Ацы аз нæ республикæйы районты цæрджытæ æнæрхъæцæй цæмæ æнхъæлмæ кастысты, уый хъæуты газификаци кæныны фæдыл куыстытæм.

Ивгъуыд аз нæ бæстæйы сæргълæууæг Тыбылты Леонид Мæскуыйы уæлдæр æмвæзадыл Владимир Путинимæ куы фембæлд, уæд æндæр фарстатимæ иумæ бахатыд Уæрæсейы Федерацийы Президентмæ, цæмæй нын баххуыс кæна Хуссар Ирыстоны районты  газификацийы фарста аскъуыддзаг кæнынæн.

Фембæлды рæстæджы Тыбылты Леонид куыд загъта, афтæмæй: «Хъæууон хæдзарады, экономикæйы рæзтыл иумæйагæй сисгæйæ, дзу-рæн нæй æнæ Хуссар Ирыстоны газотранспортон инфраструктукрæйы рæзтæй». Уæрæсейы Президенты зæрдæмæ фæцыд Тыбылты Леониды хъуыды æмæ йын уайтагъд кусæгон фембæлд сорганизаци кодта Уæрæсейы «Газпром»-ы сæргълæуæг Алексей Миллеримæ.

Алексей Миллер æмæ Тыбылты Леонид фембæлды рæстæджы æрдзырдтой акционерон æхсæнад «Газпром»-ы рдыгæй газификацийы программæ реализаци кæныны финансон æххуысы фарстаты фæдыл.

Зæгъын хъæуы уый æмæ Тыбылты Леонид президенты бынаты йæ фыццаг бонтæй кæй архайы ацы фарстыл. 2013-14 азтæн Инвестпрограммæйы дæр лæууыд газификацийы фарст. Уæд сæрмагондæй уымæн хицæн æрцыд 90 милуан сомы. Фæлæ Æхсæнхицауадон къамисы рабадты ацы æхцайы фæрæзтæ аздæхтой фыццаградон социалон проекттæ, сæрмагондæй æндидзынгæнæн куыстытæ æххæст кæнынмæ.

Уæддæр республикæйы разамынад агуырдта фæндæгтæ газификацийы фарстатæ скъуыддзаг кæныны тыххæй. Уæрæсейы «Газпром»-имæ арæзт æрцыд «Газпром-Хуссар Ирыстон»-ы куыстуат, кæцы райдианы арæзт æрцыд газуадзæн хахх «Дзуарыхъæу-Цхинвал»-ы хуссар фадыгмæ хъусдарыны тыххæй.

Дыууæ азы размæ ацы куыстуат бакодта конкретон куыстытæ ацы фадыджы  бакуыста проектон-сметон документацийыл ахæм хæххытыл, куыд «Цхинвал-Тъбет», «Цхинвал-Къостайыхъæу», «Цхинвал-Дзау». Фæлæ уый фаг нæу, кæй зæгъын æй хъæуы. Хъуамæ уый йæхимæ райстаид республикæйы газификаци кæныны фæдыл сæйраг закъазгæнæджы, аразæджы æмæ эксплуатацигæнæ-джы функцитæ.

Ивгъуыд аз нæ республикæмæ æрцыдысты «Газпром»-ы специалисттæ, цæмæй саразой Хуссар Ирыстоны Республикæйы газификацийы генералон схемæ. Схемæ саразынæн рахицæн æрцыд 39 милуан сомы. Арæзт æрцыд 2015-2019 азтæн газификацийы программæйы проект, цыран нысан сты 200 цæрæн пункты, 1 сæудæджерадон куыстуат, 26 километры æхсæнпоселокон газы хæх-хытæ 520 километры хъæууон бынæтты газы хæххытæ æмæ а.д.

