2017 азы 20-æм февралы йæ цардæй æнæнхъæлæджы ахицæн ИНО-йы Уæрæсейы æдзухон минæвар, дипломатийы маэстро Виталий Чуркин. Уый 11 азы дæргъы ИНО-йы æвдыста Уæрæсейы, уый размæ та уыд Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг. Ирд æмæ курдиатджын адæймаджы йæ коллегæтæ хуыдтой дипломатийы æцæг хæстон, нысан ын кодтой йæ æгъдауыл ныхас, юморы æнкъарынад æмæ йæ раныхасы рæстæджы тагъд реакци. Йæ оппоненттæ дзырдтой, зæгъгæ, Чуркин кæд  карз ныхмæлæууæг уыд, уæддæр-иу алыхатт дæр баззад  сæ хæларæй.

Виталий Чуркины æнæрæстæджы амæлæтыл Хуссар Ирыстоны дæр сæмбæлдысты стыр хъыгзæрдæйæ, алкæйы зæрдæ дæр ыл фæрыст, уымæн æмæ уый хуссарирыстойнаг адæмæн ссис æцæг хæлары, хионы хуызæн. Афтæ нæм каст, цыма йæ лæгæй-лæгмæ зыдтам, афтæ тынг æввахс уыд нæ зæрдæтæн. Æмæ уый афтæ дæр хъуамæ уыдаид, уымæн æмæ уый иу æмæ дыууæ хатты нæ бахъахъхъæдта Хуссар Ирыстоны интерестæ ИНО-йы.

Номдзыд дипломат ахуыр кодта Мæскуыйы 1522-æм астæуккаг скъолайы, кæцы абон хæссы йæ ном. Скъолайы ахуыр кæнгæйæ фæбæрæг сты йæ характеры æууæлтæ, кæцытæ йын фæахъаз сты Уæрæсейы тыхджындæр дипломаттæй сæ иу суæвынæн. МГИМО-йы ректор Анатолий Торкуновы зæрдыл æрлæууыд, зæгъгæ, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад бахатыд институты къухдариуæгадмæ, цæмæй фæндзæм курсы студент Чуркин æмгъуыдæй фондз мæйы раздæр радтаид рауагъдон фæлварæнтæ æмæ æвæстиатæй æрæвнала йæ куыстмæ министрады тæлмацты хайады. Рацæудзæн цалдæр азы æмæ дипломат Чуркин Чернобылы АЭС-ы аварийы фæстæ АИШ-ы Конгрессы æвдыста Советон Цæдисы. Раныхас кодта тынг хорз æмæ дыккаг бон ссис зындгонд æнæхъæн Америкæйы æмæ æрмæст Америкæйы нæ. Америкæйаг централон газеттæ рацыдысты йæ нывтимæ фыццаг фарсыл. Уый уыд диссаджы оратор, цыфæнды уæззау уавæры дæр-иу йæ бон ссис дзуапп радтын.

Фæстаг хатт ИНО-йы Æдасдзинады советы раныхас кодта 2017 азы 6-æм февралы. Уый уыд дзуаппон раныхас  Хъырымы раздахыны тыххæй Стырбританийы минæвары домæнæн. «Раздахут Мальвинаг сакъадахты, раздахут Гибралтар, раздахут Кипры аннексигонд хай, раздахут Индийаг океаны архипелаг Чагосы, кæцыйæ сымах сарæзтат егъау æфсæддон базæ. Уæд уæ цæсгом гæнæн ис уа цъус сыгъдæгдæр æмæ уæ бон суа æндæр темæтыл уынаффæ кæнын», – загъта сын уæд Виталий Чуркин.

Уый алыхатт дæр аккагæй хъахъхъæдта Уæрæсейы кад. Уыцы быцæутæ йын йæ зæрдæйы цахæм хъæдгæмттæ уагътой, уыдоны тыххæй зыдтой æрмæстдæр йе ‘ввахс хиуæттæ. «Виталий Иваны фыртæн ИНО-йы уыд стыр авторитет, кад ын кодтой æмæ уыцы кад мæнмæ дæр рахызт. Мæ коллегæтимæ куы æмбæлдтæн, уæд уыдон иууылдæр дзырдтой, зæгъгæ, Виталий Иваны фырт уыд бынтон сæрмагонд минæвар, уыдон ын тынг кад кодтой, бирæтæн дзы уыд хæрзæввахс хæлары хуызæн. А-дунейæ йæ æнæрæстæджы ацыд уыдонæн ссис сæрмагонд драмæйы хуызæн», – дзуры ИНО-йы Уæрæсейы æдзухон минæвар Василий Небензя.

