Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин Паддзахадон Думæмæ ратификацимæ бахаста  Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты хицæн дæлхæйтты УФ Гарзджын тыхты скондмæ бакæныны фæткы тыххæй сразыдзинад. Уый тыххæй фехъусын кодта ИА ТАСС.

Документыл къухтæ æрфыстæуыд Мæскуыйы 31 марты. Уæд Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгу куыд фехъусын кодта, афтæмæй «сразыдзинад бандавдзæн уыцы регионы æдасдзинад сфидар кæныныл æмæ ма, кæй зæгъын æй хъæуы, цæмæй хæстон архайдтытæ кæнæ 2008 азы цаутæ мауал сфæлхатт уой кæнæ сæ сног кæныныл æппындæр мачиуал ахъуыды кæна, уый тыххæй кæй уыдзæн ноджы иу фактор».

Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Гассеты Ибрагим раздæр куыд фехъусын кодта, афтæмæй сразыдзинадыл къухты æрфыссынæн Хуссар Ирыстоны ахсджиаг нысаниуæг ис. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уæрæсейаг коллегæтæ документ куы цæттæ кодтой, уæд стыр куыст бакодтой,  алы фарсты тыххæй дæр ссардæуыд компромистæ». Хуссар Ирыстоны ныфс ис, уыцы сразыдзинады руаджы «ноджы сфидардæр уыдзысты паддзахады хъахъхъæнынадон æмæ æдасдзинад, арæзт æрцæудзысты паддзахады хъахъхъæнынады ведомствойы активон æмархайды разæууæлтæ», – банысан кодта уый.

Гассеты Ибрагим куыд бамбарын кодта, афтæмæй Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады æхсæнведомствойон сразыдзинадмæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн контрактмæ гæсгæ сæ бон службæ кæнын уыдзæн Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады 4-æм  æфсæддон базæйы сконды. Уый тыххæй уыдон хъуамæ дзуапп дæттой цалдæр домæнæн.

«Æнæмæнгхъæуæг домæнтæй иу у Хуссар Ирыстоны æмбæстагдзинадæй дарддæр Уæ-рæсейы Федерацийы æмбæстагдзинады уæвындзинад. Уымæй дарддæр ма уыдон æр-сидтмæ гæсгæ хъуамæ баслужбæ кæной РХИ-йы Гарзджын тыхты сконды», – загъта уый. Уыимæ иумæ ма контрактмæ гæсгæ 4-æм æфсæддон базæйы службæ кæнынвæнд чи кæны, уыдон хъуамæ лæууой Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æфсæддон къамисариаты æфсæддон хыгъды æмæ æвзæрст æрцæуой РЦИ-Аланийы территорийыл уæрæсейаг закъондæттынадмæ гæсгæ.

Гассеты Ибрагим ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, Уæрæсейы Федерацийы  Хъахъхъæнынады министрады 4-æм гвардион æфсæддон базæйы сконды службæ кæнгæйæ, уыдон свæййынц Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхты æфсæддонтæ æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уыдоныл дæр парахат цæудзысты, уæрæсейаг хæстонтæн цы хатыртæ вæййы, уыдон. Сæрмагондæй, мыздты æмвæзад, цæрæнуатæй ифтонг кæнын æмæ æндæртæ.

«Уымæн Хуссар Ирыстоны цы нысаниуæг ис, ууыл куы дзурæм, уæд уый тынг ахсджиаг у республикæйы хъахъхъæнынхъомдзинад сфидар кæнынæн. Бирæбæрцæй фæбæрзонддæр уыдзæн нæ фæсивæды царды æмвæзад. Сæ карьерон рæзтæн сын фадат фæзындзæн», – банысан кодта уый.

Национ Гарзджын тыхты дæр ауагъдæуыдзæн реформæ. Хъахъхъæнынады ми-нистрады сæргълæууæг бамбарын кодта, зæгъгæ, ратификацийы тыххæй документтæ кæрæдзийæн лæвæрд куы ‘рцæуой, уый фæстæ æртæ мæймæ Хуссар Ирыстоны арæзт æрцæудзæн РХИ-йы Гарзджын тыхты ног организацион-штатон структурæ.

«Уый æрæмных æрцæудзæн уæрæсейаг фарсимæ æмæ йæ сфидар кæндзæн Хуссар Ирыстоны Президент. Ноджыдæр æхсæз мæйы фæстæ рахызтæуыдзæн ног организацион-штатон структурæмæ», – загъта уый.

«Æппæт фарстаты тыххæй дæр уæрæсейаг фарсимæ цæуы консультацитæ», – банысан кодта Гассеты Ибрагим.

Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты иуæй-иу дæлхæйтты Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхты скондмæ бацæуыны фæткы тыххæй сразыдзинад сратификаци кодта Хуссар Ирыстоны Парламент 21 июлы. Документыл къухтæ æрфыстой Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министр Гассеты Ибрагим æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгу Мæскуыйы 31 марты. Сразыдзинад арæзт æрцыд Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй сæйраг бадзырды фæлгæтты, кæцыйыл къухтæ æрфыстой дыууæ бæстæйы президенттæ 2015 азы марты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.