Бæрæг куыд у, афтæмæй, нæ горæты Инвестпрограммæйы фæлгæтты цы уынгтæ арæзт æрцыдысты, уыдонмæ та ацы аз дæр бафтдзæнис аст.

Уыдонæй асфальты фыццаг уæлцъар ныридæгæн æвæрд æрцыдис Кимы уынгыл. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ацы уынгыл æппæт куыстытæ дæр æххæст цæуынц гъæдджынæй. Фæндагарæзтады прораб Санахъоты Сергей æдзухæй ис кусджыты уæлхъус æмæ кæд йæ зæрдæ фехсайы исты аиппытæм, уæд æй ногæй сыхалын кæны æмæ йæ куыд æмбæлы, афтæ саразынц. Фæндагарæзтадыл æдæппæт кусы 4 адæймаджы. Ифтонг сты арæзтадон æрмæджытæй, кусынц дзы техникæйы 2 иуæджы. Уыцы куыстытæ æххæст кæны «Дорэкспострой».

***

Ацы аз сæххæст уыдзæнис нæ горæты Белинскийы уынджы цæрджыты бæллиц. Тынг тыхстысты ацы районы цæрджытæ дæр, рæстмæ фæндаг сæм кæй нæ уыдис, уымæй. Къæвда рæстæджы-иу азмæлæнтæ нал уыд цæрæн хæдзæртты рæзты. Цæрджытæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй сæ уынг арæзт никуы уыдис. Сæхи тыхтæй-иу æй барæстытæ кодтой, æркалдтой-иу дзы хуыр, фæлæ-иу уый бирæ рæстæг нæ ахаста, уайтагъд-иу къæвда рæстæджыты фехæлдис æмæ дзы къахæй цæуджытæн нæ, фæлæ машинæтæн дæр ахизæнтæ нал уыдис. Уæлдайдæр та цъыф рæстæджыты. Цы уæрмытæ дзы сырæзтысты, уымыты-иу ныссагъдысты машинæтæ, афтæмæй канд цæрджытæ нæ, фæлæ тыхстысты шофыртæ дæр.

Æппынфæстаг, махæн дæр нæ уынг рафидаудзæн æмæ фервæздзыстæм нæ фыдæбæттæй. Тыхстыстæм къæвдабонты цъыфæй, хурбонты та – рыгæй. Ныр нæ цинæн кæрон дæр нæй. Фæндаг аразджытæ дæр сты, сæ куыст чи зоны, ахæмтæ. Архайынц æппæт куыстытæ дæр цæсгомджынæй бакæныныл. Иудзырдæй, нæ уынгмæ дæр æрхæццæ стыр бæрæгбон æмæ стæм стыр райгонд», – зæгъынц Белинскийы уынджы цæрджытæ.

Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæдивæг Гаглойты Сергей куыд зæгъы, афтæмæй Белинскийы уынджы сæрды мæйты  куыстытӕ баконд æрцыдысты, куыд æмбæлы, афтæ. «Куыд иннæ уынгты, афтæ ам дæр куыстытæм фыццаг æрӕвнæлдта «Водоканал». Раитвой коммуникацион хæххытæ. Уыдон бынтондæр дзуапп нал лæвæрдтой сæ домæнтæн. Ныр раивтой доны хæххытæ. Уыцы куыстытæ сты 7 042, 39 мин сомы аргъ. Канализацион хæххытæ ивыны фæдыл куыстытæ бакодтой 4 625, 23 мин сомы аргъ. Газуадзæн куыстытæ бакæныны тыххæй та рахицæн æрцыд 7 608, 87 мин сомы.Ныртæккæ кусджытæ тротуарты саразыны тыххæй æвæрынц бордюртæ. Куыст цæуы сæйраг фæндагыл хуыр ныккалыныл æмæ йæ асфальтмæ бацæттæ кæныны куыстыл. Уынгæн йæ дæргъ у 500 метры, йæ уæрх та – 8 метры.

Фæндагарæзтады прораб Плиты Хох куыд зæгъы, афтæмæй æппæт куыстытæ дæр æххæст цæуынц сфидаргонд планмӕ гӕсгӕ. Сӕ куысты не ‘мбӕлынц зындзинæд-тыл. Ифтонг сты арæзтадон æрмæджытæй. Ацы уынджы арæзтадыл æдæппæт кусы 5 адæймаджы æмæ техникæйы 3 иуæджы.

