1992 азы 20-æм майы Зары трагеди нынкъуысын кодта æрмæст хуссарирыстойнаг æхсæнады зæрдæтæ нæ, фæлæ гуманон дунейы æппæт растхъуыдыгæнæг адæмты зæрдæтæ дæр. Гуырдзиаг лæгхортæ 36 æнæаххос адæймаджы кæй амардтой, уымæй уыдон хъавыдысты æппæт ирон адæмы фæтæрсын кæнынмæ, фæлæ сæ фæндæй ницы рауад, тасы бæсты ирон адæм ноджы тыхджындæр æрбангом сты æмæ хъæбатырæй фæлæууыдысты сæ цыфыддæр знаджы ныхмæ æмæ абон стæм сæрибар æмæ хæдбар бæстæ. 24 азы рацыд ирон адæмы æнусон трагедийæ, фæлæ уыцы тугæйдзаг бон раст цыма знон уыд, афтæ нæ алкæйы зæрдыл дæр лæууы æмæ та нæ цæстытыл ауайы тугæйдзаг машинæ, цыран кæрæдзийыл калдæй уыдысты æнæаххос бæлццæтты мардбуартæ, кæрæдзийы туджы сæвдылдысты, афтæмæй.

Зары трагедийы амæттæгтæй иу уыд Æлборты-Коцты Ирæ Ильяйы чызг. Уый райгуырд 1948 азы Дзауы районы Лесоры хъæуы. Куыста нæ горæты æфснайæн кассæйы. Чи йæ зыдта, уыдон æй бахъуыды кодтой хæларзæрдæ æмæ йæ радтæг адæмы æцæг патриотæй. Уыд иттæг хорз ныййарæг æмæ цардæмбал, хиуæтты, зонгæты, сыхæгты стыр ныфс, фæлæ йын хъысмæт бынтон æнæнхъæлæджы æрбаскъуыдта йе взонг цард, лæгсырдты къухæй трагиконæй фæмард царды фæндагыл. Абоны онг дæр йе ‘ртæ чызджы сæ цæстысыгтæ нæ бауромынц сæ уарзон мады коймæ. Йæ хистæр чызг Коцты Маринæ, РХИ-йы фæлхасгæнджыты бартæ æмæ хæрзиуджытæ хъахъхъæныны къабазы хъусдарды фæдыл комитеты сæрдар нын йæ мады тыххæй афтæ радзырдта:

