Хуссар Ирыстоны столицæйы, горæты хæрзарæзтады фæлгæтты, æвæрд цæуынц уынгты нырыккон цырæгътæ, – фехъусын кодта Информацион агентад «Рес»-æн республикæйы арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрады пресс-службæ.

Министрады куыд банысан кодтой, афтæмæй 2018 азы Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг инвестицион программæйы фæлгæтты Цхинвалы хæрзарæзт æрцыдысты 10 уынджы –  Чиайы фырты, Джыгкайы фырты, Нарты, Димитровы, Аланты,  Къуайсайы, Коцойы фырты, Коцты Грийы, Руставелийы æмæ Таболы фырты (Сталины уынгæй Гаглойы фырты уынджы онг). Уыимæ, ацы уынгты развæлгъау уагъд æрцыдысты зæххы бын коммуникациты реконструкцийы фæдыл куыстытæ – донифтонгады, канализацийы æмæ газифтонгады хызæгтæ.

«Уымæй уæлдай ма æххæст цæуынц нырыккон цырæгътæ æвæрыны фæдыл куыстытæ, æфсæйнаг цæджындзтыл ис нырыккон плафонтæ, уагъд сыл ис  изоляцигонд телтæ. Уынгтæн сæ фылдæр хайы куыстытæ уагъд æрцыдсты Димитровы, Нарты, Джыгкайы фырты, Аланты æмæ æндæр  рæтты. Уынгтæн сæ фылдæры, куыстуат «Энергоресурс» хъæуæг куыстытæ раздæр бакодта сэконамигонд фæрæзтæй», – загътой министрады.

2018 азы столицæйы уынгты электроифтонгадæн хицæн æрцыд 10 милуан сомæй фылдæр, уыйбæрц хицæн æрцыд ацы аз дæр.

2019 азы адарддæр уыдзысты зæххы бын инженерон хызæгты реконструкцийы æмæ столи-цæйы 8 уынджы хæрзарæзтады фæдыл куыстытæ .

Уыдон сты Гаглойы фырты, Харитоны, Харебаты Исахъы, Уæлахизы, Остъаты æфсымæрты, Гаглойты Рутены, Лермонтовы, Гафезы уынгтæ æмæ Джиоты Аланы проспекты фæзилæн.

Инвестпрограммæйы фæлгæтты столицæйы 120 уынгтæй арæзт æрцыд 45.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.