æмæ йæ мæсыг амайын фæцис. Фæлæ нæ амард уый нæ адæмæн, уый немæ ис æдзухæй дæр, æмæ йыл раст уымæн скодтой йæ радтæг адæм зарджытæ дæр.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.