Ме студентон азты цыд, М. Горбачев кæй райдыдта, уыцы рацарæзты процесс. Уымæй фадат фæцис не стыр хъомысджын бæстæйы ныппырх кæнынæн. Уыцы экстремалон уавæрты нæ интеллигенцийы минæвæрттæ дæр райдыдтой агурын фæндæгтæ, цæмæй ныл бæстæйы цæуæг халæн процесстæ куыд гæнæн ис, афтæ къаддæр бандæвтаиккой. Гуырдзыстоны хицауад конфликтон фарстатæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй ныхасмæ иу æмæ дыууæ хатт хуынд нæ цыдысты. Фæлæ уыдон аскъуыддзаг кодтой тыхы руаджы сæ хъуыддæгтæ æрбæстон кæнын æмæ уынаффæ рахастой, цæмæй Хуссар Ирыстоны автономи бынтондæр ликвидаци æрцæуа. Уый та уыд ирон адæмы ныхмæ æнæпрецедентон акт. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый æнæразыдзинад сæвзæрын кодта нæ адæммæ. Мах, студенттæ, кæд бæстон нæ, уæддæр нæ лектортæй активондæр чи уыдысты, уыдонæй хъуыстам, фидæны нын  Гуырдзыстоны хицауад цы аразынмæ хъавынц, уый.

Гуырдзыстоны парламенты сесситæй сæ иуы, уæды президент Звиад Гамсахурдиа дзырдта: «Хуссар Ирыстонæн автономи йæ рæстæджы лæвæрд æрцыд æнæза-къонæй. Уый уыд большевикты рæдыд. Советон хицауад куы сфидар, уæд ирæттæ се ‘вварс кæй уыдысты, автономи сын уый хатырæй балæвар кодтой большевиктæ». Ацы сессийы Гуырдзыстоны парламентаритæ куыд нымдзæгъд кодтой, уый нырма дæр мæ хъусты зæлы. Уый дзурæг уыд ууыл, Гуырдзыстоны фашисттæ нæ цъист кæнынмæ рагæй кæй хъавыдысты.

12 декабры Ленины уынджы æнæнхъæлæджы мард æрцыд 3 адæймаджы. Уыдонæй дыууæ разындысты Гуырдзыстоны æмбæс-тæгтæ. Цы бæлвырдгæнæн гæххæттытæ сæм уыд, уыдонмæ гæсгæ уыдысты Звиад Гамсахурдиайы сæрмагонд хъахъхъæнджытæ. Сæ иу та нæхи æмбæстаг, уæды мидхъуыддæгты хайады кусæг. Уыцы бон Гуырдзыстоны дзыллон информацион фæрæзтæ ныцъиувæдис кодтой: «Цхинвалы сырдон æгъдауæй мард æрцыд Гуырдзыстоны æртæ æмбæстаджы». Кой дæр не скодтой, уыдонæй иу ирон кæй уыд æмæ се ‘ртæ дæр гæрзифтонг кæй уыдысты. Фæмардуæвджыты та рахуыдтой æрдзхъахъхъæнджытæ. Гъе, афтæ сын уавæр фæцис комендантон сахат бакæнынæн, суанг Дзауы районы дæр, афтæмæй та уыцы азты уавæр карздæр кодтой горæтмæ хæстæг гуырдзиаг хъæуты. Уыдон экстремистон архайдтыты руаджы горæт бахауд экономикон, энергетикон æмæ информацион блокадæйы. Уæд махæн нæхи телеканал нæма уыд, не скаст æрмæстдæр уæрæсейаг телеуынынадмæ уыд. Уыдон та нæ тагъд кодтой мах тыххæй информаци радæттынмæ. Гуырдзыстоны каналтæй та æппынæдзух хъусын кодтой, цыма Ирыстоны адæмы хæлцадон продукттæй ифтонг кæнынц. Æцæгæй та ифтонг нæ, фæлæ цыдысты ист, горæтмæ Цæгат Ирыстонæй цы ‘ххуыс цыд, уыдон Чъехы хъæуы, æрбацæуæг æмæ бынæттон гуырдзиаг экстремистты фæрцы.

Æппæт уыдæттæ катайдзинад æвзæрын кодтой нæ адæммæ. Хистæртæ кæстæрты фæдзæхстой, цæмæй ма фæрæдиой, комендантон сахат хæлд ма æрцæуа. Фæлæ уæддæр Гуырдзыстон архайдта, цæмæй уæлæмхас æфсад бакалой Цхинвал æмæ Дзауы районмæ. Областы къухдариуæгад иу æмæ дыууæ хатты нæ хъусын кодта уæды ССРЦ мидхъуыддæгты оперативон къордыл командæгæнæг инæлар Малюшкинæн, Гуырдзыстон мæнг ныхæстæ кæй кæны, цæмæй йæ милици æрбакала Ирыстонмæ. Уæйгæнæг Малюшкин мах нæ фе-хъуыста æмæ 5 январы æхсæвы Хуссар Ирыстонмæ сусæгæй æрбаконд æрцыдысты Гуырдзыстоны милицийы дæлхæйттæ 3 мин адæймаджы скондæй.

