Хуыбылты Валерийы номыл улæфæн паркы арæзтад дæр кæронмæ фæхæццæ кæны. Æрæджы дæр ма ам техникæ æмызмæлд кодтой, ластой сау мæр æмæ аразджытæ йедзаг кодтой тротуартæ, сквертæ, тротуартыл æвæрдтой плиткæ. Парчы цы рагон бæлæстæ уыд, уыдон тæссагдзинад кæй æвзæрын кодтой, уымæ гæсгæ сæ ракалдтой æмæ дзы ныссагътой ног талатæ, алыгъуызон цъæхдарæнтæ, дидинджытæ.

Леуахийы былгæрæтты арæзт æрцыдис бетон систæ, æфсæнæмбонд, цæмæй тас ма уа донивылды рæстæджы паркмæ дон бакалынæй. Паркы арæзт æрцыд теннисæй хъазæн фæзуат дæр. Уагъд æм æрцыд рухсы хæххытæ, цы бирæ нымæц телцæджындзтæ дзы ис, уыдон кæрæдзимæ æввахс сагъд кæй сты, уымæ гæсгæ æхсæвыгæтты ам уыдзæн æмбæлон рухс. Арæзт дзы æрцыд къахбынæттæ, кæцытæ ифтонг сты дон æмæ рухсæй.

Парчы арæзтады прораб Джиоты Фронтик куыд зæгъы, афтæмæй октябры мæйы нæ горæты дыккæгæм астæуккаг скъолайы педколлектив æмæ ахуыргæнинæгтæ ам ныссагътой дзæвгар талатæ æмæ дидинджытæ. «Кæд нырма йæ территори быгъдæг зыны, уæддæр цалдæр азмæ Советон дуджы куыд уыд, уымæй бирæ аивдæр суыдзæн», – зæгъы Джиоты Фронтик.

Арæзтад æмæ архитектурæйы министрады куыд зæгъынц, афтæмæй парчы арæзтадæн рахицæн æрцыд 33,5 милуан сомы. Проект ын сарæзта Цæгат Ирыстон-Аланийы проектон организаци ОАО «Севосетинавтодор». Парчы территори у 20 мин кв. метры.

Парчы астæу раздæр куыд уыд, афтæ уыдзæн цад. Иууыл стырдæр хæрзиуæг сабитæн ам суыдзысты алыгъуызон аттракционтæ æмæ электронон хъазæнтæ. Парчы ма уыдзæнис кафе дæр. Иу ныхасæй, ам æппæт фадæттæ дæр уыдзæнис, цæмæй сæ сæрибар рæстæг куыд æмбæлы, афтæ æрвитой канд фæсивæд нæ, фæлæ ацæргæтæ дæр. Спортыл хæст адæймæгтæн та дзы гом арвы бын арæзт цæуы тренажертæ.

Афтæ, æмæ Хуыбылты Валерийы номыл парк ногæй суыдзæнис нæ горæты цæрджыты уарзондæр бынат.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.