Хуссар Ирыстон æрбаиу уыдзæн æппæтдунеон акци «Музейты æхсæв»-мæ æртыккаг хатт.

Республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæн сæ бон суыдзæн Хетæгкаты Къостайы азмæ цы мадзæлттæ æрцæудзысты, уыдоны хайад райсын. Уыдоны нымæцы гом æрцæудзæн «Къостайы уазæгдон», музыкалон программæ, æмдзæвгæты бакаст, ирон цардуаджы ирд сценкæтæ, Ирыстоны тыххæй документалон фильмты равдыст.

«Музейы дуæрттæ байгом уыдзысты 18 майæ 19 маймæ æхсæвы 20:00 сахатыл, æмæ цалынмæ уазджытæ музейы уой, уæдмæ нæ кусджытæ кусдзысты, уазджыты исдзысты æмæ дзурдзысты экспонаты тыххæй. Ацы хатт мах бацæттæ кодтам ирон бинонты царды тыххæй нывтæ, аивады дæсныты æмæ райдайгæ зарæггæнджыты хайадистæй концерт, афтæ ма байгом уыдзæн «Къостайы уазæгдон», цыран кæсдзысты æмдзæвгæтæ, ирон æвзаг, литературæ, поэзийы сæраппонд арæзт изæртæ æмæ бирæ æндæртæ. Ахсджиаг у, цæмæй ирæтты истори æмæ культурæмæ цымыдис кæной нæ фæсивæд. Уый та баст у хистæртыл. Ныфс мæ ис, алы æрбацæуæг дæр музейы йæхицæн ногдзинæдтæ æмæ цымыдисонæй кæй байгом кæндзæн, кæцы фæахъаз уыдзæн дунеæмбарынад, зонындзинæдтæ фæуæрæхдæр кæнынæн», – загъта Национ музейы директор Зассеты Мераб.

Директор ма банысан кодта, зæгъгæ, акци «Музейты æхсæв» арæзт цæуы, цæмæй музеймæ цымыдисдзинад рæза.

Уымæй уæлдай ма, уый куыд фехъусын кодта, афтæмæй сæвзæргæ традицитæм гæсгæ, рахæсдзысты «Цыкурайы фæрдыг» – диссаджы фæрдыг, кæцы æххæст кæны бæллицтæ.

«Фыдæлты таурæгътæм гæсгæ, ацы фæрдыг фенæн ис аз иу хатт æмæ æрмæст бинонты уæнгтæн. Мæн ныфс ис, мах ацы диссаджы фæрдыгимæ архайд нæ халæм, уымæн æмæ иууылдæр стæм иу стыр бинонтау, музей та у национ хæзнаты нæ иумæйаг æвæрæн»

ДЗУДЦАТЫ Тамарæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.