«Уыцы æнамонд боны, 20-æм майы мæ мады, æвæццæгæн, йæ хъысмæт рахаста хæдзарæй æмæ йæ сбадын кодта уыцы æлгъыстаджы уæзласæн машинæйыл, æндæра йе ‘нæниздзинадæй кæй хъæрзыдта, йæ зæрдæ кæй рыст, уымæ гæсгæ ахæм машинæйыл никуы бадт. Уæд мæ кæстæр хойыл цыд 12 азы æмæ-иу æхстыты рæстæджы йæ зæрдæ кæй срыст, уымæ гæсгæ йæ уый размæ ракодтой нæ хиуæттæм Дзауы поселокмæ. Мæ мад сфæнд кодта йæ хъæбулы абæрæг кæнын æмæ уый фæстæ та Дзæуджыхъæумæ ацæуын, цæмæй йæхицæн хостæ балхæдтаид. Уæд æз ахуыр кодтон Красноярскы медицинон институты 4-æм курсы. Зары трагеди куы æрцыд, уæд та уыдтæн Ташкенты нæ хæстæджытæм. Хабар куыддæр фехъуыстам, афтæ мæ зæрдæ æнцойад нал зыдта, мæ зæрдæ тынг рахсайдта мæ бинонтæм. Уæд нырма мобилон телефонтæ нæ уыд, фæлæ куыддæрты фæдзырд-там Дзæуджыхъæумæ мæ мады хомæ. Уый мæ æрсабыр кодта, зæгъгæ, нæ хиуæттæй трагедийы амæттæгты номхыгъды ничи ис. Кæд иннæтыл дæр мæ зæрдæ тынг фæрыст, уæддæр дзы ме ‘ввахс хиуæттæй кæй ничи разынд, уымæй чысыл фæсабырдæр дæн,  фæлæ уæддæр мæхимид тынг тыхстæн. Æгæрыстæмæй, Красноярскмæ дæр фæдзырдтон ме ‘мбалмæ, зæгъын, мыййаг мæ номыл исты тел æрцыд. 25-æм майы æртахтæн Красноярскмæ. Ацы горæты ма фармацевтон ахуыргæнæндоны ахуыр кодта цхинвайлаг æвзонг чызг æмæ уыцы рæстæджы уыд Цхинвалы. Фæстæмæ Хуссар Ирыстонæй куы æрæздæхт, уæд йемæ æрхаста газет «Хуссар Ирыстон», цыран фыст уыд трагедийы амæттæгты тыххæй уац  æмæ сæ нывтæ. Ме ‘мбал чызг Дзбойты Белæ газет куы федта, уæд мын мæ мады уайтагъд базыдта, фæлæ йæ мæнæн не схъæр кодтой. Æвæццæгæн æй зæрдæйæ адæймаг фæхаты, цыдæр æнамондзинад ыл кæй æрцыд, уый, æндæра мæ мады уæды хуызæн никуы мысыдтæн. Ме ‘мбæлттæн-иу дзырдтон, зæгъын, Цхинвалмæ куы ныццæуон, уæд æнæхъæн сæрды дæргъы æппынæдзухæй дæр уыдзынæн мæ мады цур, цæмæй йын йæ уарзтæй бафсæдон. Æрхъæцмæ нал лæу-уыдтæн, мæ фæлварæнтæ кæд ратдзынæн æмæ кæд ацæудзæн. Кæд ницы æвзæр хабар фехъуыстон, уæддæр æнæхъæн мæйы дæргъы мæхимидæг тынг тыхстæн. Июны кæрон фесты мæ фæлварæнтæ æмæ-иу мæ кæд раздæры азты нæ фæндыд, цæмæй мыл мæ мад горæт Минеральные Воды-йы сæмбæлдаид йе нинæизинад лæмæгъ кæй уыд, уымæ гæсгæ, уæд мæ ныр та тынг бафæндыд мæ мады тагъддæр фенын æмæ постæй тел рарвыстон Дзæуджыхъæумæ мæ мады хомæ, цæмæй мыл сæмбæлдаиккой мæ мадимæ. Уыцы бон постæй куы æрбаздæхтæн, уæд иу чысыл афынæй дæн æмæ федтон ахæм фын: цыма, таксийæ рахызтæн Кобылы фырты уынджы кæрон, кæсын æмæ нæ хæдзары æмбæрзт иуæрдæм азылын. Æввахсдæр куы бацыдтæн, уæд нæ кæрты уынын саударæг сылгоймæгты æмæ сын се ‘хсæн агурын мæ мады, фæлæ йæ не суыдтон. Уыдонæй мæ иу зæронд ус æрбахъæбыс кодта æмæ мын мæ хъусы æрбадзырдта: «Уæ уынджы цы дыууæ усы фехстой, уыдонæй иу дæ мад уыд». Æз уайтагъд фехъал дæн, æмæ мæ дзыхы дзаг ныхъхъæр кодтон. Ме ‘мбæлттæ ма мæ тыххæй æрсабыр кодтой, ныфсытæ мын авæрдтой, ома, æвзæр фын алчидæр фены.

Дыккаг бон цхинвайлаг чызгимæ куы ‘ртахтыстæм горæт Минеральные Водымæ, уæд адæмы ‘хсæн агурын мæ мад æмæ мæ мады хойы, фæлæ никуыцæй разындысты. Цасдæр анхъæлмæ кæсыны фæстæ сбадтыстæм автобусыл æмæ рараст стæм Дзæуджыхъæумæ. Цы цыппар сахат цыдыстæм, уыцы цыппар сахат кодтон кæугæ, фæлæ йæ не ‘мбæрстон, цæуыл куыдтон, уый. Беслæны мæ мады хомæ бацыдтæн æмæ сæ уым дæр куынæ баййæфтон, уæд мæ мады хойы чындзы уайтагъд афарстон, зæгъын, кæм сты мæ мад æмæ мæ мады хо. Уый мын сдзуапп кодта, зæгъгæ, дæ размæ ацыдысты æмæ сыл, зæгъгæ, нæ фембæлдтæ. Бахызтыстæм хатæнмæ æмæ уынын, рудзгуытыл, стъолтыл алыран дæр дидинджытæ æмæ сæ цуры та мæ мады нывтæ, фыдохы нывтæ нæ, фæлæ царды нывтæ. Æз ын йæ нывтыл цин кæнын райдыдтон, æрхъæцмæ нал лæууыдтæн кæд, æрбаздæхдзысты фæстæмæ. Мемæ цы чызг уыд, уый мын цалдæр хатты мæ мады коймæ афтæ бакодта: «чызг æнæ мадæй тæригъæд у». Суанг изæрмæ кодтон мæ мады кой. Уалынмæ мæ мады хойы хъæлæба æрбайхъуыст æддейæ. Мæ мады хойы сæрæй къæхты бынмæ сау дарæсы куы ауыдтон, уæд ма мын æй цы базонын хъуыд æмæ фыны куыд уыд, афтæ мæ дзыхы дзаг ныхъхъæр кодтон. Æрцыдтæн Цхинвалмæ æмæ базыдтон, нæ сыхаг Гасситы Хадизæт дæр кæй бабын ацы трагедийы. Мæ фын разынд æцæг хабар.

