Бинонты раззагон хæдзарад

Бинонтæ хъæрмуд куы уой, иу сæ иннæйы фарсмæ æнæзивæгæй куы балæууы, уæд дзы фæллойадон æнтыст æнæмæнг уыдзæн. Ахæмыл нымад сты Цхинвалы районы Къостайыхъæуы Хъабанты Хъазбеджы бинонтæ дæр. Уыдонæн фæллой кæнын фыдæлтæй баззад, раздæр азты дæр уым уыдтой царды бæркад æмæ йыл абоны фæлтæр дæр нæ ивынц сæ зæрдæ. Хъæууон куыстæмхиц адæймагæн иуран æрбадт никуы вæййы, æрвылбон дæр дæм алыгъуызон куыстытæ хонынц сæхимæ. Æнæзивæг чи вæййы, уый никуы фæхъыг кæны, фæхай йын кæны йæ дзаджджын хуынтæй. Ахæм сæрæн æмæ куыстыл хæст сты ацы бинонтæ дæр. Кæд сæ фыдæбон бирæ у, уæддæр уый мурмæ дæр нæ дарынц æмæ иузæрдионæй кусынц.

 

РÆХДЖЫ – ХУЫМГÆРДÆН

Раздæр азты афтæ уыд, æмæ-иу хоргуыстгæнджытæ рагацау ныссыгъдæг кодтой сæ гонтæ ног тыллæг æфснайынæн. Фæлæ рæстæг ивы, нал сты æхсæнадон æфтауцдæттæ æмæ хицæн зæхкусджыты бахъуыд уыдон сæхи тыхтæй аразыны сæр. Уыцы бон Хъазбеджы баййæфтон, сæхæдæг кæй аразынц, уыцы æфтауцдоны систæ амайгæ. Егъау уыдзæн – йæ дæргъ  25 м æмæ йæ уæрх та 6 метры бæрц. Арæзтадон куыстытæ æххæст кæнынæн блоктæ балхæдта 65 мин сомы аргъ, цемент, хъæуы йæ ноджыдæр хъæдæрмæг самал кæнын уæладзæнтæ, хъайвантæн, стæй шифер. Уыдоныл иууылдæр бахардз уыдзысты йæхи æхцайы фæрæзтæ. Тагъд кæны йе ‘ртæ фырт – Ибрагим, Сослан æмæ Батрадзимæ арæзтадон куыстытæ рæстæгыл ахицæн кæныныл, ома хуымгæрдæны агъоммæ хъуамæ арæзт фæуа.

Бафæндыд мæ æфсирон культурæты хуымтæ хи цæстæй фенын æмæ араст стæм сæ бæрæггæнæг. Фондз километрæй фылдæр нæ бахъуыд дыууæрдæм фистæгæй цæуын, фæллайгæ нæ, фæлæ уды æхцондзинад иста адæймаг æрдзы кæркæ-мæркæ дарæсмæ кæсынæй, ныгъуылийы арвы æгæрон тыгъдады уынгæйæ. Дардыл хуымзæххыты уындæй рухс кæны зæрдæ, æфсиртæ æфсæрмдзæстыг чындзау сæхи зæхмæ фæкъул кодтой. Уый нысан кæны: рæхджы кæй æрбалæудзæн хуымгæрдæн. Хъабанты бинонтæ рагацау бацархайдтой агротехникæйы домæнтæ дырысæй сæххæст кæныныл. Цæвиттон, рæстæгыл батыхстысты мæр бахуым кæныныл, уыцы куыстытæ сын æнæкъуылымпыйæ ахицæн кодта «Агросервис»-ы механизатор. Афоныл æрæвнæлдтой тауыны куыстытæм дæр, механизатор Хуыбиаты Алан мæнæу æмæ хъæбæрхор байтыдта фæйнæ 13 гектары фæзуатыл. Уый фæстæ хуымтæм фæкастысты минералон хъацæнтæй æмæ ныр æнæ-дызæрдыгæй зæгъæн ис, сæ тыллæг бæркад-джын кæй уыдзæн.

 

ФОСДАРДЫ КЪАБАЗЫ ДÆР ИС ÆНТЫСТ

Хъæууон фæллойгæнæгæн фосдарды къабаз йæ сæйраг аудинæгтæй, йе ‘фтиæгты фыццаг ратæдзæнтæй иу у æмæ йæм здахы æмбæлон хъусдард. Хъазбег райгондæй дзырдта, фысвос æмæ йын хуыдарды къабæзты дæр зæрдæрухсгæнæн фæстиуджытæ кæй ис, уыдон тыххæй. Рæстæджы цыдимæ уыдонæн фылдæр кæны сæ нымæц, сæ продуктивондзинад æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, се ‘фтиæгты райст дæр.

Фыстæ сæм абоны онг нымадæуы 50 сæры. Куыддæр сæ хизынмæ рауадзынц, афтæ сæ разæй фæраст вæййы бодз æмæ сойджын кæрдæгыл апырх вæййынц. Фыййау дæр фырттæ сæхæдæг вæййынц радгай. Куыд загъта, афтæмæй ацы аз дæр дзæвгар уыд ноггуырд уæрыччыты нымæц. Хуымгæрдæнимæ иумæ æрбалæууыд хос кæрдыны æнæаргъæвгæ куыст æмæ ууыл дæр Хъабанты куыстуарзаг бинонтæ æмбæлынц цæттæйæ.

Бинонты хæдзарад дары хуытæ дæр æмæ сæ нымæц у 7, уыдонæй 6 сты дзæргъытæ. Ныззад æмæ схъомыл кодтой дзæвгар хъыбылтæ æмæ дзы фæлхасгæнджытæн уæй дæр акодтой. Ныртæккæ ма сæм нымадæуы 11 хъыбылы æмæ хъуыды кæнынц уыдон дæр схæссыныл. Уымæй дарддæр дыргъдоны сагъд ис алы мыггаг бæлæстæ æмæ сæ уындæй рухс кæны адæймаджы зæрдæ. Æнæзæгъгæ нæй, бинонты хæдзарад цæмæй тыхсы, уыдон тыххæй дæр. Хæдзарады архайд ноджы æнтыстджындæр уаид, нæ Хицауад сын кредитæй куы баххуыс кæнид, уæд. Уымæй дарддæр ма сæм уагъд нæй нуазыны дон дæр, уый тыххæй самал кодтой хъæуæг ифтонггæрзтæ, фæлæ… Æвæццæгæн хæдзардзин зæхкусæгмæ хъæуы фылдæр хъусдард здахын, уæд бæркадджындæр уыдзæн йæ фæззæг дæр.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.