Ирыстон йæ фæстаг фæндагыл афæндараст кодта ахуыргонд æмæ æхсæнадон архайæг, дунейы зындгонд археолог Тъехты Баграты. Дзæуджыхъæуы йæ панихидæйы хайад райста Хуссар Ирыстоны делегаци РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй.

Республикæйы сæргълæууæг банысан кодта Ирыстоны æмæ дунеон зонады раз йæ лæггæдтæ.

«Ирыстоны чысылæй, стырæй зонынц Тъехты Баграты стыр лæггæдтæ Райгуырæн бæстæйы раз. Уый кæй æххæст кодта, уыцы куыст, йæ зонадон архайд, археологон скъахтыты рæстæджы цы предметтæ ссардта æмæ абон нæ музейы æфснайд чи сты, уыдонæн ис стыр нысаниуæг æрмæст Ирыстоны нæ, фæлæ æгас дунейы зонады дæр», – загъта Президент.

Нæ ахуыргонды хиуæтæм дзургæйæ, Бибылты Анатоли банысан кодта, растыл кæй нымайы, цæмæй Тъехты Баграт ныгæд æрцæуа Республикæ Хуссар Ирыстоны Национ пантеоны.

«Ахæм зындгонд адæймæгтæ, кæцытæ сæ куыстæй, сæ æнтыстытæй кад кæнынц Ирыстонæн, сты æрмæст сæ бинонты нæ, фæлæ свæййынц сæ Райгуырæн бæстæйы кад æмæ намыс. Уыдонæн арæзт æрцыд пантеон. Уыцы иу рæстæджы уынаффæ, кæй зæгъын æй хъæуы, исынц сæ хиуæттæ. Куыд фæнды ма уа, Баграты ном йе стыр зонадон архайды руаджы цæрдзæнис æнустæм», – загъта Бибылты Анатоли.

Тъехты Баграт уыд зындгонд ирон археолог, кæцы ахуыргæндты æмæхсæнадæн байгом кодта хъуыстгонд Тлийы уæлмæрд, историон зонæдты доктор, Хуссар Ирыстоны зонады сгуыхт архайæг, Абайты Васойы номыл скифаг-алайнаг иртасынæдты Цæгат Ирыстоны центры директор, Хæлардзинады ордены æмæ æндæр паддзахадон хорзæхты кавалер.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.