Знауыры район зындгонд æмæ кадджын у йæ уазæгуарзондзинад æмæ куыстуарзондзинадæй, стæй  цы зынгзæрдæ революционер æмæ патриот   Айдарты Знауыры ном хæссы, уымæй. Ацы аз йæ адæмыл æнувыд хъæбулы райгуырдыл сæххæст 130 азы æмæ районы сырæзтыл та – 90 азы.

Айдарты Знауыр райгуырд Цæгат Ирыстоны Хъæдгæроны хъæуы зæхкусæг бинонты хæдзары. 1917 азы Знауыр æмæ Рæмонты Хадзымæты къухдариуæгадæй Тбилисы арæзт æрцыд ирон большевикон организаци æмæ уый бындурыл 1918 азы та арæзт æрцыд организаци «Чермен».

1918 азы репресситы фæстæ меньшевикон Гуырдзыстоны политикон архайд хаст æрцыд Хуссар Ирыстонмæ æмæ уый фæстæ Айдарты Знауыр арæхдæр цыд ирон хъæутæм, цыран зæхкусæг адæмы ‘хсæн уагъта пропагандон куыст. Архайдта партизанты къордты организациты æмæ къухдариуæг кодта растадтæ бацæттæ кæныныл. Уыцы аз ма августы мæйы Дзауы адæмон делегатты съезды æвзæрст æрцыд хуссарирыстойнаг национ советы æмсæрдарæй. 

 1919 азы октябры мæйы æрцыд Хуссар Ирыстонмæ æмæ æххуыс кодта Гуырдзыстоны меньшевикты ныхмæ æфсæддон растадæн. Уый фæстæ æрвыст æрцыд Хашуры районмæ, цыран адарддæр кодта уыцы куыст. Уыцы аз ноябры мæйы Гуырдзыстоны меньшевикон æфсæддонтимæ æнæмсæр тохы Айдарты Знауыры æрцахстой. Знауыры Хцисы хъæуы  ракодтой  фæзуатмæ æмæ  хъæуы цæрджыты раз фехстой. Йæ мæлæты размæ ма уый ныхъæр кодта: «Мæнæн мæ тугкалд æнæхъуаджы нæ фæуыдзæн. Ме ‘фсымæртæ адарддæр кæндзысты сæрибардзинады сæрыл тох!».

Уыцы уæззау хъуыддаджы фæстæ сыхаг хъæу Крисхеуы зæхкусæг адæм скъахтой Айдарты Знауыры мард буар æмæ йæ баныгæдтой хъæуы уæлмæрды. Цырт æвæрд ын æрцыд, куыд æмбæстагон хæсты хайадисджытæй иууыл зынгæдæр тохгæнæг, афтæ.

Уый номыл 1931 азы  Оконайы район ивд æрцыд Знауыры районæй.

Ацы мæйы кæрон æрвылаз дæр Знауыры район фæнысан кæны районы сырæзты бон. Ацы аз та нысан цыдысты юбилеон мадзæлттæ: Айдарты Знауыры райгуырдыл 130 азы æмæ  районы сырæзтыл та 90 азы кæй сæххæст, уый. Ацы нысаниуæгджын бæрæгбонтæм æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кастысты, куыд районы къухдариуæгад, афтæ йæ цæрджытæ дæр. Уыдон зæрдæрайæ æмæ сæ тыхтыл æнæауæрдгæйæ сæхи бацæттæ кодтой ацы ахсджиаг бæрæгбонтæм.

Знауыры районы къухдариуæгад администрацийы сæргълæууæг Хуыбиаты Сосланы сæргълæудæй цытджын уазджытыл ирон æгъдаумæ гæсгæ сæмбæлдысты районмæ бацæуæны Уастырджийы цырты раз. Юбилеон бæрæгбон нысан кæнынмæ фæуазæг сты Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Парламенты Сæрдæрттæ Пухаты Эрик æмæ Тадтаты Алан, Президенты Администрацийы сæргълæууæг Козаты Игорь, хицауады уæнгтæ, Парламенты депутаттæ æмæ æхсæнады минæвæрттæ.

