Ацы аз 18 марты Хуссар Ирыстоны территорийыл баконд æрцæудзысты æвзарæн фадгуытæ Уæрæсейы Федерацийы президентон æвзæрстыты тыххæй. Ацы бонмæ не ‘мбстæгтæ æнхъæлмæ кæсынц стыр цымыдисæй, уымæн æмæ Уæрæсейы Федераци махæн канд стратегион партнер нæ у, фæлæ ма æфсымæрон бæстæ дæр.  Уыцы æвзæрстытæн цы егъау нысаниуæг ис Хуссар Ирыстоны адæмы царды уый базоныны тыххæй ауагътам блиц-афарст.

Гаглойты Иринæ – медиа-центр  «Ир»-ы президент.

– Президентон æвзæрстытæн алы бæстæйы дæр вæййы егъау нысаниуæг. Уымæ гæсгæ нæ республикæйы адæм дæр æнхъæлмæ кæсынц Уæрæсейы Президентон æвзæрстытæм.  Уæрæсейы Федераци махæн у нæ стратегион партнер, уымæ гæсгæ Уæрæсейы цы хабæрттæ цæуы, уый мах адæммæ стыр цымыдис æвзæрын кæны. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, æвæццæгæн, махмæ Хуссар Ирыстоны ахæм æмбæстаг нæй, кæцыйы Уæрæсейы Федерацийæн бафæнда æвзæрдзинад, махæн тынг хъарм ахаст ис, куыд Уæрæсейы æмбæстæгтæм, афтæ йæ къухдариуæгадмæ дæр. Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн бирæ ахсджиаг проблемæтæ скъуыддзаг цæуынц. Уымæ гæсгæ ныртæккæ Уæрæсейы территорийыл цы æвзарæн компани цæуы, уымæ хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæ сæ хъус дарынц цымыдисæй. Уыцы æвзæрстыты фæстиуджытимæ баст у Уæрæсейы Федерацийы  политикон курс, ууыл баст уыдзæн Кавказы æппæт политикæ æмæ йæ ахаст Хуссар Ирыстонмæ. Уымæ гæсгæ махæн ацы президентон æвзæрстытæ сты тынг ахсджиаг, фæнды мæ, кæй зæгъын æй хъæуы, цæмæй президентон æвзæрстыты фæуæлахиз уа уыцы адæймаг, уыцы кандидат, кæцы æмбары Уæрæсейæн Кавказы цы нысаниуæг ис, уый. Уыимæ ма иумæ чи аргъ кæны Уæрæсейы æмæ Хуссар Ирыстоны æмахастытæн æмæ егъау куыст кæны йæ райрæзты сæраппонд.

Хуыбиаты Соня – Дины хъуыддæгты фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æххæстбарджын.

– Уæрæсейы президентон æвзæрстыты фæстиуджытыл комкоммæ баст у нæ республикæйы сомбон. Мах иууылдæр стæм, 25 азы дæргъы нæм нæ «сыхæгты» руаджы цы æндыгъд æмæ хæстон уавæр уыд, уымæн æвдисæнтæ. Æмæ Уæрæсейы ныры Президент Владимир Путины руаджы абон не ‘взонг республикæ, нæ адæм цæрынц хæдбар паддзахады. Мæн уырны æмæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ раст къахдзæф кæй сараздзысты ацы аз нæ территорийыл 18 марты цы президентон æвзæрстытæ цæудзысты, уым Владимир Путины фарс кæй рахæцдзысты, уымæй. Уыцы адæймаджы политикæимæ мах бæттæм Хуссар Ирыстоны сомбон æмæ йæ схонæн ис нæ иумæйаг президент. Уый фæдыл сидын не ‘мбæстæгтæм цæмæй æрбацæуой æвзарæн фадгуытæм æмæ саразой раст равзæрст.

Бестауты Азæ – нæ горæты 5-æм астæуккаг скъолайы директор.

–  Мах, Хуссар Ирыстоны цæрджытæ, тынг зæрдиагæй æмæ цымыдисæй æн-хъæлмæ кæсæм Уæрæсейы президентон æвзæрстытæм. Махæн не ‘мбæстæгты фылдæр хай сты уæрæсейаг æмбæстæг-тæ.  Уымæ гæсгæ æвзæрстыты райсдзы-стæм активон хайад. Ныфс мæ ис, нæ адæм кæй сараздзысты раст æвзæрст. Æз æй нæ сусæг кæнын кæцы кандидаты тыххæй ратдзынæн хъæлæс. Мæ бинонтимæ хъæлæс кæндзыстæм Владимир Путинæн. Уымæн æмæ ацы адæймаджы фæрцы нæ зæххыл хъахъхъæд цæуы сабырад. Сабырад, кæцыйы руаджы Хуссар Ирыстоны ныры фæлтæр рæзы æмæ хъомыл кæны цъæх арвы бын.

Нæ уацх.

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.