Горæт Цхинвалы администрацийы цалцæггæнæн-арæзтадон управленийы кусджытæ хæрзарæзт кæнынц Цхинвалы Джиоты Аланы проспекты хæдзæртты цур территоритæ. Управленийы хистæр Гæззаты Инал куыд радзырдта, афтæмæй, 130а, 130б, 128а, 128б бирæуæладзыгон хæдзæртты раз кæрттæ цæуынц капиталон цалцæг.

«Ныридæгæн ист æрцыд, фæндаджы уæлцъар. Сфидар кæндзыстæм ног бордюртæ, арæзт æрцæудзысты цъæхвæлыст зонæтæ æмæ территори бацæттæ кæндзыстæм асфальт кæнынмæ. Азы кæронмæ кæртытæ асфальт æрцæудзысты. Кусджытæ кусынц суанг изæрмæ», – загъта уый.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы фадыджы кусынц райсомæй дæс спецалисты æмæ спецтехникæйæ фылдæр.

«Цъæхвæлыст зонæтæ аразыны рæстæджы мах бахынцдзыстæм цæрджыты цæстæнгас. Столицæйы кæртытæ хæрзарæзт нæ цыдысты бирæ азты дæргъы, уый цæрджытæн æвзарын кодта бирæ проблемæтæ, уæлдайдæр къæвдаты рæстæджы. Ацы фадыгы уагъд æрцыдысты зæххы бын коммуникацитæ раивыны куыстытæ», – загъта Гæззайы фырт.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.