***

Арæзтадон куыстытæ æххæст цæуынц Революцийы уынджы дæр. Уынгæн йæ дæргъ у 700 м. Куыд иннæ уынгты, афтæ ам дæр куыстытæм æрӕвнæлдта «Водоканал». Зæгъын хъæуы уый æмæ ам дæр коммуникацион хæххытæ кæй  уыдысты æдзæллаг уавæры æмæ тынг тыхстысты цæрджытæ. Ныридæгæн уыцы куыстытæ иууылдæр баконд æрцыдысты. Æппæт куыстытæн рахицæн æрцыд 34 507,  08 мин сомы. Уыдонæй донуадзæн куыстытæн рахицæн æрцыд 7 042, 39 мин сомы, канализацион хæххытæн 4 625, 23 мин сомы æмæ газуадзынæн та – 7 608, 87 мин сомы. Газуадзæн куыстытæ дæр æххæст æрцы-дысты æмæ ныр та фæндагарæзтадон куыстытæм æрӕвнæлдта «Дорэкспост-рой». Уыдон уал æрӕвнæлдтой фæндаджы уæлцъар исынмæ. Уынджы арæзтадыл кусы 5 адæймаджы æмæ техникæйы 2 иуæджы. Зæгъын хъæуы уый æмæ ацы уынгыл куыстыты стыр гуырахст йæ тæмæны кæй ис, уымæ гæсгæ тыхсынц уынгыл цæуджытæ, фæлæ æмбарынц, уыдон кæй сты рæстæгмæ. Æмæ æппæт куыстытæ дæр баконд куы æрцæуой, уæд сæххæст уыдзæнис ацы уынджы цæрджыты рагон бæллиц дæр.

***

Уалдзæджы æрбалæудимæ æрӕвнæлдтой нæ горæты Плиты Ароны, Базарады æмæ Нæузæххонты уынгты арæзтадмæ дæр.

Сметæмæ гæсгæ Нæузæххонты уынджы арæзтадæн рахицæн æрцыд 24, 377, 72 мин сомы. Уымæн йæ дæргъ у 718, 18 метры. Фыццаг ам куыстытæм æрывнæлдта «Во-доканал». Донуадзæн куыстытæн рахицæн æрцыд 6782, 92 мин сомы, канализацион хæххытæ аразынæн 11 735, 6 мин сомы, газуадзæн куыстытæн 9 208, 84 мин сомы, электрохызæджы куыстытæ сæххæст кæнынæн та – 3055, 53.

Ацы уынгты баконд æрцыдысты æппæт газуадзæн æмæ коммуникацион куыстытæ дæр æмæ æрӕвнæлдтой фæндаг асфальтмæ цæттæгæнæн куыстытæм. Кусынц ыл 4 адæймаджы æмæ техникæйы 2 иуæджы.

Базарады уынджы арæзтадæн йæ дæргъ у 309, 07 метры. Æдæппæт йæ арæзтадæн рахицæн æрцыд 10 601 82 мин сомы. Уыдонæй донуадзæн куыстытæн рахицæн æрцыд 2 833 82 мин сомы, канализацийы арæзтадæн 3 478, 49 мин сомы, газуадзæн куыстытæн 2 939, 55 мин сомы. Æвæрд ыл æрцыд асфальты фыццаг уæлцъар.

Асфальтмæ цæттæгæнæн куыстытæ сæ тæмæны сты Табуйы фырты уынджы дæр. Уынгæн йæ дæргъ у 481, 96 метры. Проектмæ гæсгæ йæ арæзтадæн рахицæн æрцыд 12 062, 82 мин сомы. Уыдонæй кана-лизацийы арæзтадæн рахицæн æрцыд 5 940, 57 мин сомы, донуадзæн куыстытæн 2 564, 78 мин сомы, газуадзынæн –  5 243, 05 мин сомы. Ныртæккæ ам дæр æвæрд æрцыд асфальты фыццаг уæлцъар. Кусынц ыл 7 адæймаджы æмæ техникæйы 3 иуæджы. Æппæт куыстытæ дæр æххæст кæны «Дор-экспострой».

Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæдивæг Гаглойты Сергей куыд зæгъы, афтæмæй кæд арæзтадон æрмæджытæй Уæрæсейæ æрласыны хъуыддаджы зындгонд проблемæтæм гæсгæ чысыл бакъуылымпы сты куыстытæ, уæддæр ныр уавæр рарст æмæ ацы аз Инвестпрограммæйы фæлгæтты арæзт чи хъуамæ æрцæуа, уыцы уынгтæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзысты рæстæгыл æмæ гъæдджынæй.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.