Алексей Миллер æмæ  Тыбылты Леонид куы фембæлдысты, уæд сæрмагондæй дзырд цыд, цæмæй ацы программæ реализаци кæнынæн финансон æххуыс æрцæуа. Уæд Тыбылты Леониды къухы бафтыдысты развæлгъау сразыдзинæдтæ. Уæрæсейы Федерацийы «Газпром»-ы правленийы сæрдар ныфс бавæрдта æввахсдæр рæстæджы Мæскуыйæ Цхинвалмæ сæ минæвæртты кæй æрæрвитдзысты æмæ кусæгон уавæры газотранспортон инфраструктурæйы рæзтыл дарддæры къахдзæфтыл кæй æрдзурдзысты. Алексей Миллер ма уæд ныфс бавæрдта «Газпром-Телеком»-ы оптикон хызæджы аразынæй дæр, кæцы баххуыс кæндзæн интернет-бастдзинæдты фæдыл лæггæдтæ фæхуыздæр кæнынæн.

Кæд нæм Уæрæсейы ‘рдыгæй æрвылхатт дæр æмбаргæ цæстæнгас ис, уæддæр алы куыстæн дæр ис йæхи системæ, йæхи механизм, кæцы аразын хъæуы конструктивон уагыл.

Мах æнхъæлмæ кæсæм Уæрæсейы акционерон æхсæнад «Газпром»-ы правленийы специалистты æрцыдмæ, афтæмæй та нæ фидæм «Газпром»-ы раз нæ хæстæ.

Сæудæджерад, транспорт æмæ экономикæйы комитеты сæрдар Дзассеты Васили куыд загъта, афтæмæй «Газпром»-ы раз абон нæ хæстæ сты 30 милуан сомы бæрц, цæрджытæ сæ фиддонтæ кæй нæ фидынц, уый аххосæй. Ахæм стыр хæстæ ныл ис электрохызæджы фадыджы дæр. Кæд абон газæй æрмæст горæт у ифтонг æмæ сæйраг хæсджынтæ горæты цæрæг абоненттæ сты, уæд электроны рухсæй та пайда кæнынц æмткæй республикæйы цæрджытæ се ‘ппæт дæр. Уымæ гæсгæ ацы фадыджы Уæрæсейы Федерацийы электрохызæджы раз нæ хæстæ бæрæг фылдæр сты.

Ацы фарст кæмæ хауы, уыдон иу æмæ дыууæ хатты ныстуан нæ сарæзтой æхсæнадмæ массон информацийы фæрæзты руаджы. Фæлæ цалынмæ къуырцдзæвæнмæ æрцæуæм, уæдмæ бирæтæ сæхи нæ батыхсын кæнынц. Уæвджыйæ та алчидæр æмбары, газ æмæ электроэнерги лæварæй кæй нæ дæттынц.

Зынаргъ абоненттæ! Нæ уацы лæмбынæг æрдзырдтам, цæмæй иу кæнæ иннæ фадыджы размæ исты къахдзæфтæ арæзт æрцæуа, уый тыххæй кæй фæхъæуы уæзгæ куыст бакæнын. Хъæутæ газæй сифтонг кæныны хъуыддаг нæ бæстæйы социалон экономикæйыл хуыздæрæрдæм кæй бандавдзæнис, уый хъуамæ æмбара алы æмбæстаг дæр. Газ æмæ электроэнерги нæ республикæйы æмбæстæгтæ аргътæй кæм фидынц, ууыл мах иу æмæ дыууæ хатты нæ дзырдтам. Цæмæй нын Уæрæсейы Федерациимæ кæрæдзи-мбарынад уа æмæ дарддæры æмгуысткæнынадæн та – уавæртæ, цæмæй республикæйы районтæ се ‘ппæт дæр газификаци æрцæуой, уый тыххæй «Газпром»-ы раз махыл ма хъуа-мæ уа хæстæ. Уый тыххæй уæ курæг стæм, цæмæй афоныл фидат уæ хæстæ. Уымæй мах аргъ кæнæм нæ Республикæйы Президенты архайдæн æмæ ма уыимæ иумæ фæрог кæндзыстæм республикæйы районты, хъæуты цæрджыты царды уавæртæ. Уый та æнæмæнг ратдзæнис ног импульс хъæутæм цæрджыты раздахынæн. Уымæй ма мах бахъахъхъæндзыстæм нæ бæстæйы рæсугъд æрдз дæр.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.