Нæ республикæйы арæзтцæуæг объекты куыстытæ куыд æххæст цæуынц, сæ разы цы проблемæтæ æвзæры, уыдон аиуварс кæныныл цы куыст цæуы, уыдон æмæ æндæр   фарстытыл дзырд цыдис 2015-2017 азтæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныныл контролы фæдыл штабы радон рабадты Хицауады сæрдар Хъуылымбегты Доментийы сæрдариуæгадæй.

Рабадты ма хайад райстой профилон министрадтæ, ведомствоты, подрядон организациты, контролгæнæг органты къухдариуæггæнджытæ.

Ацы рабадты дæр уынаффæ цыд, аивгъуыйгæ рабадты цы хæстæ лæвæрд æрцыдысты, уыдон куыд æххæст цæуынц, уыцы фарстыл.

Рабадты райдианы Хицауады Сæрдар æрсидт аразджытæм, цæмæй æнкъарой фылдæр бæрндзинад сæ разылæууæг хæстæ æххæст кæныны æмæ зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, аз кæронмæ фæхæццæ кæны æмæ уыимæ фæуд кæны 2016 азæн Инвест-программæйы фæлгæтты арæзтцæуæг объектты эксплуатацимæ радтыны рæстæг дæр.

Сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы фæдыл комитеты сæргълæууæг Дзассеты Сергейæн хæсгонд уыд, цæмæй газынымайæнты фæдыл абонентты бæрц бæлвырд æрцæуа æмæ информаци бавдиса, гарантион хæслæвæрдты фæлгæтты сæ ивын кæм хъæуы, уыцы адресты тыххæй. Комитеты сæрдар куыд загъта, афтæмæй горæты ивд æрцыдысты 80 газнымайæны, афтæ ма бæлвырд æрцыдысты дæс адресы, цыран сæ хъæуы раивын. Хъуылымбегты Доменти республикон унитарон куыстуат «Энергоресурс-Хуссар Ирыстон»-ы генералон директор Гæбæраты Аланæн бахæс кодта, цæмæй анализ арæзт æрцæуа сæвзæргæ уавæрæн.

«Æз курæг дæн, цæмæй анализ арæзт æрцæуа, электронымайæнтæ цы аххосагмæ гæсгæ хæлынц, уымæн æмæ æмбæлон ин-формаци лæвæрд æрцæуа арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Эверест»-æн, цæмæй йе специалисттæ контроль кæной се ‘вæрыны технологийыл æмæ дарддæр мауал хæлой», – банысан кодта Хицауады Сæрдар.

Рабадты «Эверест»-ы минæвар Хицауады Сæрдарæн радзырдта Дзадтиайы фырты уынгыл кæй æрæвнæлдтой газнымайæнтæ æвæрыны фæдыл куыстытæм.

Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæдивæг Гаглойты Сергей рабадты хайадисджыты базонгæ кодта 2017 азы горæты уынгтæ куыд хæрзарæзт цæудзысты, уыимæ, газы хызæгты проект кæныны фæдыл, республикон унитарон куыстуат «Энергоресурс-Хуссар Ирыстон»-ы фæндæттæ бахынцгæйæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ фидæн азы план цæуы 7 уынджы газæй сифтонг кæныны фæдыл куыстытæ ба-кæнын. Æмæ æппæт планцæуæг куыстытимæ дæр зонгæ цæудзæнис паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс-Хуссар Ирыстон».

Гаглойы фырт ма радзырдта республикæйы арæзтцæуæг объектты куыстытæ куыд цæуынц, уый тыххæй.

Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры арæзтады фæдыл дзургæйæ, уый банысан когдта, зæгъгæ, ныртæккæ ацы объекты куыст цæуы йæ фасады декаративон æгъдауæй фæлындзыныл. Аразджытæ мидæгæй кæнынц бæстонгæнæн куыстытæ, хæрзарæзт цæуы йæ алыварс территори. Афтæ ма кусынц электроифтонгады, астæрдтыл линолеум æвæрыны, къултыл керамикон плитæ æвæрыны фæдыл куыстытæ. Ам ныр-тæккæ æппæт уыцы куыстытæ æххæст кæнынц 210 адæймаджы.

Университетон комплексы тыххæй та загъта, зæгъгæ, ам та кусы 104 адæймаджы. Уыдон амайынц къултæ, кæнынц æмбæрзæн куыстытæ, æвæрынц рудзгуытæ, афтæ ма кæнынц къулсæрдæн куыстытæ дæр. Арæзтады министры хæдивæг ма куыд загъта, афтæмæй арæзтадон куыстытæ æххæст цæуынц Тельманы уынджы 10 фатерон цæрæн хæдзары дæр. Ам та кусынц 28 адæймаджы. Æппæт фатерты дæр кæнынц бæстонгæнæн куыстытæ. Ацы фарсты фæдыл дзургæйæ, Хицауады Сæрдар Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Æлборты Аланæн бахæс кодта, цæмæй Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрадимæ иумæ бакусой ацы хæдзары закъонон бындуртæм гæсгæ цæрджыты æрцæрын кæныны фарстыл.

Афтæ ма Хъуылымбегты Доменти хæслæвæрд радта Æнæниздзинад хъахъхъæныны, Ахуырады æмæ Культурæйы министрадтæн, Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитетæн, цæмæй хицауадмæ бавдисой Уæрæсейы Федерацийы æххæсткæнынадон хицауиуæгады федералон органтæм фыстæджы халдихтæ. Уыцы фыстæджы дзырд цæуы Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты ацы аз эксплуатацимæ лæвæрд чи æр-цыдысты, уыцы объектты дарынæн 2017 азы уæлæмхас бюджетон хæрдзты тыххæй.

Æмбырды ма уынаффæ цыд сывæллæтты республикон рынчындоны бæстыхайы арæзтады кæройнаг этапмæ хауæг фарстытыл. Йæ аразæг – арæзтадон организаци арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «СМТ-Юг»-ы къухдариуæггæнæг Коцты Олегы ныхæстæм гæсгæ ныртæккæ бæстыхайы мидæг цæуынц иугæнæн-бæстонгæнæн куыстытæ, штатон режимы кусынц хъæрмад æмæ донифтонгады системæ. Уый ма куыд загъта, афтæмæй ифтонггæрзтæ æвæрд цæуынц сфидаргонд графикмæ гæсгæ. Аппараттæ цæуынц монтаж æмæ лæвæрд цæуынц эксплуатацимæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыцы куыстытæ дæр фæуыдзысты ацы мæйы кæронмæ.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.