Ирон адæммæ цы рæсугъд æгъдæуттæ уыдис, уыдонæй бирæтæ байрох сты, фæлæ уазæг исыны æгъдау йæ тыхы кæй ис ныр дæр, уый бæрæг у. Адæймаджы ном æмæ кад бæрзонд чи кæны, ахæм æгъдау у. Тынгдæр хицæн кæны йæ адæймагдзинадæй. Афтæ зæгъæн ис уазæг исыны æгъдау нысан кæны æхсæнадæн йæ цивилизацион рæзты æмвæзад. Æнусты дæргъы дæр уымæн цæры нæ адæмы æхсæн.

Раджы дæр ахæм ирон хæдзар нæ разындаид, æфсин уазæджы хай æвæрдæй кæм нæ дардтаид. Къаннæг ма уыдтæн, уыййас нæма æмбæрстон æмæ мæхимид хъыг кодтон, æнхъæлдтон нæ мад хæринæгтæ махæй æмбæхсы. Иу ахæмы йæ афарстон, зæгъын, цæмæн сæ æвæрыс хицæнæй. Уый бахудт: “Афтæ æмбæлы, уæд та ма нæ къæсæрыл æххормаг уазæг æрбалæууыд”, – загъта мын уæзданæй. Уыцы ныхас мæ хъуыдыйæ нал ахауд. Бадардтон æй цæрæнбонтæм мæ зæрдыл. Æмæ уæдæй фæстæмæ уазæгæн аккаг аргъ кæнын.

Ирон адæмы уазæг уарзондзинады тыххæй фыст æрмæджытæ фæзынд 18-æм æнусы кæронæй фæстæмæ. Фысгæ та сæ кодтой Ирыстонмæ æндæр æмæ æндæр рæттæй æрцæуæг бæлццæттæ æмæ ахуыргæндтæ. Цæвиттон, 1781 азы уырыссаг афицер Шредер Ирыстоны балцы уæвгæйæ фыста, зæгъгæ, ирæттæ сты рæдау, сæ хæрд дих кæнынц, цух дзы чи æййафы, уыдонимæ. Сты лæггадгæнаг. Уазæджы райсынц ахæм ныхæстимæ: “Уазæг – Хуыцауы уазæг”. Немыцаг ахуыргонд Клапрот та афтæ фыста: “Æддагбæстæтæй ирон хъæумæ бахаугæйæ, алкæй дæр ныфс уыд, цалынмæ ам уа, уæдмæ йæ æнувыдæй кæй хъахъхъæндзысты, хæрд, нозт цух æй нæ ныуудзысты æмæ дæм куыд æввахс хæстæг, ахæм зæрдæ дардзысты”.

Ирон адæммæ уазæг исыныл ма фыстой ахуыргæндтæ К. Кох, Всеволод Миллер æмæ æндæртæ. Æмæ, æцæгæйдæр, кæд ирон адæм карз æрдзон уавæрты гæвзыккæй цардысты, уæддæр ацы æгъдау цæстыгагуыйау хъахъхъæдтой. Зæгъæн ис афтæ æмæ сын уыд, куыд закъон, æмæ йæ чи хæлдта, уыдоныл кæд тæрхон нæ кодтой, уæддæр сæм хорз цæстæй нæ кастысты, уыдысты æнæнымад, æнæрæгъыдзыд.

Уазæг чи фæнды ма уыдаид – дардбæстаг æви сыхаг адæмæй, зонгæ æви æнæзонгæ, уæддæр æм æвдыстой хæлар ахаст. Бынат нæ уыдис цæстмæмитæн. Фысым, цахæмфæнды мæгуыр ма уыдаид, уæддæр ын йæ сæрыстырдзинад бар нæ лæвæрдта æмæ ацы æнæфыст закъоны сæрты ахызтаид.  Иууыл гæвзыккдæр цард чи кодта, уый дæр архайдта, цæмæй йæ уазæджы æмæ хъæубæсты раз ма ныххудинаг уыдаид. Йæ бинонты, йæ сабиты æххормагæй ныууагътаид, сæ фæстаг къæбæр дæр сын сæ дзыхæй фелвæстаид, цæмæй йæ уазæгæн балæггад кодтаид. Æнæхъуаджы нæ баззад адæмы æхсæн æмбисæндтæ дæр. “Уазæг – Хуыцауы уазæг”, “Мæ фыдгулы хæдзармæ уазæг ма бацæуæд” æмæ æндæртæ.

