Царды размæцыд æмæ уæндон къахдзæф фылдæр фæрнджын адæймæгты æрвылбонон архайд æмæ зонды фæрцы æфты къухты, уыдон сты йæ фарсхæцджытæ. Æмæ цас ахæм æнувыд æмæ иузæрдион æмбæстæгтæ не хсæнады фылдæр уа, уый бæрц амондджындæр вæййынц сæ алфæмбылай адæймæгтæ. Ахæм адæймæгты амондджын фæхонæм, райгонд æмæ сæ разы вæййæм, сæ бакæнгæ хæрзиуæгон хъуыддæгтæй канд сæхи нæ, фæлæ ма æндæрты дæр кæй фæтавынц, уый тыххæй. Æвæдза, тæхудиаг вæййынц ахæмтæ, æдзухдæр йæ радтæг æмбæстæгтæн исты хорздзинад саразыныл чи фæархайы, æдзухдæр сын уырдыг чи фæлæууы. Уыцы фæрнджын адæймæгтæм хауы Мамиты Æхсар Георгийы фырт дæр. Хатт ахæм адæймæгтыл æмбæлгæйæ, афтæ дæр ахъуыды кæнæм, цыма уыдонæн сæ цардвæндаг уыд лæгъз, ницы ныхдуртыл æмбæлдысты. Фæлæ нæ, бынтон афтæ нæ вæййы. Гакъон-макъон фæндæгтыл рацыд Мамийы фырт дæр, уæлдайдæр та йе ‘взонджы бонты, фæлæ нæ фæтасыд. Къаннæг сабийæ бавзæрста мæгуырдзинад, Стыр Фыды-бæстæйон хæстæй равзæргæ тас æмæ фыдæбон. Хистæрты сагъæс æмæ æнкъард хъуыдытæ къаннæг саби куыннæ хатыд æмæ æнкъардта, йе ‘мцахъхъæнтимæ бынтон хъæлдзæг æмæ сæрибарæй не рвыстой сæ сабион бонтæ. Уæды кæстæртæ сæ ныййарджытæн уыдысты æххуысгæнджытæ, сæ хайбавæрд уæзгæ уыд æхсæнадон хæдзарады куыстыты дæр.

Мамиты Æхсар райгуырд 1932 азы 15 августы Цæгат Ирыстоны Хъобаны хъæуы. Фæлæ фыдæлты уæзæг уæддæр зæрдæмæ æввахсдæр лæууы, адджындæр ын у æмæ Мамиты бинонтæ ногæй æрцардысты Цхинвалы районы Къостайыхъæуы. Æхсар 1940 азы ахуыр кæнын райдыдта бынæттон скъолайы æмæ  йæ æнтысгæйæ каст фæци 1951 азы. Скъола каст фæуыны фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд Сталины номыл Фæскавказы фæндæгты инженерон институтмæ æмæ сæхгæдта фыццаг курс. Фæлæ æвзонг æмæ цардбæллон лæппуйæн æндæр уыдысты йæ бæллицтæ æмæ æндæр фæндаг равзæрста. Ахуыр кæнын райдыдта Фыдыбæстæйон хæсты 1-аг къæпхæны Одессæйы зенитон-артиллерион æфсæддон ахуыргæнæндоны æмæ йæ каст фæци 1955 азы. Фæстæдæр та бакаст ССРЦ зенитон-ракетон æфсады ракетон техникæйы сæрмагонд курсытæ. Фæлæ та уæддæр æфсæддон техникæмæ уарзондзинад æмæ уыдонæй хи схотыхджын кæнынмæ тырнындзинад æвзонг æфсæддонæн нæ дæттой æрæнцой  æмæ 1967-72 азты каст фæци ССРЦ авиацийы маршал Жичаревы номыл ССРЦ æфсæддонты академи дæр. Мамийы фырт 1955 азæй суанг 1970 азтæм намысджынæй службæ кодта ССР Цæдисы æндæр æмæ æндæр æфсæддон хæйтты. 1971 азæй суанг 1984 азмæ дарддæр æххæст кодта йе фсæддон хæс, уыцы нымæцы зенитон-ракетон æфсæдты, авиаци æмæ радиотехникон æфсады, йæ хæстæ намысджынæй æххæст кодта Фæс-кавказы æфсæддон округы. 1984 азы кад æмæ радимæ ацыд æфсæддон службæйæ, булкъоны цин ын лæвæрд æрцыд, афтæмæй. Йæ бирæазон æмæ æнæзæрдæхудт куысты тыххæй хорзæхджын æрцыд 15 паддзахадон хорзæхæй, уыдоны нымæцы Сырх Тырысайы орденæй дæр. Æфсады, йæ кадджын хæс ахицæн кæныны фæстæ æрыздæхт йæ фыдыуæзæгмæ æмæ абоны онг дæр хъæрмудæй йæ цард æрвиты хъæубæстимæ. Бынæттон цæрджытæ йæ 1988 азы равзæрстой хъæуæххæсткомы сæрдарæй æмæ дзы æнæзæрдæхудтæй фæкуыста 1993 азмæ. 1994 азы та æвзæрст æрцыд РХИ-йы Стыр Ныхасы (Сæйраг Советы) депутатæй, æвзæрст æрцыд Президиумы æмæ бынæттон хæдразамынды комитеты Сæрдарæй æмæ дзы фæкуыста 1997 азмæ. 1997-99 азты уыд Парламенты уæнг æмæ уыцы иу рæстæджы Закъондзинад, адæймаджы бартæ æмæ бынæттон хæдразамынды комитеты уæнг.

Гуырдзыстоны лæгсырдтæ Хуссар Ирыстонмæ куы æрбабырстой, уæд Мамийы фырты хъæппæрисæй сырæзт æмæ слæууыд штабы сæргъ æмæ хæстон лæппуты разæнгард кодта знагыл фæуæлахизы хъуыддагмæ. Иугæр бæстæ куы æрсабыр, уæдæй фæстæ-мæ та аныгъуылд хисæрмагонд хæдзарады куысты.

Царды уаргъ хæссын æнцондæр вæййы, дыууæ уарзæ-гой æмкъайы сæ кæрæдзи куы фембарынц, уæд. Мамийы фыртæн ахæм æмкъай разынд  хæдæфсарм, сылгоймаджы хорз миниуджытæй хайджын – Бикойты Ирæ. Уыдон сæ цард баиу кодтой 1960 азы æмæ зæры бонтæм цæрынц æмæ фæллой кæнынц кæрæдзи æмбаргæйæ. А-дунемæ сын рантыст дыууæ чызджы – Лианæ æмæ Дианæ. Хистæр чызг каст фæци нæхи уæлдæр   ахуыргæнæндон, ссардта йæ амонд æмæ йæ сæрыхицауимæ цæрынц æмæ кусынц Мæскуыйы, хъомыл кæнынц чызг æмæ лæппу. Дианæ та музыкæйы дæсныйад равзæр-ста, сахуыр кодта Тбилисы му-зыкалон ахуыргæнæндоны фортепьянойы хайады æмæ æртæ азы йæ дæсныйады фæдыл кусгæ дæр бакодта, стæй…Йе ‘нæниздзинадмæ гæсгæ ныууагъта йæ куыст æмæ цæры йæ ныййарджытимæ.

Сæххæст 85 азы Ирыстоны кадджын æмæ куырыхон хистæртæй сæ иу- Мамиты Æхсары райгуырдыл. Нæ зæрдæ йын зæгъы, цæмæй уæнгрог æмæ зæрдæхъæлдзæгæй ноджыдæр æрвита йæ юбилейтæ.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.