Горæты-иу мæ чи федта, уыдонæй мын алчидæр кодта мæ мады хорзы кой, зæгъгæ, дам, дын дæ мадæй уыйас лæггад зонын æмæ йыл тынг фæмаст кодтон, дзырдтой уыдон. Тынг æгъдауджын æмæ раст мад мын уыд. Стæй тынг патриот. Йæ фыстæджыты-иу мын лыстæггай радзырдта гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды хабæрттæ, зæгъгæ, дæ зæрдæ ма æхсайæд, нæ цæхæрцæст лæппутæ, дам, сын аккаг сты гуырдзиаг фашисттæн. Æвæццæгæн, ын иу митинг дæр никуы аирвæзт, алыран дæр дзы хайад райста. Æгæрыстæмæй-иу мын тамакотæ дæр æрхæссын кодта Красноярскæй нæ хæстон лæппутæн. Кæм-иу лæууыдысты, уырдæм-иу сæм бадзырдта, зæгъгæ, мæ тыхтæ дæр уе уæнгты бацæуæд. Æз цы бонтæ фервыстон мæ мады амæлæты фæстæ, уый зын радзурæн у. Уыцы сæрд, цалынмæ Красноярскмæ нæ аздæхтæн, уæдмæ алы бон дæр цыдтæн мæ мады уæлмæрдмæ 5-æм скъолайы кæртмæ æмæ-иу йемæ фæныхас кодтон», – радзырдта Коцты Маринæ.

Æцæгæйдæр, кæд хъуамæ ферох уа Маринæйы йæ уарзон мад. Æнæхъæн ахуыры азы кæй уындмæ бæллыд, уыцы ныййарæг мадæн йæ мæрдон хуыз дæр нал федта, йæ уазал русæн ын пъа дæр нæ акодта, нæдæр ыл йæ табæты цур судзгæ цæссыгтæ æркалдта. Уый хыгъд ныр 24 азы дæргъы йæ цæстысыг нæ басур æмæ йæ мады коймæ алыхатт дæр йæ зæрдæ суынгæг вæййы. Цæмæй йæ зыдта, уæд кæрæдзийы туджы цы бæлцæттæ сызмæстыты, машинæйæ сæ туг цыхцырæгау кæмæн калд, уыдоны ‘хсæн кæй уыд йæ уарзон цæрынхъуаг мад дæр. Цы сты 43 азы, фæлæ йын фылдæр цæрæнбон не схай кодта йæ хъысмæт Ирæйæн. Маринæ сæххæст кодта йæ ныййарæг мады фæдзæхст æмæ æнтыстджынæй каст фæци Красноярскы медицинон институт. Йæ уарзон цардæмбалы фæстæ йе ‘нæниздзинад фæцудыдта Маринæйы фыд Коцты Мухарæн дæр æмæ иу цалдæр азы размæ æнцойад ссардта йæ уарзон æмкъайы фарсмæ. Уыдис сыгъзæрин къухты хицау, бирæ азты дæргъы куыста хъæддæсныйæ. Маринæйы кæстр хо Аллæйы схъомыл кодта сæ астæуккаг хо Анжелæ, ууыл уæд 19 азы цыд. Абон йæ дыууæ хойы дæр цæрынц Мæскуыйы. Маринæйæн ис хорз хъæбултæ, йæ фырт Сергей ахуыр кæны Рязаны уæлдæфон-десантон ахуыргæнæндоны, Кристинæ та – Мæскуыйы паддзахадон юридикон академийы. Хуыцау зæгъæд æмæ йæ хъæбулты хурæй æфсæст цы уа.

