Ныртæккæ бирæ ис алыгъуызон фондтæ, уыцы нымæцы хæрзиуæгон фондтæ дæр. Раст зæгъгæйæ адæм стыр æууæнк не ‘вæрынц ахæм организацитыл, уымæн æмæ сæ хъуыдыйы æрбиноныг   ахæм дызæрдыгдзинад: ома, уыдон хæрыны куыстæй дарддæр ницы архайынц. Афтæ у æви нæ, уый   фидарæй ничи зæгъдзæн. Чизоны æмæ ис ахæм хæрзиуæгон фондтæ дæр, æцæгæй адæмы хæрзиуæгæн арæзт чи æрцыд. Адæймаджы хъуамæ царды хорздзинад дæр уырна.

Уый фæдыл мæ фæнды цыбыртæй иу хæрзиуæгон фонды кой ракæнын. Уый у Хъырымаг хæрзиуæгон фонд «Сила мысли». Йæ сæйраг офис – Симферополы. Йæ сæргълæууæг у Денисов Максим Олегы фырт. Фонды Цæгат Кавказы регионалон разамонæг та у Станислав Шевляков. Ацы адæймагимæ куы фæзонгæ дæн, уæд мæ тынг зæр-диагæй бафæндыд фонды кой ракæнын, уымæн æмæ йæ разамон-джыты зæрды ис сæ куыст Хуссар Ирыстоны дæр райтынг кæнын.

Уæдæ цы архайæг у ацы фонд æмæ йæм цы фæндтæ ис. Фонд «Сила мысли»-йæн йæ сæйрагдæр аудинаг сты æххуысхъуаг сывæллæттæ. Уыдонæй дарддæр ма – сфæлдыстадон организацитæ æмæ курдиатджын адæмæй æххуысхъуаг чи у, уыдон. Станислав Шевляков мын куыд радзырдта, афтæмæй алы æххуысхъуаг адæймаг кæнæ адæймæгты къордæн дæр фадат уыдзæн уыдонмæ бахатын, æмæ йæ куырдиат æнæдзуаппæй нæ баззайдзæн.

Хæрзиуæгон фонд «Сила мысли» ныртæккæ дæр активонæй архайы Цæгат Ирыстоны территорийыл, Хъырымы, Мæскуыйы, Санкт-Петербурджы. Æввахс рæстæджыты ауадзинаг сты хæрзиуæгон концерт. Сæйраг архайæг дзы уыдзæн Хадыккаты Аланæ. Аланæ ныридæгæн сси бирæ конкурсты лауреат, уыцы нымæцы 2015 азы райста Цъæйы фестивалы гран-при. Ахæм концерттæ уадзыны сæр сæ уымæн хъæуы, æмæ уый у сæ архайды финансон бындуры сæйраг хай. Станислав куыд зæгъы, афтæмæй сæм ис стыр фæндтæ Хуссар Ирыстоны сæ архайд æрбиноныг кæныны тыххæй. «Нырма нын Хуссар Ирыстоны хицауадимæ ницы бадзырдтæ уыдис, нæма зонæм, куыд сæм бадзурæм, уый», – худгæбылæй мын бамбарын кодта Станислав.

О, фæлæ сæм уыцы фæндтæ кæй ис, уый иттæг хорз у. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, Хуссар Ирыстоны бирæ æххуысхъуаг адæм ис, уæлдайдæр та сабиты æхсæн, стæй сфæлдыстадон фадыджы дæр.

Станислав Шевляков куыд зæгъы, уымæ гæсгæ Хъырымы фондæн йæ нысан у, Таможнæйон цæдисы сконды цы бæстæтæ сты, уыдоны се ‘ппæты дæр иу платформæйы бын æрбаиу кæнын. Хорз уаид, Хуссар Ирыстоны хæрзиуæгон фондтæ ацы уавæрæй куы спайда кæниккой æмæ иудзинад куы ссариккой хæрзиуæгон фонд «Сила мысли»-имæ.

Ахæм сты цыбыртæй нæ зонæнтæ Æппæтуæрæсейаг хæрзиуæгон фонд «Сила мысли»-йы архайд æмæ фæндты тыххæй. Чизоны æмæ сæ куысты æнтыстæй Хуссар Ирыстоны æххуысхъуаг адæм дæр фæхайджын уой. Уæд уый уаид æцæг хæрзиуæг нæ адæмæн.

Годжыцаты Нелли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.