Хæдзары сæрмагонд хатæн лæвæрд цыдис уазæгæн. Уыдис хæрзæфснайд, йæ хуыссæнтæ сыгъдæг, бинонтæ уатæй нæ пайда кодтой кæддæриддæр цæттæ уыдис уазæг райсынмæ.

Ацы æгъдауæн йæ нысаниуæг уый мидæг уыдис æмæ ирон æхсæнады адæй-\магæн кодтой, стыр аргъ фидар хæларадон ахастытæн сæм стыр кад уыдис.

Уазæгæн фынгыл дæр уыдис йæхи бынат, цахæмфæнды ма уыдаид, уæддæр. Уазæг хæдзары иу куы æхсæв баззад, уæддæр ын дыккаг бон дæр æмбæлон лæггад кодтой. Фæлæ иста бинонты уæнджы бартæ: саста семæ суг, æрластаид хос, базылдаид фосмæ. Æмæ, зæгъгæ, уазæг йæ фысымтæм фæрынчын, уæд æм кастысты куыд сæхи бинонты уæнгмæ, афтæ. Куы сæм фæзиан уыдаид, уæд та йын арæзтой æппæт æгъдæуттæ дæр æмæ йæ афтæмæй ластой йæ райгуырæн уæзæгмæ.

Уазджыты ирон бинонтæ фæндараст кодтой бæрæг уагыл. Уыцы бон-иу сæ куыстытæ ныууагътой æмæ семæ цыдысты, хастой сын сæ хæссинæгтæ.

Абон та уазæг

куыд исæм?

Куыд æндæр æгъдæуттæ, афтæ уазæг исыны æгъдауы дæр фæзындис ивындзинæдтæ, уæлдайдæр та ныры дуджы. Горæт æмæ хъæуы дæр цы арф социалон ивындзинæдтæ æрцыд, уыдон цæхгæр фæзындысты кæрæдзимæ цæуыны уагыл. Ныртæккæ транспорт арæх кæй у, уый тыххæй æнæмæнгхъæуæг нал вæййы дæргъвæтин рæстæджы уазæгуаты уæвын. Уыимæ хуыздæрыл нымайынц хæрзвадат уазæгдоны æрлæууын. Уыдæттæм нæ кæсгæйæ, уæддæр нæ сæфы ацы æгъдауæн йæ сæйраг мидис.

Фæлæ, стыр хъыгагæн, уазæг райсын æмæ йын æгъдауыл балæггад кæныныл æндæдзæгау кæнынц æвæрццаг миниуджытæ дæр. Не `рвылбонон царды æвдисæн свæййæм ахæм цаутæн, кæцытæ йын зыгъуыммæ кæнынц, кæнæ йын сафынц йæ хæрзæгъдауон мидис. Бирæтæ уазæгæн хорз балæггадыл нымайынц бирæ нозт ын бадарын æмæ йæ фæрасыг кæнын. Афтæмæй та раздæр афтæ нæ уыд. Нозтуарзаг уазæгæн йæ кад дæлæмæ хаудис фысымы цæсты. Ацы æгъдау ма зыгъуыммæ цæуы уымæй дæр æмæ æндæр æмæ æндæр æфсæнттæй кæй æрхуындæуы бирæ уазджытæ. Уыимæ уазæгуаты æнæ зынаргъ лæварæй никуыдæм уал ис ацæуæн – нæдæр хионмæ, нæдæр æцæгæлонмæ. Иууыл мæгуыраудæр та уый у æмæ æнхъæлы фæдыл куы фæхонынц бæрнон кусджыты, цæмæй сын сæ царды хъуыддæгтæ аразой æнæзакъонæй. Ацы цухдзинад баххæст кæныны хæс сæхимæ райстой нæ республикæйы иумæйаг ахуырадон скъолатæ, астæуккаг специалон æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæттæ æмæ дзы ахуыргæнинæгтæн райдыдтой амонын сæрмагонд курс “Ирон æгъдæуттæ”. Уый хорз хъуыддаг у, фæлæ чиныг иу у, практикон цард та – æндæр æмæ сæ царды мидæг хъуамæ æххæстæй уадзæм ирон æгъдæутты ад, сæ хъомыладон æмæ хæрзæгъдауон тых.

                                                                                                                     БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.