Мӕ разы сты, цалдӕр азы ӕфснайдӕй кӕй дарын, ӕртӕ ахӕм ӕртӕкъуымон фыстӕджы. Хӕстоны, нӕ Райгуырӕн бӕстӕйы сӕрибардзинады сӕраппонд ӕхсарджынӕй чи тох кодта, уыцы ирон лӕппуйы фыстӕджытӕ. Уый йӕ ныййарджытӕ, хотӕ, хиуӕттӕ ӕмӕ хъӕубӕстӕн уыд ныфсы гуырд. Æвзонг лӕппуйӕн царды рӕсугъд фӕндӕгтӕ йӕ разы айтыгъд сты ӕмӕ дзы хъуамӕ равзӕрстаид, йӕ зӕрдӕ тынгдӕр кӕй иста, ӕввахсдӕр æм чи лӕууыд, ахӕм.

Фӕлӕ йын йæ рӕсугъд фӕндтӕ бакъуылымпы кодта ӕвирхъау, тугкалæн хæст. Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕст куы райдыдта, уӕд хӕстхъом фӕсивӕд хӕрзбон кодтой сæ хиуæттæн, райгуырӕн уӕзӕгӕн ӕмӕ тындзыдтой тыхӕвзарӕн хӕстмӕ. Фæстæ нæ фæлæууыд къостайыхъӕуккаг Гӕбӕраты Никъалайы фырт Григол дæр. Уый дæр фӕраст Райгуырӕн бæстæ фыдызнагӕй бахъахъхъӕнынмӕ. Хӕст хæст у,  æмæ иу тохы фӕцӕф Гӕбӕраты ӕвзонг хӕстон дӕр, бахауд госпиталмӕ 1944 азы. Цӕф хӕстон йӕ фыстӕджыты фылдӕр тыхсы йӕ ныййарджытӕ ӕмӕ хотыл. Кӕд фӕцӕф, уӕддӕр ныфсытӕ ӕвӕры йӕ ныййарджытӕн йæ иу фыстæджы: «Дӕн дзӕбӕх ӕмӕ ӕнӕниз ӕмӕ мӕм уӕ зӕрдӕ ма ӕхсайӕд…” 1944 азы 13 июлы йӕ иннӕ фыстӕджы та тынг тыхсы йӕ бинонтыл, фӕрсы  сӕ  се ‘нæниздзинадæй. Уыцы тыхст ӕмӕ уӕззау рӕстӕджы колхозонты куыст уыд стыр хӕрзиуӕгон хъуыддаг, цӕмӕй бинонтӕ хорхъуаг ма фæуыдаиккой. Уымӕн сӕм фыссы цæф салдат, зӕгъгӕ, колхозы исты куыст ис, кӕнӕ хойраг исты ӕрзади.  Ахæм уыд хӕстоны мӕт ӕмӕ катай, йӕхи ӕнӕниздзинадыл нӕ хъуыды кодта, фӕлӕ тынгдӕр йӕ зӕрдӕ ӕхсайдта йӕ ныййарджытӕ, хотӕ, хъӕубӕстӕм.

Ахӕм ныфсӕвӕрӕн ныхӕстӕй сӕ зӕрдӕ рухс кодта бинонтӕн, ӕнхъӕл уыдысты, хӕст фӕуыдзӕн ӕмӕ сӕм сӕ хæстон сӕрӕгасӕй ӕрыздӕхдзӕн. Фӕлӕ афтӕ нӕ рауад. Хъысмӕт Григолыл сайдӕй разылд, йӕ бирӕ рӕсугъд фӕндтӕ ӕмӕ бӕллицтӕ сӕххӕст кӕнын ын нӕ бантыст – йӕ цард нывондӕн ӕрхаста абоны рухс царды сӕрвӕлтау.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.