КАД КОДТОЙ МАДÆЛОН ÆВЗАГÆН

Æрвыл аз дæр цытджын æгъдауæй нысан æрцæуы Ирон æвзаджы бон нæ республикæйы.

Ленингоры районы Хуриты Гивийы номыл Цъинагары астæуккаг скъолайы дæр ацы боны цытæн уагъд æрцыд цымыдисон мадзал. Бацæттæ йæ кодтой ацы скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ Хъодалаты Мери æмæ Мæргъиты Фаризæт. Мадзалмæ æрбацыдысты скъолайы директор Гуссойты Ласко, ахуыргæнджытæ,  ахуыргæнинæгтæ, скъоладзауты ныййарджытæ, Ленингоры районы администрацийы культурæйы хайады Цъинагары зонæйы сæйраг специалист, РХИ-йы Культурæйы сгуыхт кусæг Уалыты Зоя, хъæууон администрацийы кусджытæ, сывæллæтты ныййарджытæ.

Мадзал амыдтой скъолайы ахуырдзаутæ Хуриты Дианæ æмæ Дудайты Иринæ. Ирон æвзаджы тыххæй доклад бакаст Мæргъиты Фаризæт, цыран уый лæмбынæг æрдзырдта мадæлон æвзаджы абоны уавæры тыххæй, афтæ ма ирон æвзаджы бон, номхуындæй, 15-æм майы расидт цæмæн æрцыд, уый тыххæй.  Йæ доклады ма æрдзырдта, Андрей Шегрен æмæ Всеволод Миллер ирон æвзаджы тыххæй цы зонадон куыстытæ ныффыстой æмæ ирон æвзаджы раиртасыны хъуыддаджы ирон адæмæн цы стыр лæггæдтæ бакодтой, уый тыххæй дæр. Уый фæстæ æмдзæвгæтæ бакастысты ахуырдзаутæ. Равдыстой инсценировкæтæ, цыран худтысты, не ‘взагæй нын арвистон чи аразынц, æндæр æвзæгты ныхæстæй æнæхъуаджы чи пайда кæнынц, ахæмтыл. Уымæй ахуыргæнинæгтæ фенын кодтой, мадæлон æвзагæн тынгдæр аргъ кæнын кæй хъæуы, кæй йæ хъæуы тындæр уарзын.  Мадзалы ирон æвзагыл раныхас кодта ацы скъолайы ахуыры хайы сæргълæууæг, уырыссаг сылгоймаг Сытникова  Людмилæ. Уымæн, ирон чындз уæвгæйæ, ирон æвзаг ссис йæ дыккаг мадæлон æвзаг.

       УАЛЫТЫ Зоя

 

ХÆРЗБОН ЗАГЪТОЙ ДАМГЪУАТÆН

Дамгъуатæн хæрзбон зæгъыны бон æрвылаз дæр фыццагкъласонтæ банысан кæнынц цытджын æгъдауæй. Дамгъуаты фæрцы сын байгом вæййы зонындзинæдтæм сæ дарддæры дæргъвæтин цардвæндаг. Дамгъуаты руаджы бындур æвæрд  æрцæуы фидæны райсгæ зындзинæдтæн.

Дамгъуатæн хæрзбон зæгъыны боны цытæн цымыдисон мадзал уагъд æрцыд Хуриты Гивийы номыл Цъинагары астæуккаг скъолайы фыццагкъласонтæн. Сывæллæттæн уыд хъæлдзæг зæрдæйы равг,  уыдысты бæрæгбонвæлыст. Фыццагкъласонты ахуыргæнæг Уалыты Залинæ зæрдæбын арфæтæ ракодта йæ чысыл хъомылгæнинæгтæн. Загъта, зæгъгæ, сымах базыдтат   кæсын æмæ фыссын, скъола уын ссис уæ дыккаг хæдзары хуызæн.

Дамгъуаты алы дамгъæйы тыххæй дæр ахуырдзаутæ бакастысты æмдзæвгæтæ, сæвæрдтой инсценировкæтæ, азарыдысты зарджытæ. Сывæллæтты архайдмæ кæсгæйæ, зæгъæн ис, уыдон   зонындзинæдтæ кæй райстой сæ фыццаг ахуыры азы.

ХУЫБЫЛТЫ Ленæ

 

 

 

ЦЫМЫДИСОН МАДЗАЛ

Æвзаг нæ хъæздыгдзинад, нæ хæзна у. Æвзаг у алы адæмæн дæр  сæйраг хотых.

Ирон æвзаг æмæ литературæйы бæрæгбоны алыгъуызон мадзæлттæ фæуадзынц, цæмæй фидардæр кæна, рæсугъддæрæй зæла мадæлон ныхас. Ирон æвзаджы бонæн йæ нысан у рæзгæ фæлтæрæн мадæлон æвзаг бауарзын кæнын, цæмæй йæ нæ сывæллæттæ æмбарой сæ райгуырдæй фæстæмæ, фыццаг авдæны зарджытæ æмæ æгъдæуттæ хъусой мадæлон æвзагыл.

Ацы бæрæгбон банысан кодтой Ленингоры районы Орчъосаны хъæуы астæуккаг скъолайы дæр. Хайад дзы райстой ахуыргæнджытæ æмæ ахуырдзаутæ. Мадзалы ацы скъолайы директор Габеты Бэлæ æрæмбырдуæвджытæн зæрдиаг арфæ ракодта ирон æвзаджы боны цытæн. Уый, фыццаджыдæр, æрдзырдта ацы бæрæгбоны равзæрды тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, «цæмæй нæ мадæлон æвзаг рæза, размæ цæуа, уый тыххæй йыл, фыццаджыдæр, хъуамæ дзурæм нæхæдæг, уарзæм æй».

Ирон æвзаджы боны цытæн мадзалы сæ хъуыдытæ дзырдтой Кокайты Алинæ, Тогойты Мария æмæ Цæриаты Владимир. Ахуыргæнинæгтæ равдыстой цымыдисон æмæ актуалон сценкæтæ. Мадзал бацæттæ кодта ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Дриаты Руизан.

Ацы скъолайы кæд 31 ахуыргæнинаджы йедтæмæ нал ахуыр кæны, уæддæр сæм ахуыры процесс цæуы бæрзонд æмвæзадыл. Сæ рауагъдонтæ ахуырмæ бацæуынц, куыд нæ республикæйы, афтæ Уæрæсейы горæтты уæлдæр ахуыргæнæндæттæм дæр.

КОКАЙТЫ Заринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.