Республикæйы паддзахадон бæрæгбонтæй сæйрагдæртæй сæ иу у 20 сентябрь. Уæд, 1990 азы фыццаг сæвзæрст Парламенты депутаттæ расидтысты Хуссар Ирыстоны Советон Демократон Республикæ Советон Цæдисы сконды. Уыцы бон нæ республикæ сарæзта йæ фыццаг къахдзæф хæдбардзинад æмæ дунеон банымадмæ фæндагыл.

Республикæ расидыны боныл бирæ депутаттæ æмæ активисттæ куыстой. Бирæ зындзинæдтæ æмæ æфхæрд æййæфтой сæхæдæг дæр æмæ сæ бинонтæ дæр. Куыстой æхсæвыгæтты дæр æнæ электроны рухсæй – цырагъ æмæ лампæты рухсмæ. Хъыгагæн, Ирыстоны рæсугъд æмæ сæрибар сомбоныл чи куыста, йæхи уыцы хъуыддагæн чи снывонд кодта, уыдонæй абон бирæтæ аззадысты, цæмæдæр гæсгæ рохуаты.

Знон нæ горæты, Хетæгкаты Къостайы цырты цурмæ æрæмбырд сты фыццаг сæв-зæрсты депутаттæ æмæ активистты иу къорд. Уыдон равдыстой се ‘нæразыдзинад. Уæды сæвзæрст депутатты къорд домы, цæмæй ацы ахсджиаг æмæ нæ бæстæйы размæцыды тыххæй æгæрон куыст чи бакодтой, уыдонæй иуæй-иуты ном рохуаты ма зайа.

Бæстæйы уæды финансты министр Дыгъуызты Георги арфæ ракодта ацы боны цытæн, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, уыцы иумиаг хъуыддагыл чи куыста, æхсæв æмæ бон кæмæн нæ уыд, уыдонæй бирæты нæмттæ рохуаты аззадысты. “Уымæй дарддæр ма мæм ис хуссарирыстойнаг областон советы адæмон депутатты 14 сессийы суагъæ. Ацы документы сессийы нымæрдарæй фыст у Зæгъойты Н., кæд æмæ уæд нымæрдар уыд Елойты Лианæ. Боны фæтк дæр нæу йæ уагыл», – дзырдта Георги.

Йæ хъуыдымæ гæсгæ ацы хъуыддæгтæ зыгъуыммæ кæнынц, уыцы рæстæджы оппозицийы чи уыдысты, уыдон.

Æрæмбырдуæвджытæ æмхъæлæсæй банысан кодтой, зæгъгæ, уыцы рæстæджы документтæ хъуамæ уой архивы, цæмæй историон цаутæ чи зыгъуыммæ кæны, уыдон æм-барой, афтæ гæнæн кæй нæй.

Ленингоры районæй Мæргъиты Анатоли дæр дзырдта уæды хабæрттыл, зæгъгæ, звиадисттæ æдзух зылдысты сæ фæдыл æмæ сæ бæрæг кодтой кæдæм цæуынц, кæцæй цæуынц.

«Сæ фæнд уыд афтæ – Хуссар Ирыстоны областы статус скуынæг кæнын, Ручъы тъунел сæхгæнын æмæ ирон адæмы интерестыл мауал разы кæнын. Фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, мах уыдыстæм нæ нацийы интересты сæрыл хæцæг», – дзырдта Анатоли.

Цоциты Емзар уæд депутат нæ уыд, фæлæ уыд активист. Емзар  æмæ Анатолийы, æгæрыстæмæй, марынвæнд кодтой, уымæн æмæ арæх цыдысты Чъребамæ, ныхас кодтой митингты, активон хайад истой æхсæнадон царды. Ацы æмбæстæгтæ бар-æнæбары сыстадысты æмæ Цæгат Ирыстонмæ ацыдысты цæрынмæ, уымæн æмæ сæ цардæн тæссаг уыд.

– Истори раст фæндагыл хъуамæ ацæуа, – ахæм уыд Чысиаты Динарæйы хъуыды. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, разы нæу, интеллигенцийы минæвæрттæй бирæтæ афтæ куы дзурынц, ома, 1990 азæй райдыдта ныхмæлæуд. 1990 азæй райдыдта хæст ирон адæмы ныхмæ. 1986-87 азæй фæстæмæ та райдыдта гуырдзиæгтæ æмæ ирæтты ныхмæлæуд.

Къæбысты Валентинæ уыд депутат. Уый дæр дзырдта уæды рæстæджы уæззау фыдæбæттыл. Æдзухдæр йæ адæмы уæлхъус уыд, цард йæ адæмы цардæй. Уый ма зылд адæмыл æмæ æмбырд кодта хæлцадон продукттæ æмæ хæринаг арæзта, бæстæйы знагæй чи хъахъхъæдта, уыцы лæппутæн.

Ацы депутаттæ æмæ активисттæ дзырдтой, зæгъгæ, мах нæхицæй хъайтартæ нæ аразæм, хъайтартæ уыдысты, хæстон рæстæджыты нæмыджы ныхмæ чи лæууыд, ам чи уыд, æмæ хæцæг лæппутæн ныфс чи лæвæрдта, уыдон.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.