Кад кодтой хъайтарæн

Знауыры районы администрацийы Ветеранты советы сæрдар Гобозты Уасил Айдарты Знауыры цырты раз цыбыр митинджы æрдзырдта зынгзæрдæ патриоты цыбыр, фæлæ хъæздыг цардвæндагыл. Банысан ын кодта йæ хъæбатырдзинад, зæхкусæг адæмы, сæрибары сæрыл тохы фæндæгтыл. Уый фæстæ республикæйы бæрнон кусджытæ æмæ районы цæрджытæ хъайтары цырты раз сæвæрдтой дидинджытæ æмæ веноктæ.

Сæнусон кодтой Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты ном

Ирыстоны уæззау бонты фæстæ нæ фæлæууыдысты Знауыры районы цæрджытæ дæр. Уыдон стырæй-чысылæй слæууыдысты, Гуырдзыстоны неофашистон политикæ Хуссар Ирыстоны адæмы ныхмæ цы геноцид уагъта, уый ныхмæ. Æппæт зындзинæдтæм нæ кæсгæйæ, æхсæвæй-бонæй æппæт дæр арæзтой, цæмæй райгуырæн бæстæ бахъахъхъæной знагæй. Хъыгагæн, уыдонæй бирæтæ сæ сæртæ нывондæн æрхастой Фыдыбæстæйы сæрибардзинады сæрыл. Уыцы уæззау бонтæй кæд азтæ рацыд, районы цард цадæггай æндидзы, рæзы дзы социалон нысаниуæджы объекттæ, уæддæр цæрджытæ сæ зæрдыл дардзысты се ‘мзæххонты хъæбатырдзинад. Уымæн æвдисæн ссис, бæрæгбонтæ нысан кæныны фæлгæтты поселочы астæу цæрджыты æмæ районæй ацæугæ æмбæстæгты æххуысæй Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты номыл цы цырт байгом, уый.

Районы администрацийы экономикæйы хайады сæргълæууæг Пухаты Сергей цытджын мадзалы банысан кодта, зæгъгæ, цырт арæзт æрцыд районы равзаргæ фæсивæды номыл – 1989 азæй суанг 2008 азмæ Ирыстоны сæрибардзинады сæрыл йæхи нывондæн чи ‘рхаста, уыдоны рухс ном арыны цытæн.

«Ацы цырт саразыны фæндон бахаста районы администрацийы раздæры сæргълæууæг Гæбæраты Инал. Уый бахатыд районы цæрджытæм, цæмæй сæнусон кæной уыцы хъæбатырты ном.

Раздæр-иу ацы зынгхуыст лæппуты ном куыннæ ардтам, фæлæ сæ номыл сæрмагонд бынат нæ уыд. Ныр алы æмбæстагæн дæр фадат уыдзæн дидинджытæ сæвæрынæн дæр æмæ цырæгътæ ссудзынæн дæр мысæн мадзæлтты рæстæджы», – дзырдта ныхасгæнæг.

Уый организаторты номæй бузныг загъта, ацы ахсджиаг хъуыддаг саразынмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ акаст, уыдонæн, уымæн æмæ цы фæрæзтæ æмбырд æрцыд, уыдон фаг нæ уыдысты, цæмæй цырт кæронмæ арæзт æрцыдаид. Бузныг загъта бæстæйы къухдариуæгады минæвæрттæн, се ‘мбаргæ ахаст æмæ æххуысы тыххæй.

Йæ раныхасы фæстæ Пухаты Сергей цытджын уавæры байгом кодта Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты номыл цырт. Уый фæстæ Республикæйы Хицауад æмæ Парламенты уæнгтæ, бынæттон администраци æмæ æхсæнады минæвæрттæ веноктæ æмæ дидинджытæ сæвæрдтой цырты раз.

Районы скъоладзау фæсивæд дæр ацы мадзалмæ сæхи бацæттæ кодтой иттæг хорз. Патриотикон æмдзæвгæтæ æмæ зарджытæ ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл æххæст кодтой цырты раз. Ахуыргæнинæтæй сæ иу – Джиоты Аслан ма бафарста йæхи фыст æмдзæвгæ дæр.

