29 сентябры Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æхсæн паддзахадон арæны тыххæй бадзырд сратификаци кæныны сæраппонд дыууæ паддзахады минæвæрттæ кæрæдзимæ радтой грамотæтæ. Бадзырдыл къух æрфыстæуыд 2015 азы 18 февралы, – хъусын кæны Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад.

Дыууæ бæстæйы æхсæн паддзахадон арæны тыххæй бадзырд сратификаци кæныны грамотæтæ кæрæдзимæ раттой Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат æмæ статс-нымæрдар, УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Григори Карасин.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.