1992 азы Хуссар Ирыстоны зæхх пиллон арты сыгъд, Гуырдзыстон хуссайраг ирæтты ныхмæ цы хæст расидт, уый цæхæрæй. Уыцы рæстæджы Гуырдзыстоны уæды сæргълæууæг Звиад Гамсахурдиайы сæ адæм бæргæ раппæрстой йæ банатæй, фæлæ  паддзахады сæргъ слæууæг  Эдуард Шеварднадзе Гамсахурдиайы фашистон режим нæ аивта, фæлæ ма фæкарздæр кодта Хуссар Ирыстоны ныхмæ агресси. Цхинвал æдзух уыд знаджы нæмгуыты цæхæры бын. Гуырдзиæгтæ пырх кодтой æмæ сыгътой хъæуты, горæты æхстой алыгъуызон стыр калиброн хæцæнгæрзтæй æмæ минæтæй, æрвылбон дæр мардысты сабыр цæрджытæ, бонæй бонмæ фылдæрæй фылдæр кодтой гуырдзиаг агрессийы амæттæгтæ. Дызæрдыггаг нæ уыд, гуырдзиæгтæ горæт Цхинвал бацахсынмæ сæхи кæй цæттæ кодтой, уый.

Ахæм æхсæнадон-политикон уавæры 1992 азы  28-æм æмæ 29-æм майы Республикæ Хуссар Ирыстоны Сæйраг Севеты депутаттæ ауагътой Хуссар Ирыстонæн нысаниуæгджын сесси æмæ райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон Хæдбардзинад расидыны акт. Ацы ахсджиаг документы дзырд цыд, зæгъгæ, Республикæ  Хуссар Ирыстоны хæдбар паддзахад расидт æрцыд цардæн тæссаг уавæрты. Уый уыд политикон акт, кæцы сфидар кодта  1990 азы 20 сентябры Республикæ Хуссар Ирыстоны статус сфидар кæныны ахсджиаг къахдзæф.

Кæд республикæйы уавæр тынг æндыгъд æмæ тæссаг уыд, уæддæр хæдбар паддзахад саразыны тыххæй цы къахдзæфтæ арæзт цыд, цы документтæ ист цыд, уыдон иууылдæр уыдысты фæдфæдылон, политиконæй раст æмæ легитимон.

1990 азы суверенитет расидыны тыххæй Декларацийы райст æмæ республикæ расидын, уый фæстæ та паддзахадон Хæдбардзинады акты райст фидар бындур уыд, кæцыйыл арæзт æрцыд абоны хæдбар, нымад паддзахад – Республикæ Хуссар Ирыстон.

Уыцы нысаниуæгджын бон – 1992 азы 29 майæ фæстæмæ Хуссар Ирыстоны адæм бирæ хъизæмæрттæ бавзæрстой, бирæ фыдывзарæнты бахаудысты, фæлæ иу уысм дæр нæ ахъуыды кодтой сæ равзаргæ фæндагæй фæиппæрд уæвыныл, цыдысты сæ равзаргæ нысанмæ – Гуырдзыстонæй хæдбардзинадмæ æмæ сæ къухы дæр бафтыд.

Хæдбардзинады акт райсыны фæстæ депутаттæ сидтысты Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгадмæ, Иугонд Нациты Организацийы бæстæтæм, цæмæй нын банымадтаиккой нæ хæдбардзинад, æцæгæй нæ 2008 азы 26 августы бонмæ æнхъæлмæ кæсын бахъуыд  16 азы.

Хуссар Ирыстоны уæды къухдариуæгады ацы нысаниуæгджын Акт райсыны сæр бахъуыд, республикæйы адæмæн, ирон æвзагæн, йæ культурæйæн скуынæгæй тас кæй уыд, уый сæраппонд. Уыцы стыр барадон къахдзæфы ахадындзинад æмæ ахсджиагдзинадыл дзурæг у уый дæр, æмæ нæ абоны хæдбар паддзахады 29 май у стыр бæрæгбоныл нымад.

Республикæ расидыны фæстæ республикæйы къухдариуæгад æмæ адæм æрæвнæлдтой паддзахадон институттæ аразынмæ. Кæд адæммæ нæ уыд паддзахадон арæзтады фæлтæрддзинад, уæддæр сæ алы къахдзæф дæр юридиконæй уыд раст æмæ фæдфæдылон.

1992 азы 29 май баззайдзæн ахæм цауæй, кæцыйы ахсджиагдзинад бонæй-бонмæ, азæй-азмæ ирдæй-ирддæр зындзæн æмæ æнусты дæргъы нæ нымæг кæндзæн. Махæн уыцы бон у æмæ дарддæр дæр  уыдзæн историон рæстдзинады уæлахизы, сæрибардзинады символ.

Фыццаг сæвзæрст депутатты нæмттæ та сыгъзæрин дамгъæтæй фыст æрцæудзысты Хуссар Ирыстоны ногдæр историйы, уымæн æмæ уыдон сæ цардыл нæ ауæрдгæйæ, сæ адæмы раз бæрндзинад æнкъаргæйæ æмæ 1992 азы 29 майы Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинадæн фидар бындур æрæвæргæйæ, ныфсхастæй цыдысты размæ, æввахсдæр кодтой 2008 азы 26 августсты бон – Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад банымайыны бон.

Абон нæ адæм цæрынц сæрибар бæстæйы, уыцы Стыр Уæрæсейы æфсымæрон æххуысæй æндидзы нæ республикæ, йæ инфраструктурæ, уыцы Стыр Уæрæсейы фæрцы, кæцы у Хуссар Ирыстоны стратегион партнер, кæцыимæ нын абон арæзт ис Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй Бадзырд.

Кæд нæ хæдбардзинад бирæ тугæй, æвзонг удтæй æлхæд æрцыд, уæддæр  Хуссар Ирыстоны адæм, республикæйы къухдариуæгады политикæйы фарс хæцгæйæ, тырнынц сæ хæдбардзинад сфидар кæнынмæ, Уæрæсеимæ æнгомдæр интеграцимæ.

Кæд Стыр Уæрæсейы æххуысæй республикæйы арæзт æрцыд æмæ ноджыдæр арæзт цæуынц ног скъолатæ, сывæллæтты рæвдауæндæттæ, медицинон уагдæттæ, æндæр нысаниуæджы объекттæ уæддæр мах æмбарæм, нæ цард аразын нæхицæй кæнгæ кæй хъуамæ уа. Ууыл та куыст цæуы. Уымæн æвдисæн – паддзахадон бюджеты хи æфтиæгты хай фылдæрæй фылдæр кæй кæны.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.