Иу аз æнæ Виталий Чуркин. Кæй зæгъын æй хъæуы, не ‘хсæн кæй нал ис, уый зыны, уый уыд, баивæн кæмæн нæй ахæм адæймаг.

2008 азы августы Хуссар Ирыстоны хæсты фæстæ Уæрæсе Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы хæдбардзинад куы банымадта, уæд бахаудта уæлдай тынгдæр агрессивон уайдзæфты бын. Чуркины дзуапп уыд: «Абон нæ залы фыццаг хатт æндæрпланетæйаг куы фæзынид, æмæ нын нæ дискусситæм куы байхъусид, уæд йæ зæрдæ сæрыстырдзинады æнкъа-рæнтæй байдзаг уаид Æдасдзинады советы уæнгты тыххæй. Куыд принципиалон адæм сты! Уыдон дунеон барты принциптæ куыд хъахъхъæнынц! Мæнæн уæлдай тынгдæр мæ зæрдæмæ фæцыд Иугонд Штатты æдзухон минæвары хъусынгæнинаг, кæцы зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, паддзахадтæ сæ архайдтыты хъуамæ сæхиуыл хæцой тыхæй спайда кæныны тæссагдзинадæй. Мæн фæнды Иугонд Штатты цытджын минæвары бафæрсын: Иракы ссардтат дзыллон æгъдауæй куынгæггæнæг хæцæн-гарз æви йæ дарддæр дæр агурут? Мæн фæнды бафæрсын Иугонд Штатты цытджын минæвары: Вашингтонæй нæ хъуысынц æртхъирæнтæ ИНО-йы æндæр уæнгмæ ахасты йæ ныхмæ тыхæй спайда кæныны æмæ йæ, æгæрыстæмæй, бынтондæр скуынæг кæныны тыххæй дæр?».

2014 азы апрелы мæйы киеваг ног режим Донбассы куынæггæнæг операци куы райдыдта, уæд АИШ æмæ Ныгуылæны æндæр бæстæтæ аххосджын кодтой Уæрæсейы конфликт цырын кæныны, æмæ Киевы позици та хуыдтой «хъавгæ» æмæ «баргæ». Уæд Виталий Чуркин йæ раныхасы загъта: «Ныртæккæ Киевы хицауаиуæгад чи кæны, уыдонæй бирæтæн ахæм репутаци ис, æмæ сын иу азы размæ сæ къухтæ дæр нæ райстаиккат…».

РХИ-йы раздæры Президент Тыбылты Леонид Виталий Чуркины схорзæх-джын кодта республикæйы иууыл уæлдæр хорзæх Уацамонгæйы орденæй йæ амæлæты фæстæ. Уый банысан кодта, зæгъгæ, ИНО-йы Уæрæсейы æдзухон минæвар «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты æмрæнхъ тох кодта республикæйы сæрибардзинады сæрыл æмæ æппæт дунейæн фехъусын кодта рæстдзинад 2008 азы августы цауты тыххæй». Уый уыд ахæм дипломат, кæцыйы лæггæдтæн саргъгæнæн дæр нæй.

Виталий Чуркин уыд Уæрæсейы æндидзынады хай. Уый йæхимæ иста бирæ бæстæты минæвæртты уайдзæфтæ, кæцытæн тынг зын уыд, Уæрæсе йæ къахыл кæй слæууыд, уый. Чуркин йæ раныхæстæй стыр ныфс лæвæрдта Уæрæсейы цæрджытæн æмæ сын йæхæдæг та ссис æцæг хъайтар æмæ афтæмæй баззайдзæн æнустæм адæмы зæрдæты. Йæ ном фыст æрцыд Уæрæсейы паддзахады историйы, уыцы нымæцы йæ цыргъ æмæ карз раныхæстæй дæр.

Æрмæг мыхуырмæ бацæтткодта Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.