Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли йæ къух æрфыста, коронавирусон инфекци COVID-19-æй рынчынтæн хос кæнынæн Цхуырбаты Гурамы номыл горæты стадионы территорийыл æфсæддон-быдырон госпиталь равæрыны тыххæй Уынаффæйыл, кæцыйы сæйраджыдæр дзырдæуы:

«1. Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрад Республикæ Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрад, горæт Цхинвалы администрациимæ, афтæ ма æххæсткæнынады хицауады æндæр органтимæ бацæттæ кæнæд инфраструктурæ æмæ сорганизаци кæнæд Цхуыбарты Гурамы номыл горæты стадионы территорийыл æфсæддон-быдырон госпиталы равæрд.

2. Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитетæн йæ дæлведомствойон паддзахадон уагдон «Спортивон бæстыхæйттæ»-имæ сæххæст кæнæт æппæт æнæмæнгхъæуæг архайдтытæ ацы Уынаффæйы 1 пункт сæххæст кæныны тыххæй æфсæддон-быдырон госпиталы куысты рæстæджы».

Ацы Уынаффæ сæххæст кæнынимæ баст координацион архайдтытæ æвæрд æрцæуæд Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Бекъойты Геннадийыл. Уынаффæ йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.