20-æм сентябры та Ирыстон афæлдæхта йæ историйы тугхъулон сыфтæй иу. Уыцы бон, 18 азы размæ, æрцыд, æнæхъæн дунейы чи нынкъуысын кодта, уыцы æрдзон фыдбæллæхтæй иу. Хъолайы цъити раскъуыд æмæ нымад минуттæм баныгæдта æнæхъæн Гæналдоны ком 125 адæймагимæ, уыдонимæ режиссер Сергей Бодров йæ ‘мкусджыты къордимæ æмæ бæхты театр “Нартæ”-йы актертæ авдæй. Фæмардуæвæг адæмæй ма сæ сыджыты хайыл сæмбæлдысты æнудæсæй, иннæтæ æнустæм баззадысты бæзджын фæлтæр ихзæйы бын, кæд афæдзæй фылдæр агурæн куыстытæ фæцыдысты, уæддæр.

Хъæрмæдон. Фыдохы азæлд

Цалдæр дублы, цалдæр райдзаст æрдзы кадры, уый фæстæ сфæлдыстадон къорд бæрæг кодта фыццаг кусгæ бон æмæ араст Дзæуджыхъæумæ. Фæлæ, хъыгагæн, фæндаджы бардуæгтæ сæ фарс нæ уыдысты. Иу дæр дзы йæ хæдзарыл нал сæмбæлд…

Хъолайы цъитийы ламидоны бын 125 адæймагæй фылдæр фесты. 19 марды ссардтой, иннæ 106 нырма дæр  æбæрæг сты. Специалистты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, цы цъитийы хай атыдта æмæ æрхауд, уый уыд 100 метры бæзнæн, йæ уæрх – 200 метры, йæ дæргъ – 5 км. Ком йæ сæрыл ахаста, йæ размæ цы уыд, уыдон йæ быны ссæста, афтæмæй ламидон æрæмбæрзта комы 11 км.

Фыдбылыз цас зиан æрхаста, уый, æмæ йæ фæстиуджытæ рабæрæг сты æрмæстдæр райсомæй. Чи дзы фæмард, уыдоны ‘хсæн сты бынæттон цæрджытæ æмæ Сергей Бодровы сфæлдыстадон къорд. Кæм фесæфтысты, уыцы бынат ныр дæр ма бæлвырд бæрæг нæу. Фæлæ бирæты хъуыдымæ гæсгæ, фæмард сты тъунелы. Ардæм ирвæзынгæнджытæ фæндаг 2 азы къахтой, цæмæй дзы исты уæддæр ссарой.

Ирвæзынгæнджытæ æмæ бархионтæ кæм æрбынат кодтой, уым ныр ис цыртдзæвæн. Саударæг мад – стыр дуры цур. Къæйыл та фыст сты Хъолайы цъитийы амæттæгты нæмттæ. Цъити никæуыл бацауæрста, иунæджы дæр йæ уацарæй не суæгъд кодта, йæ фæстæ ницы ныууагъта.

Хъолайы цъити фыццаг хат нæ ратыдта. 1834 азы йæ быны фесты цалдæр хъæуы. 68 азы фæстæ та ногæй ратыдта. Уæд фесæфтысты дæсгай адæймæгтæ. Фæлæ 2002-æм азы хуызæн æрдзон фыдбылыз никуыма уыд. Уыцы хъуыдыйыл хæст у геологон æмæ минералогон наукæты доктор, Цæгат Кавказы хæххон металлургон институты профессор Игорь Васьков: «Хъолайы цъити йæ бынатæй сызмæлын кодта тыхджын цæф, 3 мегатонны бæрц. Уыцы уæззау цæфæй та Джимарайы хохæн йæ иу хай фæкъæртт ис. Йæ уæлæ ихтæ, афтæмæй. Сæ бæрц уыди 65 милуан кубометры, цы дзы рацыд, уый та 35 милуан кубометры уыд. Æмткæй та йæ уæз – 100 милуан тоннæйы».

Профессоры ныхæстæм гæсгæ, ахæм æрдзон фыдбылыз кæд æрцæудзæн, уымæн ныр æнцонтæй ис базонæн. Уый тыххæй æрхъуыды кодтой, æрдзон фыдбылызтæ чи иртасы, ахæм прибортæ. Гæналдоны коммæ æмæ Хъолайы цъитимæ уæлдай цæст дары Цæгат Ирыстоны Гидромецентр дæр. Сæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ, хохы рахис фарс сабыргай тайы æмæ лæгъз кæны. Ома йын æрхауынæй тæссаг нæу. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ Хъолайы цъитийы хуызæн фыдбылыз хъуамæ мауал æрцæуа.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.