Куыд зонæм, афтæмæй ацы аз Инвестпрограммæйы фæлгæтты нæ горæты хæрзарæзт æрцæудзæнис 11 уынджы: Дзадтиайы фырты уынг, Хуыбылты Валерийы, Интерна-ционалон, Гаглойты Владимиры, Хетæгкаты Къостайы, Горькийы, Тугъанты Махар-беджы, Кобылты Сергейы æмæ Сталины уынджы хай, Абайты Васойы уынгæй Пушкины уынджы онг. Уынгтæ арæзт цæуынц капиталонæй, раздæрау, хайгай нæ, фæлæ. Кусджытæ архайынц æппæт куыстытæ дæр гъæдджынæй бакæныныл. Хæрзарæзт цæуынц тротуартæ æмæ цъæхдарæнтæ.

Уынгтæ аразы «Дорэкспострой». Паддзахадон заказгæнæг та у Арæзтад æмæ архитектурæйы министрад. Ныртæккæ Паддзахадон унитарон куыстуат «Дорэкспострой»-йы аразтадон бригадæ, хæрзарæзтадон куыстытæ кæны Остъайы фырты уынгыл. Ацы уынджы зæххыбын инженерон-коммуникацион куыстытæ ивд æрцыдысты ивгъуыд аз, уымæ гæсгæ ныртæккæ ам цæуы асфальтмæ цæттæгæнæн куыстытæ. Тротуарты кæрæтты æвæрд цæуынц бордюртæ, уыдон «Дорэкс-построй» æлхæны бынæттон заводы. «Дорэкспострой»-ы генералон директор Лалыты Мурат куыд зæгъы, афтæмæй, ацы мæй Остъайы фырты уынджы хæрзарæзтад фæуыдзæнис кæронмæ. Уынгæн йæ дæргъ у 600 метры бæрц. Уынджы цæрджытæ стыр æхсызгонимæ æмбæлынц сæ уынджы арæзтадыл. Кæд рæстæгмæ сæ хæдтулгæтæн сæ кæртмæ баскъæрыны фадат нæй, уæддæр, уымæ нæ кæсгæйæ, райгонд сты аразæг бригадæйы куыстæй. Хатт сæм цæрджытæ сæхæдæг дæр се ’ххуысы къух фæдаргъ кæнынц. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ацы уынг дæргъвæтин рæстæг уыд æдзæллаг уавæры. Уæлдайдæр та зæххыбын коммуникацитæ реконструкцигонд куы æрцыдысты, уый фæстæ. Ныр цæрджыты цинæн кæрон нæй æмæ бузныджы ныхæстæ зæгъынц Хуссар Ирыстоны Президентæн.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.