Фæстаг дыууæ-æртæ азы Цхинвал бæрæгæй йæ хуыз фæивта хорзæрдæм. 2014-2015 азтæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныны фæлгæтты æндидзыд æрцыдысты горæт Цхинвалы уынгтæн сæ фылдæр. Бæстæйы къухдариуæгады руаджы нæ горæты уынгтæй иуæй-иутæ афтæ тынг фæивтой сæ хуыз æмæ адæймаджы зæрдæйæн æхцондзинад хæссынц сæ уындæй.

Кæд æндидзыд цæуы инфраструктурæ, арæзт цæуынц цæрæн хæдзæрттæ, уæддæр горæты æддаг хуызыл тынгдæр æндавы, кæй зæгъын æй хъæуы, уынгты хæрзарæзтад. Куыддæр кусынæн бæзгæ боныгъæдтæ райдыдтой, афтæ та æрæвнæлдтой горæты уынгты хæрзарæзтадмæ. Ацы аз плангонд у 11 объекты арæзтад фæуын. Ныридæгæн, фондз уын-джы арæзт æрцыдысты дон æмæ канализацийы хызæгтæ, цыппар уынджы та æрæв-нæлдтой ацы хызæгтæ саразынмæ. Куыстытæ сæ тæмæны сты Кобылы фырты, Тугъанты Махарбеджы, Хетæгкаты Къостайы æмæ Цхинвалы уынгты.

РХИ-йы Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæдивæг Гаглойты Сергей нын куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ ныртæк-кæ Кобылы фырты уынджы куыст цæуы къæвдадæттæ цæуæн канализацитыл, афтæ ма куыст цæуы бордюртæ сæвæрыныл дæр. Ныртæккæ объекты кусы 16 адæймаджы, уыдонæн ис æппæт æнæмæнгхъæуæг уæззау техникæ. Министры хæдивæг ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ сын нæй финанскæныны проблемæтæ. Кобылы фырты уынг æх-хæстæй æндидзыд æмæ хæрз-арæзт æрцæудзæн сфидаргонд графикмæ гæсгæ.

«Дорэкспострой»-йы генералон директор Лалыты Мурат куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ныртæккæ Цхинвалы уынг цæттæ цæуы асфальт сæвæрынмæ, афтæ ма уынджы æвæрд цæуынц тротуарон бордюртæ дæр. Уыцы куыстытæ куы фæуой, уæд кусджытæ ацы бонты æрæвнал-дзысты асфальт сæвæрынмæ. Цхинвалы уынг фæнд кæнынц 10-æм июлмæ эксплуатацимæ радтын. Лалыты Мурат ма куыд загъта, уымæ гæсгæ куыстытæ цæ-уынц цырд темптæй æмæ гъæдджынæй. Фæндагаразджытæ нæ ферох кæндзысты, егъау параллелон уынгты цы фæзилæнтæ иу кæнынц, уыдоны хæрзарæзт дæр, фæлæ уыцы проблемæ скъуыддзаг æрцæудзæн 2017 азы.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ æппæт фæндагон цалцæггæнæн куыстытæ кæй æххæст кæны паддзахадон унитарон куыстуат «Дорэкспострой».

Чертхъоты Ж.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.