Æрæджы Хуссар Ирыстоны сгуыхт нывгæнæг Хъотайты Гришайы хæдзары кæртмæ æрæмбырд бирæ адæм. Се ’хсæн уыдысты Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид, Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, нывгæнджытæ, зонадон кусджытæ, скъоладзаутæ. Уыдон ардæм æрбацыдысты, цæмæй, Гриша къорд азты цы хæдзары цард, уый къулыл конд æрцæуа йæ ном ын сæнусон кæныны тыххæй кады фæйнæг.

Мадзал бацæуæн ныхасæй байгом кодта Ирыстоны фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Ирыстон йæ сæвзæрдæй фæстæмæ цух никуы уыд кадджын æмæ хъæбатыр æмбæстæгтæй. Абон Ирыстон буц æмæ сæрыстыр кæмæй у уыдонæй иу у Гриша. Ахæм ном æмæ æнтыст Гришайы къухты, кæй зæгъын æй хъæуы, æнцонæй нæ бафтыд. Куыд æхсæнадон царды, афтæ ма хисæрмагонд хъуыддæгты, стæй йæ профессийы фарстыты уый йæхиуыл фæстæ никуы хæцыд, алыран дæр уыд раззаг рæнхъыты.

Уый фæстæ Тыбылты Леонид æмæ Хъазиты Мелитон Гришайы хæдзары къулыл байгом кодтой йæ ном ын сæнусон кæныны тыххæй кады фæйнæг.

Мадзалмæ æрбацæуджыты раз фыццаг раныхас кодта Хуссар Ирыстоны нывгæнджыты цæдисы сæрдар Цхуырбаты Тамерлан. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Гриша æрмæст хорз нывгæнæг нæ уыд, фæлæ ма хорз æмбæстаг æмæ æхсæнадон архайæг дæр. Нæ нывгæнæн ахуыргæнæндон, Советон Цæдисы рæстæджы дæр нымад цыдис раззагдæр ахуыргæнæндæттæй иуыл, æмæ кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм æнтыстыты дзæвгар уыд Гришайы хайбавæрд. Гуырдзыстоны разамындæн, æвæццæгæн, Ирыстоны нывгæнæн ахуыргæнæндоны ахæм æнтыстытæ уыдысты хъыг æмæ иу рæстæджы æрымысыдысты йæ сæхгæнын. Гришайы раз уæд хуымæтæджы хæс нæ сывзæрд, фæлæ Гриша уыдæттæй нæ фæтарст æмæ нывгæнæн ахуыргæнæндон абон дæр кæны йæ куыст. Хуссар Ирыстоны разамынад, нывгæнджытæ, ахуыргæндтæ, студенттæ абон ардæм кæй æрбацыдысты, уый дæр дзурæг у ууыл, æмæ Гриша æцæгæй дæр кæй уыд стыр кады аккаг, — загъта Нывгæнджыты Цæдисы Сæрдар.

«Кæд искæцы адæмтæ буц æмæ сæрыстыр сты сæ хъæбултæй, уæд Ирыстон та сæрыстыр хъуамæ уа Гришайæ», — зæгъы профессор Цыбырты Людвиг. Людвиг ма банысан кодта, зæгъгæ, Гришайы тыххæй ис бирæ дзурæн, фæлæ дзы абон æрымысдзынæн цалдæр фиппаинаджы. Мæнæн цасдæрбæрцæй «атылд», Гришаимæ зонгæ кæй уыдтæн, уый тыххæй. Кæд бынтон арæх не ’мбæлдыстæм, уæддæриу нæ алы фембæлдæй дæр баззадтæн райгондæй, райстон иу дзы, царды мын дарддæр ахъаз чи уыдис, ахæм зонындзинæдтæ. Æнæфæцудгæ удыхъæд та равдыста, гуырдзиаг фыдгæнджытæ Ирыстоныл цъыф калын æмæ фæстагмæ та лæбурын куы райдыдтой, уæд.

Хъотайты Гришайы ном сæнусон кæнын æмæ кæм цард уыцы хæдзары къулыл кады фæйнæг бакæныны нысанæн уазджытæ æрцыдис Цæгат Ирыстонæй дæр. Уыдонæй сæ иу, Гасынты Жорж йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, куыддæр фехъуыстон æмæ Гришайæн гом кæнынц номарæн фæйнæг, афтæ иу уысм дæр нал æрлæууыдтæн, мæхи арæвдз кодтон æмæ фæцæуæг дæн. Уый та, сæйраджыдæр, уымæн, æмæ Гриша æрмæст йæ конд нывтæй бæрзонд нæ хаста ирон лæджы ном, фæлæ ма æндæр цæмæйдæрты дæр. Уый бирæ уарзта уæздандзинад æмæ сыгъдæгдзинад, ныфсхаст æмæ хъæбатырдзинад. Ахæм адæймагæн скад кæнын та, æнхъæл дæн алкæй хæс дæр у æмæ æз дæр сæххæст кодтон мæ хæс.

Йæ раныхасы Тыбылты Леонид та банысан кодта, зæгъгæ, чизоны Гришайы нывтæн се ’ппæтимæ зонгæ нæ дæн, фæлæ дзы кæй зонын, уыдон иууылдæр сты зæрдæмæдзæугæ. Ирдæй сæ зыныц нæ фыдæлты æгъдæуттæ æмæ хъæбатырдзинæдтæ, рæстдзинад æмæ мæнгарддзинад, æнтыстытæм та сæ тырнындзинæдтæ. Абоны мадзалы тыххæй та бузныджы ныхæстæ зæгъын Культурæйы министрад, йæ сæргълæууæг Остъаты Мадинæйæн. Уадз, цæттæ кæнæд æмæ уадзæд æрмæстдæр ахæм хорз хабæрттæ.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.