Фæстаг рæстæджы нæ ныхасы цы бирæ ног дзырдтæ фæзынд, уыдонæй сæ иу у волонтер, ома, æхсæнадæн, хицæн адæймæгтæн æнæаргъæй чи æххуыс кæны, ахæм адæймаг. Уыимæ æххуыс  хъуамæ уа æрмæстдæр, кæй хъæуы æмæ йæм чи æнхъæлмæ кæсы, уыдонæн. Ахæм æххуысы фæзынд, æвæццæгæн, историйы æрфæнты агурын хъæуы, фæлæ волонтерон змæлд йæхæдæг, иртасджыты хъуыдымæ гæсгæ фæзынд 17-æм æнусы Европæйы. Цæвиттон, йæхи фæндæй хæстмæ чи цыдис, уыдоны хуыдтой бархионтæ, æмæ уый та францаг æвзагыл нысан кæны волонтертæ. Дыууынæм æнусы райдианты ахæмты хонын райдыдтой æрмæст бархионæй хæстмæ цæуджыты нæ, фæлæ æхсæнадæн барвæндонæй, æнæаргъæй æмæ разæнгардæй чи куыста, лæггад кодта, уыдоны дæр. Афтæ рæзтис, уæрæхдæр кодта æмæ йæ тыхы цыдис волонтерон змæлд æгас дунейы. Сырх Дзуары Дунеон Комитет дæр арæзт  æрцыд волонтерон змæлды бындурыл, хæсты фæцæфуæвджытæн æххуыс кæныны нысанæн.

Ацы змæлд æгас дунейыл афтæ апарахат æмæ ИНО-йы 1985 азы 17 декабры уынаффæмæ гæсгæ сбæрæг кодтой Волонтеры бон, кæцы нысан цæуы æрвылаз дæр 5 декабры. Арæзт æрцыд волонтерон ассоциаци, кæцыйы хайад исынц сæдæ бæстæйæ фылдæр. 2001 аз та расидт æрцыд Волонтеры азæй.

Волонтерон змæлды райдиан Уæрæсейы нымайынц ивгъуыд æнусы 80-æм азтæй æмæ бирæ къабæзты сæ хæрзиуæгон архайд кæнынц æндæр æмæ æндæр организацитæ.

Нæ республикæйы кæд нæма ис æдзухон бындурыл ахадæн архайд чи кæны, ахæм волонтерон организацитæ, уæддæр нæм кæддæриддæр разынынц, тыхст рæстæджы йæ адæмы фарсмæ чи æрбалæууы.  Фыдæлтæй фæстæмæ хæрзиуæгон хъуыддæгтæ аразын сæ туджы уыд æмæ ссис, куыд фæтк, æгъдау, афтæ. Æмæ абоны волонтерон змæлдыл дзургæйæ, цæст ахæссын æмбæлы нæ фыдæлтæ ацы хъуыддаджы куыд архайдтой, ууыл.

Цæвиттон, хæхбæсты кæд иууылдæр мæгуыр, уæззау, тыхст цард кодтой, уæддæр сæ хæсыл нымадтой, сæхицæй ноджы уæззаудæр уавæры чи уыд, ахæмтæн баххуыс кæнын. Лæджыхъуаг бинонтæн сæ фос, цæмæй æнæхос ма баззадаиккой, сæхæдæг та æнæ сугæй зымæджы, уый тыххæй-иу сыхбæстæ разиу кодтой. Ныккарстой-иу сын хос, æрластой-иу сын суг. Хицæнтæй та-иу сæм фæкастысты æндæр куыстытæ бакæныны дæр.

Нæ адæммæ уый иууыл тынгдæр разынд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæстæ, бирæ бинонтæ æнæ лæгдых, æнæ дарæг куы баззадысты, уæд. Ахæм æххуысы хуыз, куыд зиу кæнын, нæ адæммæ кæд фæзынд, уый зын зæгъæн у, фæлæ бæлвырд у, тынг рагон кæй у.

Хæххон хъæуты цæрджытæ сæ хæдзæрттæ кæрæдзимæ æввахс арæзтой, уыимæ сæ арæзтой гæмæхты, къæбырты, цæмæй сæ кусынæн бæзгæ кадавар зæххыты ма къаддæр кодтаиккой.  Кæрæдзимæ æввахс куыд цардысты, афтæ зæрдæйæ дæр кæрæдзимæ хæстæгдæр лæууыдысты. Бахъуыды сахат кæддæриддæр кæрæдзийы фарсмæ уыдысты. Уымæн æмæ æмбæрстой, карз æрдзон уавæрты цæргæйæ, иу адæймагæн, иу бинонтæн кæй зын кодта бирæ зындзинæдтæ сфæразын. Æрцыдис-иу ахæм æнамонд хабæрттæ æмæ алчи дæр æнæмæнгхъæуæгыл нымадта æвæстиатæй æххуысмæ фæзынын, фæдисы ацæуын. Цæвиттон, ивгъуыд æнусы 1930-æм азты Дзауы районы Арашендайы хъæуы Джусойты зæй куы фæласта, уæд сæм фæдисы, чысыл исты æххуыс уæддæр бакæныны ныфсæй фыййæгтимæ цыдысты Къуыдаргомы адæм. Уырдæм, мæ фыд-иу куыд дзырдта, афтæмæй къахæй цыдысты нæ хъæу Котанто æмæ æндæр хъæутæй дæр, кæд сæ уыцы фыдзымæджы Ерцъойы æфцæджы сæрты хизын хъуыд, уæддæр. Адæм сæ хæсыл нымадтой зæйластытæй искæйы уæддæр фервæзын кæнын.

