Бæрæг куыд у, афтæмæй 26-æм июны Цхинвалы скъола-интернаты территорийыл кæстæр кълæсты сывæллæттæн  байгом æмæ йæ куыст райдыдта  сæрдыгон улæфæн лагерь.   Лагеры организатор у нæ республикæйы Ахуырад æмæ зонады министрад.

Лагерь баконд æрцыд 1-5-æм кълæсты ахуырдзаутæн, ома 7-11 аздзыдтæн æмæ дзы уыдзысты æрмæстдæр боны дæргъы. Организаци æрцыд æртæ фæлтæры, алкæцыйы дæр сæ уыдзæнис сæдæ сывæллоны æмæ сæ алкæцыдæр уæвынад кæндзæн дыууæ къуырийы.

Ахуырады министрады Уæлæмхас ахуырад æмæ хъомылады хайадыгæс Джиоты Эльзæ радзырдта, зæгъгæ,  «Сæ сывæллæтты лагермæ ныффысын у алкæмæн дæр, фæлæ уал фыццаг рады фыссæм бирæсывæллонджын æмæ æххуысхъуаг бинонты сывæллæтты. Лагерь скъола-интернаты бындурыл организаци кæнæм æрвылбон дæр, æнæаргъæй».

Сывæллæттæ алкæцы фæлтæры дæр дих кæнынц  фондз   къордыл.   Уыдонимæ  кусынц  хъомылгæнджытæ æмæ раздзогтæ. Алкæцы раздзогæн дæр ис йæхи бакуыстгонд æмбарынгæнæн-хиирхæфсæн программæ дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ.

Лагеры сæргълæууæг Уалыты Альбинæ нын куыд радзырдта, афтæмæй ам организаци цæуынц экскурситæ, балцытæ, спортивон æмæ интеллектуалон хъæзтытæ.

«Махæн нæ куыст райдайы  райсомы фæлтæрæнтæй 9 сахатыл. Уый фæстæ сывæллæттæ бахæрыц семæ архайын райдайынц хъомылгæнджытæ, кæцытæ сын æрымысынц алыхуызон æмæ цымыдисон хъæзтытæ, конкурстæ æмæ ерыстæ. Зæгъæм, фæархайынц сфæлдыстадон конкурсы ныв кæнынæй, зарынæй, кафынæй, аив кæсынæй æмæ бирæ æндæр цымыдисон хъæзтытæй.  Абоны онг уал сывæллæтты экскурсийы акодтам нæ республикæйы Уæлвæткон уавæрты министрадмæ, ОМОН, Национ музей, сывæллæтты библиотекæ, пионерон парк æмæ, нæ горæтмæ республикæйы президенты æрхуындмæ гæсгæ цы атракционтæ æрластой, уыдонмæ. Сывæллæттæн тынг цымыдисон уыдысты нæ балцытæ, алы уагдоны дæр сын дзырдтой сæ архайды тыххæй, арæзтам викторинæтæ. Иумиагæй зæгъгæйæ, тынг æндыгъд уыд нæ фыццаг къуыри. Нæ планы ма уыдис сывæллæтты нæзыты къохмæ дæр акæнын, фæлæ нын куыд загътой, уымæ гæсгæ уым ис тынг бирæ джыбытæ æмæ уымæ гæсгæ нæ балц аивтам»,- загъта Уалыты Альбинæ.

Сывæллæттæ хæрынц бон дыууæ хатты: райсомæй æмæ сихорыл.

Лагеры организацигонд цæуы сывæллæтты æхсæн конкурс “Алло, мы ищем таланты”, зæгъгæ. Уæлдай курдиатджындæр сывæллæттæ хорзæхджын æрцæудзысты грамотæтæ æмæ чысыл лæвæрттæй.

Ныййарджытæ тынг райгонд сты куыд хъо-мылгæнджытæй, афтæ æппæт коллективы куыстæй дæр.

“Мæ лæппу алы аз дæр вæййы лагеры. Стыр бузныг мæ зæгъын фæнды Ахуырады министрадæн сæ куыст æмæ æххуысы тыххæй. Тынг райгонд дæн хъомылгæнджытæ æмæ раздзогтæй дæр, алыварсонæй дæр сæм сæ хъус кæй дарынц, уымæ гæсгæ мæ зæрдæ нæ фехсайы мæ лæппумæ. Тынг цымыдисон ын у лагеры уæвын. Хорз æмбарынгæнæн программæ, хъæзтытæ сыгъдæг уæлдæфмæ, хæрд, ног æмбæлттимæ зонгæ кæ-нын – æндæр ма цы хъæуы сывæллоны»,- радзырдта фæндзæм къласы ахуыргæнинаджы мад Гæззаты Залинæ.

Лагеры дыккаг фæлтæр улæфын райдайдзæн къуырисæры, 10-æм июлы.

Хуссар Ирыстоны Ахуырады министрад ма сорганизаци кодта ноджыдæр иу сæрдыгон лагерь, кæцы уыдзæн горæт Куайсайы. 11-æм июлы Къуаисайы астæуккаг скъолайы бындурыл сæрдыгон лагерь æрбакæндзæн йæ дуæрттæ 45 сывæллонæн  7-10 кълæсты ахуыргæнинæгтæн. Ам баулæфдзысты дыууæ къордæй, Цхинвал æмæ Къуайсайæ.

«Ныр та организатортæ равзæрстой Къуайсайы скъолайы бæстыхай сæрдыгон улæфæн бынатæн. Скъоладзаутæ ацæудзысты улæфынмæ дыццæджы. Фыццаг къорд у фидаргонд, йæ сконды сты Цхинвал æмæ Къуайсайы ахуырдзаутæ 11-15 азы кары онг. Уыдон ам улæфдзысты 24 июлмæ, уый фæстæ сæ раивдзæн дыккаг къорд. Фыццаг рады æрвитæм бирæсывæллонджын æмæ æххуысхъуаг бинонты сывæллæтты”,- радзырдта Ахуырады министрады уæлæмхас ахуырад æмæ хъомылады хайады хистæр Джиоты Эльзæ.

Уый ма банысан кодта, улæфджытæн бацæттæгонд кӕй æрцыд сæрмагонд нывæзт, цыран фӕсивӕдмӕ ӕнхфъӕлмӕ кӕсынц интеллектуалон хъӕзтытæ æмæ спортивон ерыстæ, конкурстæ æмӕ балцытæ Къуыдаргомы рæсугъд-дæр бынæттæм.

Республикæйы Ахуырады министрад ма аскъуыддзаг кодтой, цæмæй сæрдыгон улæфтыты рæстæджы лагеры кусой бынæттон цæрджытæ. Столицæйæ лагеры кусдзæн æрмæстдæр улæфæн базæйы организатор  Дзигойты Альбинæ æмæ дыууæ раздзоджы.

Лагеры сывæллæттæ хæрдзысты бон цыппар хатты?. Банысан кæнын хъæуы уый дæр æмæ ахæм æнæнизгæнæн  лагерь горæт Къуайсайы кæй бакондæуыд фыццаг хатт.

Кокайты З.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.