Ахæм номимæ Æхсардзинады æмæ адæмон иудзинады боны сæраппонд цытджын æмбырд уагъд æрцыд киноконцертон зал «Чермен»-ы. Æмбырд байгом Хуссар Ирыстоны Паддзахадон гимны зæлтæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид йæ доклад саразыны агъоммæ ахызт официалон хайæ æмæ йе ‘нæразыдзинад равдыста, ацы боны сæраппонд цытджын мадзалмæ иуæй-иу бæрнон бынæтты кусджытæ куыдфæндыйы ахаст кæй равдыстой, уымæ.

«Нæ республикæйæн ахæм нысаниуæгджын боны цытæн мадзалмæ фылдæр активондзинад хъуамæ равдыстаиккой нæ адæм. Хъуамæ цæриккам ахæм хъуыдыимæ,   кæцы нæ ахæм бонты ноджы фылдæрæй æмбырд кæна», – банысан кодта Тыбылты Леонид.

Паддзахады сæргълæууæг бахæс кодта Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, Паддзахадон нысаниуæгджын мадзæлттæ уадзын æмæ цæттæ кæныны фæдыл республикон къамисы уæнгтæ æмæ Президенты Администрацийы кусджытæн, цæмæй сбæлвырд кæной, мадзалмæ хонæн гæххæттытæ æрвыст кæмæ æрцыд, уыдон цы аххосагмæ гæсгæ нæ райстой хайад мадзалы, уый.

«Уыдонимæ нын хицæн ныхас уыдзæн. Ахæм зæрдæйыуаг æмæ ахастимæ æз цæттæ нæ дæн ахæм адæмимæ кусынмæ.

Ацы бон хуссарирыстойнаг адæмæн у нысаниуæгджын. Уый æнустæм бацыд нæ республикæйы историмæ æмæ ссис æхсардзинады æмæ национ иудзинады символ, кæцы æвдыстой Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ. Уыдон знаджы ныхмæ слæууыдысты сæ фыдæлты зæхх бахъахъхъæнын, сæ сæрибардзинад æмæ сæ хъысмæт сæхæдæг сбæлвырд кæныны барты тыххæй. Æмæ мах хæсджын стæм, цæмæй ацы боны æхсардзинад ма рох кæнæм æмæ йын аргъ кæнæм», – дзырдта карзæй бæстæйы сæргълæууæг.

Дарддæр Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид раарфæ кодта Æхсардзинады æмæ адæмон иудзинады сæраппонд Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн (йæ доклад мыхуыр цæуы).

Ацы нысаниуæгджын боны сæраппонд цытджын æмбырды рæстæджы, уыцы бон 16 азы кæуыл сæххæст, уыдон бахатыдысты Президентмæ, цæмæй сын ацы нысаниуæгджын боны лæвæрд æрцæуой хуссарирыстойнаг æмбæстагдзинад æвдисæг паспорттæ. Ацы сæйраг документ Джиоты Арсен, Сланты Динæ, Æлборты Тамерлан, Джиоты Заринæ, Гаглойты Иннæ райстой Тыбылты Леониды къухæй.

Мадзаламонæг Тадтаты Таймураз цытджын мадзалы хайадисджыты базонгæ кодта, ацы боны цытæн цы арфæйы телтæ æрцыд, уыдонимæ.

Уадз, æхсардзинад, хъару Фыдыбæстæмæ уарзондзинад макуы æрнымæг уæд, кæддæриддæр немæ æмдзу кæнæт.

Цытджын мадзал адарддæр республикæйы Культурæйы министрады бацæттæгонд мадзалæй. Концертон программæ цымыдисон рауад йæ алыгъуызон номыртæй æмæ дзы районты культурон уагдæтты минæвæрттæ кæй уыд, уымæй. Фæлæ æнæзæгъгæ нæй уымæн дæр, æмæ сæрыстыр цы нысаниуæгджын бонтæй стæм, уыдон цытджын æгъдауæй нысан кæныны рæстæджы-иу сценæмæ рахизыны агъоммæ нæ фадбарцмæ дæр куы æркæсиккам. Ирон сылгоймаджы уæздандзинад æмæ æфсарм ма хъуамæ сафæм, стæй дæр нæ национ уæлæдарæс фæсарæйнаг уæлæдарæсæй æвзæрдæр нæу…

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.