Раздæр дуджы, стыр мит-иу куы ныууарыд, уæд зæйтæ арæхдæр цыдысты æмæ-иу йæ амæттæгтæ чи баисты, уыдон дæр фылдæр уыдысты. Нæхæдæг дæр хъуыды кæнæм Рукъы фæндагыл нæ бирæ зæйластыты, Дзауы районы Цыбойы хъæуы æгас бинонты фæласт… Æмæ кæд зæйластыты аирвæзын кæныны ныфс хæрзчысыл вæййы, уæддæр адæм фæдисы фæцæуынц æнамонд цауы бынатмæ.

Фæдисы фæцæуынц, цуанон лæг йæ хæдзарыл куынæ сæмбæлы, уæд дæр. Раздæр арæх цыдысты цуаны. Хиирхæфсыны тыххæй нæ – цæмæй сæ бинонтæн æрхæссой сырды фыд, уа сын, цы бахæрой, уый. Цыдысты цуаны, кæд цардæн дæр тæссаг уыд, уæддæр. Æнæхъуаджы нæ загъта Къоста, цуанон лæг мæрдтæм хæстæгдæр цæры, йæ мард та уæлмæрдтæм нæ хæццæ кæны, зæгъгæ. Æмæ-иу, æнамонд цау æрцæугæйæ, адæм фæдисы цыдысты, цæмæй йын йæ мард бацагурой æмæ йын æй уæлмæрдмæ фæхæццæ кæной.  Уый, куыд ма загътам, афтæмæй къухы стæм хатт æфтыд, фæлæ ам нæ ныхас у, адæм се ‘хсæн кæйдæр æнамонддзинадыл кæй рыстысты æмæ сæ бон цæмæй уыд, куыд уыд, афтæ йæ фарсмæ кæй лæууыдысты æмæ йын кæй æххуыс кодтой.

Кæрæдзийы зын, кæрæдзийы рыст æрмæст фæдисы, сæрбахъуыды рæстæджы нæ дих кодтой, фæлæ цины хъуыддæгты дæр. Зæгъгæ, хъæубæстæй исчи æфсадæй, æндæр дард бал-цæй æрыздæхт, гъе, та кæмдæр цавæрдæр сгуыхтдзинад сарæзта, афтæмæй сæмбæлд йæ хæдзарыл, уæд æм уынæг цыдысты, цин ыл кодтой. Уыцы цин алкæмæн дæр цыдис зæрдæйæ æмæ бинонтыл, хиуæттыл иумæ дих кодтой.

Уый уыд æмæ ныр дæр у бархи хъуыддаг æмæ кæмæн йæ бон куыд уыд, куыд арæхст, афтæ æххуыс кодта, æвдыста йе ‘нкъарæнтæ.

Ныртæккæ, дуджы фæивдимæ, нæ царды ацы фæтк, æгъдау цасдæрбæрцæй цуды. Хæхбæсты цæрæг адæм ихсийынц æмæ сæ чи æххæст кæна, уыдон къаддæрæйкъаддæр кæнынц, лидзынц горæттæм. Горæттаг цард та хицæн кæны хъæууон цардæй, ам кæрæдзийы рис, кæрæдзийы цин адæм къаддæр æнкъарынц. Стæй дуг дæр ахæм у æмæ адæм кæрæдзийæн æцæгæлонæй æцæгæлондæр кæнынц.

Фæлæ куыдфæнды ма уа, адæм уæддæр адæм сты. Адæймагæн æрдзæй лæвæрд у йæ фарсмæ æххуысхъуаг адæймагæн баххуыс кæнын. Æмæ кæд ацы хæрзиуæгон хъуыддагыл бирæтæ сæ къух сисынц, уæддæр не ‘хсæн бирæ ис, ахæмтæн баххуыс кæнынмæ чи фæзынынц æмæ сын сæ уавæр чи фæрог кæны. Уый абон дæр разыны нæ царды бирæ хъуыддæгты.