 

«О, ДУНЕСКÆНÆГ ХУЫЦАУ, МÆ МАДЫ АМОНДÆЙ МÆ БАХИЗ»

Фæстæдæр гуырдзыйы аххосæй Маринæмæ æнхъæлмæ каст ноджыдæр иу фæлварæн. 2008 азы августы нæ «хорзмæбæллæг» сыхæгтæ Ирыстоны зæххыл туджы зæйтæ куы рауагътой, горæты æдас кæй нал уыд, уымæ гæсгæ Маринæ дæр йæ дыууæ хион æмæ сыхагимæ сфæнд кодта Дзæуджыхъæумæ ацæуын. 9 августы æхсæвы бабадтысты Маринæйæн йæхи машинæйыл æмæ араст сты Тъбеты ‘рдæм, комкоммæ дæр знæгты дзыхмæ. Куыддæр Тъбетæй Зары фæзилæнмæ схæццæ сты, афтæ бахаудтой тыхджын æхстыты бын. Машинæйы тыхджын снаряды уылæн иуæрдæм аппæрста. Рагæппытæ ма кодтой машинæйæ, йæ хæстæджытæ агæпп кодтой быдырæрдæм æмæ Маринæ æмæ йæ сыхаг Битеты Сослан та иннæрдæм. Æнæхъæн æхсæв баззадысты зæххыл хуыссгæйæ иу чысыл уæрмгонды. Æхстытæ афтæ тынг уыдысты æмæ сæрæгасæй аирвæзын æнхъæл нал уыдысты. Уыцы æхсæв бирæ машинæтæ басыгъдысты æд бæлцæттæ. «Æнæхъæн æхсæв мæ сæры зилдух кодтой алыгъуызон хъуыдытæ. Куыддæр-иу фезмæлыдыстæм, афтæ та-иу нæ æхсын райдыдтой. Иу рæстæджы мæ Сослан бамбæрзта йæ буарæй æмæ йæхæдæг фæцæф. Хъуыстысты нæм гуырдзиæгты ныхæстæ. Хъуыды кодтон, зæгъын, ардыгæй аирвæзæн нал ис æмæ райсом куы æрбабон уа, уæд нæ ссардзысты гуырдзиæгтæ. Ме ‘ппæт цард мæ цæстытыл ауад æмæ мæм мæ царды азтæ фæкастысты иу уысмы хуызæн. Ахъуыды кодтон, зæгъын, хорз у æмæ мæ хъæбултæ æдас ран сты. Хъуыды кæнын, зæгъын,  куы мæ амарой,  уæд æй мæ  фыдмæ  чи  бадзурдзæн.  Скуывтон  Хуыцаумæ, зæгъын кæд дæ фæнды æмæ ацы хъуыддаг абон æрцæуа, уæд æз цæттæ дæн. Куыддæр афтæ ахъуыды кодтон, афтæ æрсабыр дæн, мæ сæр зæххыл æрæвæрдтон æмæ тыхджын улæфт райдыдтон. Хуыссын зæххыл æмæ мæ русты ныхсынц кæрдæджы хустæ æмæ хъуыды кæнын, зæгъын, ныр куы амæлон æмæ мæ рус хуынчъытæй куы баззайа. Мæ къух мæ русы бын акодтон æмæ мæ телефон мæ риумæ тынг нылхъывтон, зæгъын, снаряд мæ куы ныскъуыдтæ кæна, уæд мæ цæмæй мæ телефонæй баззыдтаиккой. Уыцы æхсæв тынг бирæ адæм фæмард ацы фæндагыл, сæ тыхст хъæртæ, хъæрзын хъуыстысты алырдыгæй».