Гъе, афтæ райдыдтой нæ хъизæмæрттæ. Гуырдзыстоны милицийы дæлхæйттæ бацахстой административон уагдæттæ, горæты сæйраг уынгтæ. Нал уагътой адæмы сæ куыстытæм. 6-æм январы Харебаты Исахъы уынджы ахст æрцыд 7 адæймаджы. Уыдон аххосджын цыдысты, Гуырдзыстоны æмбæс-тæгтæй хæцæнгарз байстой, зæгъгæ, ахæм фыдракæнды. Институты студентæй сæ активондæртæ, хабар фехъусгæйæ, ныффæдис сты уырдæм, домдтой, цæмæй ссæрибар кæной ирон лæппуты. Гуырдзыстоны «фæтквæрджытæ» ам амардтой Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты органты кусæг Коцты Гришайы. Цалдæр адæймаджы та уæззау цæфтæ фесты. Райдыдта гарзджын конфликт. Цымыдисон уый уыд, æмæ ацы инциденты тыххæй Гуырдзыстоны прессæ иу ныхас дæр нæ загъта. Уый хыгъд сæ телеуынынады алы каналæй дæр хъуыст ирæтты æфхæрæн ныхæстæ. Ирыстоны та официалонæй хонын райдыдтой «Самачабло».

Гуырдзыстоны милицийы дæлхæйттæ, горæты уæвгæйæ, уыцы рæстæджы амардтой 24 ирон адæймаджы, уыцы нымæцы дыууæ цыппæрдæсаздзыд лæппуйы. Фæцæфуæвджыты нымæц ахызт 2500 адæймагæй, уыдон æхсæн цыппараздзыд сывæллон, кæцы фæцæф уынджы хъазгæйæ.

Иууыл уæззау уавæры та уыдысты Цхинвал æмæ Знауыры районты хъæуты. Уым комендантон сахат конд кæй не ‘рцыд, уымæ гæсгæ ацы районты хъæуты ирон цæрджытæ уынгæджы фесты – хæдзæрттæй дуармæ ракæсыны амал сын нал уыд, дзул сын нæ уæй кодтой магазинты, лæбурдтой сæм мидæмæ хæдзæрттæм. Мардтой ацæргæ нæлгоймæгты, нæ ауæрстой сылгоймæгтыл дæр. Гуырдзиаг хъæутæ Еред, Мегъврекис, Тирдзнис, Курта, Ачабет, Аунеуы конд æрцыд штабтæ, цыран гуырдзиаг экстремисттæ фыдудæй мардтой ирон адæмы.

Гуырдзыстоны милицийы дæлхæйттæ Цхинвалы горæт куы бацахстой, уæд цы паддзахадон уагдæтты æрбынат кодтой, уым пырх кодтой инвентарь, æнæзæрдæмæдзæугæ æнæсæрмæхæссинаг митæ сæ кодтой. Ахæмтæ уыдысты обком æмæ паддзахадон драмон театр, бастдзинады хайад, горæты поликлиникæ, æфснайæн лагъз, библиотекæ, паддзахадон музей, скъолатæ… Вандалон æгъдауæй ныппырх кодтой Ленин æмæ Къостайы бюстытæ. 26-æм январы та фехстой тагъд æххуысы машинæ, кæцы рынчындонмæ ласта дыууæ ацæр-гæ нæлгоймаджы. Вандализмы акттæ æппынæдзух арæзтой ирон хъæуты. Ам сæхи паддзæхтæй хатгæйæ, сабыр адæмы тухиты бын фæкодтой: надтой, мардтой, сыгътой сæ. Сыгътой æгас хъæуты. Адæмæй кæмæн куыд йæ бон уыд, афтæ лыгъд фæсхохмæ. Мингай адæймæгтæ систы лигъдæттæ. Цæгат Ирыстонмæ лидзгæйæ, уазал, митвæндагыл фæмард 8 мæйдзыд саби. Уыцы æнамонд цау дæр та нæ бацагайдта Гуырдзыстоны дзыллон информацион фæ-рæзты минæвæртты зæрдæты. Уæззау уавæрты цыд газет «Советон Ирыстон» дæр, фæлæ кусджытæй иу дæр йæ куыст нæ ныу-уагъта.

Иууыл уæззаудæр уавæры та 1991-æм азы бахаудтам. Гуырдзыстоны энергетиктæ Хуссар Ирыстоны территорийыл ахицæн кодтой электроэнерги. Уымæн та йæ фæстиуджытæ уыдысты тынг мæгуырау. Зымæджы къæсæрыл адæм баззадысты æнæ хъæрмад, æнæ рухс. Тухитæ æмæ фыдæбæттæ æвзæрс-той уыцы бонты нæ адæм.

Разæй та нæм æнхъæлмæ каст ноджы стырдæр бæллæхтæ…

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.