Цытджын æмбырд

Юбилеон бæрæгбонты цытæн цытджын æмбырды хæдразмæ хайадисджыты рæгъмæ хаст æрцыд чысыл репортаж Знауыры районы тыххæй, кæй ном хæссы, уымæн йе ‘нувыд тохы тыххæй. Афтæ ма фæстаг рæстæджы район куыд рæзы, куыд ивы хорзæрдæм æмæ дзы цард куыд æндидзы, æппæт уыдæтты фæдыл.

Знауыры районæй рацæугæ, Республикæйы Национ музейы директор Зассеты Мераб йæ ныхасы банысан кодта, сæрыстыр кæй у йæ районæй, йæ цæрджыты уазæгуарзондзинадæй, бонæй-бонмæ куыд ивы йæ хуыз. Бузныг загъта бæстæйы къухдариуæгадæн, ахæм нысаниуæгджын бон сæ фарсмæ кæй сты, сæ цин семæ кæй дих кæнынц.

Уый дзырдта Айдарты Знауыры егъау сгуыхтдзинæдтыл, йæ патриотизмыл, йæ революцион змæлд æмæ йæ фæдыл кæй кодта йæхи хуызæн патриотты цæгатæй хуссармæ гуырдзиаг меньшевикты куынæг кæнынмæ. Банысан кодта, районы цæрджытæ, кæй ном хæссы, уый кады хъуыддæгтимæ сæ  сывæллæтты чысылæй фæстæмæ кæй зонгæ кæнынц.

Уый ма бузныг загъта районы цæрджытæн, бæрæгбон æмбæлон уагыл кæй нысан кæнынц, уый тыххæй æмæ бакаст йæхи фыст æмдзæвгæ.

Районы администрацийы сæргълæууæг Хуыбиаты Сослан зæрдиаг арфæтæ ракодта йæ районы цæрджытæн, бузныг загъта бæстæйы къухдариуæгады минæвæрттæн, семæ ахæм ахсджиаг бæрæгбон кæй нысан кæнынц, уый фæдыл. Дзырдта ма районы рæзт æмæ æндидзынады дарддæры плæнттыл, уымæ стыр хайбавæрд хæссынц йæ сырæзтæй фæстæмæ йæ цæрджытæ æмæ районæй ацæугæ зындгонд æмбæстæгтæ. Уыдонæй бирæтæн стыр æнтыстытæ ис алы фадгуыты – ахуырады, спорты, культурæйы, активон хайад исынц республикæйы æхсæнадон-политикон царды. Йæ дæлбаруæвæг районæн йæ цæст бауарзта размæцыд æмæ дидинæфтыд. Бузныг ма загъта бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли æмæ хицауадæн, цы стыр æххуыс сын кæнынц, уый тыххæй.

Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик Президент Бибылты Анатолийы номæй, хицауады æмæ сæрмагондæй йæхи номæй арфæ ракодта Знауыры районы цæрджытæн. Йæ цæст сын бауарзта стыр æнтыстытæ районы хæрзæбонæн.

Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад æмæ йæхи номæй ма знауырæгтæн раарфæ кодта министр Медойты Димитр. Бафæндыд æй, цæмæй Знауыры ном район хæсса сæрыстырæй æмæ фæрнджынæй.

Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты ахуыргæнджытæ æмæ студентты номæй та арфæйы ныхæстæ загъта йæ ректор Тедеты Вадим. Уый банысан кодта, районæй хорз бацæттæгонд ахуыргæнинæгтæ сæ къах кæй бавæрынц университеты къæсæрæй æмæ сæхи хорз студенттæй кæй равдисынц.

Национ банг æмæ Æфснайæн банчы номæй та бæрæгбонон арфæтæ загъта Зассеты Феликс.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ раныхасгæнджытæ афтидарм кæй нæ уыдысты, алчидæр бакодта бæрæгбонон лæвар районы къухдариуæгадæн.

Бæрæгбоны цытæн ма æвдыст æрцыд чысыл концерт, цыран хайад истой бынæттон аивадон коллективтæ æмæ Цæгат Ирыстонæй цалдæр зарæггæнæджы.