Иу рæстæджы та æхстытæ куы сытынг сты, уæд Маринæ Хуыцамæ скуывта: «О, Стыр Хуыцау, уый цас раст уыдзæн æмæ дыууæйæ иу хæдзарæй, мад æмæ чызг Зары, царды фæндагыл бабын уой æмæ æз мæ хотимæ мæ мады куыд мысыдтæн, йæ уындмæ йын куыд бæллыдыстæм, афтæ ныр та бæллой сæ мады уындмæ мæ хъæбултæ. Хуыцау, цы ракодтам дæ разы æмæ мæ хъæбултыл дæр сидзæры ном сбада. Цас мын бантысид нырма саразын, стæй мæ дыууæ хъæбулы дæр нырма æнахъомтæ сты. Уыцы рæстæджы мæм афтæ фæкаст, цыма мæ Хуыцау фехъуыста. Иу рæстджы цыма бауадзыг дæн. Мæ сыхаг лæппу нæ уынджы нырма æрæджы æрцард æмæ йын йæ ном дæр нæ зыдтон. Кæрæдзийы нæмттæ уым базыдтам. Бафарста мæ, цал сывæллоны мын ис, уымæй дæр. Æз дæр æй бафарстон æмæ базыдтон, уымæн дæр дыууæ  сывæллоны кæй ис, уый.

10-æм августы куы æрбабон, уæд нæ цурты дыууæ «Нива»-йы тагъд цыдæй ацыдысты Зары ‘рдæм. Æхстытæ дæр фæсабыр сты. Уалынмæ та райхъуыст машинæйы хъæр æмæ та уый дæр ацыд Зары ‘рдæм. Æнхъæлмæ кæсын, æхстытæ та кæд райдайдзысты, уымæ, фæлæ… нал хъуысынц. Æз Сосланæн дзурын, зæгъын, цыдæр хабар æрцыд, æндæра кæм сты гуырдзиæгтæ, сæ ныхас куынæуал хъуысы, уæд. Ногæй та машинæйы хъæр куы фехъуыстон, уæд йæ размæ схызтæн. Уый уыд æфсæддон машинæ, фæстийæ йæ дуар гом æмæ дзы цæф салдат хуыссыд, фæлæ мын нæ баурæдта. Мæ зæрдæ æвзæр кæнын райдыдта, æвæццæгæн, бауадзыг дæн. Кæддæр ме ‘муд куы æрцыдтæн, уæд мæхицæн загътон, зæгъын, ныр ма машинæ куы рацæуа, уæд йæ разы æрлæудзæн.  Уалынмæ та машинæйы хъæр райхъуыст æмæ йæ размæ балыгътæн, шофыр мын уромынвæнд нæ кодта, фæлæ мæ бæлццæттæй чидæр базыдта. Машинæйы бынат нæ уыд, фæлæ уæддæр машинæйы æддейæ фарс дыууæрдыгæй слæууыдыстæм Сосланимæ. Никозы ‘рдыгæй та цалдæр ракетæ рахстой Зары ‘рдæм. Мах куы схæццæ стæм Зармæ, уæд федтам, цы æртæ машинæ нын нæ баурæдтой, уыдон уыдысты пырх. Куыддæрты ныхæццæ стæм Дзаумæ, уырдыгæй та ацыдтæн Дзæуджыхъæумæ. Уым 11-æм августы фембæлдтæн Уæрæсейы уæды сæйраг санитарон дохтыр Геннадий Онищенкоимæ, уый цыд Цхинвалмæ йæ коллегæтимæ. Афтæмæй мæ куы федта, уæд хорзау нал фæци æмæ мын загъта, зæгъгæ, дæ ахæм уавæры фæстæмæ Цхинвалмæ нæ акæндзынæн. Мæ машинæйы мидæг басыгъдысты нæ документтæ дæр. Фæлæ 14-æм августы рæстæгмæ паспорт сарæзтон æмæ 15-æм августы фæстæмæ æрæздæхтæн Цхинвалмæ. Хæсты фæстæ нæ комитетæн цас куыст уыд, ууыл дзурын уæлдай у. Фырфæлладæй-иу нæ къæхтыл дæр нал лæууыдыстæм, фæлæ бафæрæзтам, уымæн æмæ йæ зыдтам гуырдзиаг агрессийæн кæрон æрцыд».

Мæ уац мæ фæнды ахæм рæнхъытæй фæуын: 20-æм аз, Ереды трагеди, Зары хъæд – тугкалæн, 2008 азы августы тугуарæн хæст рохгонд кæмæй фæуой, уый хъодыгонд Ирæй фæуæд!

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.