Сабыр царды фæллойы æмæ рæзты фæндагыл æрлæугæйæ, Хуссар Ирыстоны инвестицион химæлвасдзинад бæрзонддæр æрцæуæг туристты æмæ уазджыты цымыдисдзинад сифтонг кæныны домæнтæй иу у, нырыккон уазæгдæтты хызæджы уæвынад. Фæлæ нæм цы уазæгдæттæ ис, уыдоны гæзæмæ рæстæмбис уавæрыл дæр дзурæн нæй.

Республикæйы столицæйы уазæгдæтты хызæджы фонд сæндидзын кæныныл дзырдæуыд дыууæ азы размæ дæр. «Алан» æмæ «Ирыстон»-ы уазæгдæттæй, кæцыты хъæуы сæндидзын кæнын, скъуыддзаг æрцыд «Ирыстон»-æй райдайын, уымæн æмæ уый хауы Цхинвалы центры архитектурон комплексмæ, кæцыйы хъæуы, зæгъæн ис, ногæй саразын.

Бæстыхайы басгаргæйæ, специалисттæ аскъуыддзаг кодтой, кæй нал бæззы сæндидзын кæнынæн. Уый фæстæ коллегионалонæй скъуыддзаг æрцыд ног уазæгдон саразын, фæлæ йын йæ историон хуыз æнæмæнгæй хъæуы  бахъахъхъæнын.

Уыцы информацийы æхсæнад иугъуызон нæ айстой. Уазæгдон ногæй саразын æмæ йын йе ‘ддаг хуыз бахъахъхъæнын кæй аскъуыддзагчындæуыд, уыимæ ма аразджытæ зæронд уазæгдоны хуыз бахъахъхъæндзысты æви нæ, уый тыххæй Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик йæ комментарийы банысан кодта:

«Республикæйы социалон-экономикон процессты дарддæры рæзтæн нырыккон уазæгдæтты хызæг райрæзын куы хъæуы, æрцыд уыцы рæстæг. Ивгъуыд æнусы 30-æм азты арæзтæрцæуæг, кæцы уазæгдон «Алан»-имæ, театры бæстыхаимæ æмæ Цхинвалы центры æндæр бæстыхæйттимæ хаст æрцыд архитектурон комплексмæ,  дзуапп рагæй нал дæтты нырыккон уазæгдæтты сервисы минималон домæнтæн дæр.  10-12 азы размæ ма гæнæн уыд йæ реставрацийы фарстмæ æркæсын, фæлæ бæстыхайы уавæр специалисттæ лæмбынæг куы сахуыр кодтой, уæд, хъыгагæн, æрцыдысты, сæндидзæн ын кæй нал ис, ахæм хатдзæгмæ. Æмæ уæд аскъуыддзагчындæуыд йæ бынаты йын «цыппар стъалыйы» æмвæзады ног уазæгдон саразын, кæцы максималонæй хъуамæ æввахс балæууа зæронд уазæгдоны историон хуызмæ, сæрмагондæй, йæ фасад, уымæн æмæ йæ мидæггаг хай иууылдæр у ивинаг. Уыцы уынаффæ скъуыддзаг æрцыд коллегионалонæй, республикæйы къухдариуæгады æмæ Арæзтады, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуна-лон хæдзарады министрады минæвæртты хайадистæй.

Фыццаг рады уыдон бахынцыдтой, уазæгдон «Ирыстон» культурон бынты объект кæй у, æмæ уый тыххæй арæзт хъуамæ æрцæуа, йæ историон хуыз бахъахъхъæнгæйæ, хъуамæ максималонæй æвахс уа оригиналмæ. Ахæм домæнтимæ арæзт æрцыдысты Парламенты, театры, Хицауады бæсты-хæйттæ.

Уыимæ иумæ ма вазыгджын уыд иу фарст: уæвæг туристты бæрц æмæ цы-быр рæстæгмæ уыцы бæрцы прогноз-тæ фенын кодтой, цыппарстъалыджын уазæгдон тагъд кæй нæ рахиздзæн пайдахæссæг æмвæзадмæ. Афтæмæй паддзахады раз лæууы, æрмæст арæз-тады нæ, фæлæ нырыккон уазæгдон дарыны проблемæ дæр.

Агуырд цæуынц, уазæгдоны арæз-тадмæ сæ хайбавæрд бахæссынмæ цæттæ чи уа, ахæм инвестортæ. Цæ-мæй æппæт домæнтæн дзуапп дæтта, фæлæ уыимæ, йæ архитектурон хуыз ма фæива, уый æмбаргæйæ, скъуыддзаг æрцыд ахæм проектмæ хисæрмагонд инвестор æрхонын, кæцымæ хъуамæ уа æмбæлон фæлтæрддзинад, профессионализм, командæ, хъуамæ йæм уа фаг фæрæзтæ.  Æмæ ахæм инвестор ссардтам. Уый у Кавказы зындгонд адæймаг Бердиаты Вадим. Уымæ ис уазæгдонон бизнесы фæлтæрддзинад.

«Инвестицион архайды тыххæй» нæ закъонмæ гæсгæ инвестицион хайадисты формæ ныртæккæ у паддзахадон-хисæрмагонд партнердзинад. Уыцы формæмæ гæсгæ инвестор йæхи сæрмагонд фæрæзтæ хæссы уазæгдоны арæзтадмæ, фæлæ уазæгдон куы сырæза, уæд æнæхъæнæй дæр уыдзæн паддзахады исад.  Уазæгдон куы скуса, уæд 25 азы æмгъуыдмæ инвестор йæхимæ исы, æрмæст бартæ нæ, фæлæ хæстæ дæр, экономикон конъюнктурæмæ нæ кæсгæйæ, уазæгдонон комплексы куыст сфидаргонд «цыппар стъалыйы» æмвæзадыл сифтонг кæнын, паддзахадон бюджетмæ фидарæй концессион æмæ коммуналон фиддонтæ, хъалонтæ хæссын, чи дзы куса, уыцы адæймæгтæн æнæкъуылым-пыйæ мызд фидын æмæ афтæ дарддæр. Уыимæ иумæ, уазæгдон эксплуатацимæ лæвæрд куы æрцæуа, уæдæй æхсæз азы æмгъуыдмæ республикæйы бюджетмæ хаст хъуамæ цæуа æфтиаджы 15 проценты. Уый фæстиуæгæн, гæнæнуæвæг хæрдзтæ фыст цæудзысты æмæ уазæгдон дардзысты æрмæстдæр инвесторы хыгъдæй.

Уыимæ иумæ, инвесторы раз æвæрд æрцыд хæс: уазæгдон дарыны аргъ фæфылдæр кæныны хæрдзтæ, цыфæнды аххосæгтæм гæсгæ дæр, фыст цæудзысты хисæрмагонд фæрæзты хыгъдæй.

Уæдæ, ацы проекты фæдыл инвесторы раз æвæрд цы уавæртæ æмæ домæнтæ ис, уыдон сты карз. Уыдон лæмбынæг нысан æрцæудзысты ба-дзырды æмæ йæм куыдфæндыйы ахаст дарын нæ бауадздзыстæм», – банысан кодта Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.