Бæркадджын тыллæджы къæбиц æмæ сывæллæтты къухтæй конд куыстытæ

Бæрæгбонон мадзæлттæ фæрæсугъддæр сты, районы бынæттон администрацитæ Знауыры центры парчы бæркадджын фæззæджы æркæнгæ тыллæгæй цы фынгтæ равæрдтой, уыдонæй. Уыдон рæдауæй æмбæлдысты бæрæгбонмæ æрцæуæг уазджытыл. Зæрдæхæлар арфæтæ, бирæ æнтыстытæ, хъæздыг фæллойы фæндиæгтæ уарзта алкæй зæрдæ дæр фысымтæн.

Бæрæгбонмæ æрцæуæг адæм федтой районы Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны ахуыргæнинæгты къухтæй конд бисерæй быд дзаумæттæ æмæ нывтæ. Уыдон цымыдисон уыдысты сæ аив арæзт æмæ кондæй.

Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны ахуырады хайады сæргълæууæг Чъелиты Занда нын куыд загъта, уымæ гæсгæ хъомылгæнинæгты куыстытæ æвдыст цæуынц республикон равдыстыты æмвæзадыл. Махæн, зæгъгæ, æхсызгон у, нæ галуаны хъомылгæнинæгты куыстытæ ахæм уæрæх аудиторийы рæгъмæ хаст кæй æрцæуынц.

Бæрæгбонон арфæтæ

Тедеты Ноннæ –  районы администрацийы культурæйы хайады сæргълæууæг:

– Ацы бæрæгбонмæ мах цæттæ кодтам дысæсчъилæй. Бирæ нын баххуыс кодтой бæстæйы къхдариуæгад, уый тыххæй сын –  хицæн бузныг.

Мах бацархайдтам, цæмæй районы цæрджытæ æмæ немæ ацы бæрæгбон чи нысан кæны, уыдон райсой æхцондзинад. Уый тыххæй мах фæхуыдтам Цæгат Ирыстонæй хицæн зарæггæнджытæ æмæ аниматорты, цæмæй бæрæгбон мидисджындæр уа.

Ацы бæрæгбонты фæдыл астæуккаг скъолаты уагъд цыдысты алыгъуызон конкурстæ, хуыздæр æмдзæвгæтæ æмæ сочиненитæ фыссынæй.

Фæнды мæ мæ районæн æнтыстытæ, ахæм бæрæгбонтæ арæхдæр уагъд куыд цæуой. Сабырад æмæ хæрзиуджытæ мæ уарзон районæн.

Гатыгкоты Дианæ – районы скъолайы зарæггæнджыты кружочы къухдариуæггæнæг:

– Мæнæн æхсызгон у, районы ахæм уæрæх бæрæгбон нысан кæй цæуы, уый. Фæнды мæ мæ районæн æнтыстытæ, цард дзы цы æндидза, нæ кæсдæртæ куыд уой æгъдауджын, кадджын æмæ намысджын, размæ цы цæуой царды бæрзæндтæм.

Районы бирæ арæзт цæуы, æмæ мæ фæнды, цæмæй сомбон ноджы фылдæр арæзт æрцæуа, адæм сæ уд æмæ сæ хъарутæ радтой районы цæрынæн æмæ ардыгæй ма лидзой. Фæнды мæ, цæмæй нæ районы цæрджытæ æдзух нысан кæной бæрæгбонтæ.

Æппæт бæрæгбонон мадзæлтты кæрон ма боны дыккаг хайы уагъд æрцыд концерт аниматорты хайадистæй. Уыдон хъæлдзæг кодтой сывæллонæй æвзонгмæ районы цæрджыты æмæ арæзтой бæрæгбонон зæрдæйы равг.

Изæры Знауыры районы центры сæрмæ арв ныррухс бæрæгбонон фейерверктæй. Районы цæрджытæй алчи дæр бæрæгбонон æнкъарæнтимæ здæхт йæ фæрныг хæдзармæ.

КЪÆБУЛТЫ М.,

ТАНДЕЛАТЫ В.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.