БАЙТЫДТЫТЫ ФÆЗУÆТТÆ

Цхинвалы райадминистрацийы статистикон хайады зонæнтæй куыд бæрæг у, афтæмæй зæхкусæгон-фермерон хæдзарадтæ ивгъуыд аз фæззæджы фæззыгæнд мæнæу байтыдтой 17 гектары, уыцы нымæцы «Фат»-æн бантыст 10 га, «Аз» байтыдта 3 га æмæ «Цъунар» та 4 га, хъæбæрхор та «Икъорта»-йы хæдзарад æдæппæт байтыдта 30 га фæзуатыл. Уалдзыгæнд мæнæу «Аз»-æн бантыст 5 га байтауын, хъæбæрхор Къостайыхъæуы паддзахадон хæдзарад байтыдта 99 га, Хуыбиаты Алиханы хæдзарад «Алан»- 20 га, фæйнæ 15 га байтыдтой «Тъбет» æмæ Зæгъойты А. Иууыл иумæ та сын бантыст 68,5 га байтауын. Нартхор «Цъунар»-ы хæдзарад байтыдта 4 га, сысджыйы культурæ «Тъбет»ы хæдзарад байтыдта 10 га фæзуатыл, «Аз» та 3 га, холлагон культурæ чумиза «Тъбет»-æн ис 25 га æмæ «Сæуæхсид»-æн та 11 га. Афтæ ма ивгъуыд азты цалдæр хæдзарады  холлагон культурæ люцернæ байтыдтой 30,5 га æмæ эспарцет та 20 га.

ФОСДАРДЫ КЪАБАЗ

Зонæнтæй куыд бæрæг у, афтæмæй фосдарды куыст æдæппæт кæнынц 10 хæдзарады æмæ сæ стурты нымæц иууыл иумæ у 293, уыцы нымæцы хъуццытæ та сты 153. Куыд амæйразмæ азты, афтæ та ныр дæр фосдарды къабазы иууыл фылдæр стуртæ дары «Арцеу»-ы фермерон хæдзарад æмæ сты 103, уыцы нымæцы хъуццытæ та сты 44. Стурты нымæцмæ гæсгæ дыккаг бынаты цæуы «Тъбет»-ы фермерон хæдарад, зилынц 73 стурмæ, уыцы нымæцы сæм хъуццытæ та ис 37. «Алан»-ы хæдзарад дары 43 стуры, уыдонæй хъуццытæ сты 22, фæйнæ 20 стурмæ зилынц «Тын» æмæ «Цъунар», «Цъунар» Лохы фыртмæ ис 11, «Фат»-мæ 13 æмæ афтæ дарддæр. Родты нымæц у 44 сæры, уыцы нымæцы «Тъбет»-мæ ис 24 æмæ «Алан»-мæ та 15. Районы хæдзарадтæй фысдарды куыст кæны æрмæст «Алан»-ы фермерон хæдзарад æмæ сæ нымæц у 300 сæры, уæрыччытæ та йæм ис 100.

                                                                              ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.