Дыууæ азæй фылдæры размæ цы пандеми апарахат, коронавирус-19, зæгъгæ, уый бирæ зындзинæдтæ, хъизæмæрттæ æрхаста дунейы адæмтæн. Уымæй иуварс нæ аззадысты нæ республикæйы цæрджытæ дæр. Нæ горæты рынчындон байдзаг, ацы низæй чи фæрынчын сты, уыдонæй. Ноджы фылдæрæй та дохтырты хъусдарды бын сæхицæн хос кодтой сæ хæдзæртты. Рынчындоны сæвзæрыд уæззау уавæр – нæ тых кодтой сæ куыстыл медицинон кусджытæ. Æмæ сæм уæд æххуысмæ фæзындысты волонтертæ – бархионтæ. Уы-дон, сæйраджыдæр, уыдысты æрыгон чызджытæ. Æнцон нæ уыд сæрмагонд æхгæд дарæсы змæлын, кусын, фæлæ фæрæзтой. Физикон тыхæй æххуыс кæнын кæм хъуыд, уырдæм та цыдысты нæлгоймæгтæ.

Нæ адæмæн дæр уæззау фæлварæн ссис, Украинæйы Уæрæсе цы сæрмагонд æфсæддон операци уадзы, уый. Нæ лæппутæй бирæтæм сидгæ æркодтой, бирæтæ та бархионтæй ацыдысты. Æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты куыд уыд, фæсчъылдымы адæм фронтæн куыд æххуыс кодтой, афтæ ацы операцийы хайадисæг хæстонтæ дæр æххуыс исынц æгас Уæрæсейæ. Нæ хæцæг лæппуты адресыл дæр нæ республикæйæ æрвыст цæуынц, тынгдæр сæ цы хъæуы æмæ цæуыл тыхсынц, уыдæттæ. Æмæ ам дæр разыны волонтерты хæрзиуæгон архайд сæ æмбырд кæнын æмæ сæ æрвитыны хъуыддаджы.

Волонтерон архайд нæ республикæйы разыны нæ алфæмблай æрдзы сыгъдæгдзинад бахъахъхъæныны хъуыддаджы дæр. Хуссар Ирыстоны æрдз диссаджы рæсугъд кæй у, уый бæлвырд кæнын никæмæн хъæуы. Фæлæ, хъыгагæн, разынынц ахæмтæ дæр, кæцытæ æрдзы хъæбысы рæсугъддæр бынæтты сæ рæстæг хъæлдзæгæй æрвитгæйæ, сæ фæстæ ныууадзынц алыгъуызон брæттæ. Æмæ волонтерты бахъæуы экологион акцитæ сорганизаци кæныны сæр, цæмæй уыцы брæттæй ацы бынæттæ сыгъдæг æрцæуой. Ахæм акцитæ уыдон ауадзынц Джеры дзуары, Тулдзы къохы, Леуахи æмæ æндæр цæугæдæтты былгæрæтты, æндæр кувæн æмæ улæфæн бынæтты территоритыл.

Волонтерон змæлд нæ республикæйы, кæй зæгъын æй хъæуы, дарддæр хъуамæ рæза æмæ фидардæр кæна, æгас дунейы куыд рæзы, афтæ. Æмæ ам та сæ ныхас хъуамæ фæндвидарæй зæгъой хъæппæрисджынтæ, искæйы царды зын уавæртæм, æхсæнады рарасткæнинаг фарстатæм æвæлмас ахаст чи нæ дарой æмæ уымæй паддзахадæн æххуыс кæнынмæ сæ бавæрд чи хæссой, ахæм адæймæгтæ. Уыдон кусынц æнæаргъæй, сæ сæрибар рæстæг ууыл хардз кæнгæйæ æмæ сæ фарсмæ цавæрдæр хъуыддæгты хъуамæ балæууой паддзахадон структурæтæ дæр. Фæлæ уыимæ рох кæнын нæ хъæуы, нæ фыдæлты рагдугтæй нæм чи æрхæццæ сты æмæ нæ царды бындур чи хъуамæ уа, уыцы фæтк, уыцы æгъдау – искæйы рис æнкъарын æмæ йе ‘нцой балæууын.

Волонтерон змæлд  ныры дуджы æгас дунейыл кæй апарахат, арæнтæ кæй нæ зоны, уымæ гæсгæ цымыдисон у ахæм фарст: искæмæн хорзы бацæуынæй дарддæр ма цы разæнгард кæны волонтерты ахæм архайдмæ? Бирæтæн ахсджиаг у, æхсæнадæн пайда кæй у, уый банкъарын; ахæм рæстæджы уыдон райсынц, царды сын чи бабæззой ахæм зонындзинæдтæ æмæ цайдагъдзинæдтæ; базонгæ вæййынц æндæр адæмты цардимæ, афтæ хицæн адæймæгтимæ дæр; райсынц сæ царды бæрæг фæлтæрддзинад; бирæтæн фадат фæзыны сæ иунæгдзинадæй фервæзынæн; æндæртæн æххуыс кæнынц цардмæ хуыздæр цæстæнгасæй кæсыны. Афтæ æмæ волонтертæн сæхицæн дæр сæ архайд æнæпайда нæу.

БИАЗЫРТЫ Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.