Цхинвалы скъола-интернаты бынтон сидзæр æмæ æрдæг сидзæр сывæллæттæ, афтæ ма  социалон æгъдауæй фæкæсынхъуаг бинонты æмæ арæнгонд гæнæнтимæ сывæллæттæ кæй ахуыр кæнынц, уымæ гæсгæ уагдоны коллективыл ис уæлдай бæрнон хæс сæ хъомыладон куысты. Æппæт коллектив дæр архайы ууыл, цæмæй сидзæр æмæ æххуысхъуаг сывæллæттæ сæхи мæгуыргъуызæй  ма æнкъарой, дарынц сæм фæлмæн æмæ хъарм ахаст. Абон ахуырадон уагдоны ахуыр кæны 200 ахуыргæнинаджы, уыдонæй 24 сты коррекцион кълæсты ахуыргæнинæгтæ.

Скъола-интернаты арæнгонд гæнæнтимæ сывæллæттæ ахуыр кæнынц 1,2,5,6 æмæ 9-æм коррекцион кълæсты. Уыдонæн уагдоны дыккæгæм уæладзыджы  скъолайы къухдариуæгад Тедеты Роланды сæргълæудæй,  сæрмагондæй рахицæн кодта хицæн бынат. Уырдæм бацæугæйæ, ирдæй зыны скъолайы коллектив уæлдай тынгдæр кæй ауды ацы сывæллæттыл, уый. Арæзт сын æрцыдысты ахуыры процесс уадзынæн æппæт уавæртæ дæр. Коррекцион кълæсты ахуырдзауты хæрзиуæгæн горæт Кировæй контрактмæ гæсгæ фæхуыдтой специалистдеффектолог Александр Крысовы, кæцы цæстуарзон æмæ цæсгомджынæй кусы сывæллæттимæ æмæ йын ныридæгæн йæ куысты ис хорз фæстиуджытæ. Фæллойы ахуыргæнæг Остъаты Заирæйæн дæр йæ къухы хорз æнтыстытæ кæй æфты, уый бæрæг у коррекцион кълæсты сывæллæттæ сæхи къухтæй цы чысыл куыстытæ сæххæст кодтой, уыдонæй дæр. Алкæцы къласы ахуырдзаутæн дæр сæ куыстытæ равæрд æрцыдысты сæ кълæсты рахизæны, къæлидоры стъолтыл. Мæнæ нывы цы куыстытæ уынут, уыдон сарæзтой 9-æм коррекцион къласы рауагъдонтæ. Арæнгонд фадæттимæ сывæллæттимæ æвæллайгæйæ кусынц скъола-интернаты ахуыргæнджытæ Бететы Олеся (ахуыры хайы сæргълæууæг), Гаглойты Розæ, Тедеты Маринæ, Къæбысты Оксанæ, Плиты Мадинæ, Бестауты Мальвинæ, Плиты Мая æмæ бирæ æндæртæ. Ацы аз 9-æм коррекцион къласы ахуыр кодтой æртæ ахуыргæнинаджы, кæцытæн 24-æм майы цытджын æгъдауæй уагъд æрцыд фæстаг дзæнгæрæджы линейкæ. Бæрæгбонон мадзалмæ æрбамбырд сты скъолайы ахуыргæнджытæ, ныййарджытæ æмæ æндæр уазджытæ. Ахуырдзаутæ сæ арæхстдзинад равдыстой зарынæй, кафынæй æмæ æмдзæвгæтæ кæсынæй. Рауагъдонтæн зæрдæбын арфæтæ ракодтой сæ ахуыргæнджытæ. Скъола-интернаты директор Тедеты Роланд сæ схорзæхджын кодта кады  грамотæтæй. Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ 25-æм майы 11-æм къласы руагъдонтæн фæстаг дзæнгæрæджы линейкæ куы уыд, уæд коррекцион къласы ахуырдзауты дæр уагдоны директор фæхуыдта сценæмæ.

Æртæ рауагъдонæн  ныридæгæн бæрæг æрцыд сæ дарддæры хъысмæт, ома, ахуыр кæнынмæ бацæудзысты горæт Цхинвалы бирæпрофилон колледжмæ. Уыдон ныридæгæн фæлварæнтæ радтой сæрмагонд программæмæ гæсгæ.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ коррекцион кълæстæ скъола-интернаты баконд кæй æрцыдысты, уый кæй у стыр хæрзиуæгон хъуыддаг. Уымæн æмæ ацы хæрзиуæгон архайды фæрцы арæнгонд фадæттимæ сывæллæттæй бирæтæ аккаг бынат ссардзысты сæ дарддæры царды.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.