2-æм июны Хуссар Ирыстоны Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты конференц-залы республикæйы дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæн пресс-конференци уыд РХИ-йы Мидхъуыддæгты министр Лæууойты Æхсар, йæ хæдивæг — булкъон Уалыты Муртаз æмæ Паддзахадон автоинспекцийы хистæр — булкъон Цхуырбаты Эльбрусимæ. Пресс-конференци бацæуæн ныхасæй байгом кодта РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты хайады сæргълæууæг Харебаты Майя. Уый ныхасы бар радта Мидхъуыддæгты министр Лæууойты Æхсарæн, кæцы банысан кодта, зæгъгæ, мидхъуыддæгты органты хорз æмæ ахадæн куыст ахъаз у паддзахады размæцыдæн. Уый тыххæй Хицауады къухдариуæгадæй махмæ ис хорз ахаст. Министр ма куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ алыгъуызон фыдракæндты нымæц нæ республикæйы азæй азмæ кæны къаддæр. Сæ гуырахстмæ гæсгæ не сты егъау, зын рарастгæнæн кæнинæгтæ. Уый фæстæ министр дзуаппытæ радта журналистты фарстытæн.

— Абон паддзахадон автоинспекцийы раз лæууы стыр хæстæ, куыд æххæст цæуынц, дарддæр цахæм уыдзæнис сæ архайд?

— Сæ разы цы хæстæ ис, уыдонæй сæйраг æмæ ахсджиагдæр у, цæмæй сæ къухты бафта æмæ Цхинвал хæсса æдас горæты ном. Хуымæтæджы хæс нæу, фæлæ æххæст æрцæудзæн. Хорз темптæй горæты уынгтæ ифтонг кæнæм æдасдзинады фæткойтæ хъахъхъæныны сæраппонд хъæуæг, алыгъуызон фæндагон нысæнттæй. Уый адæм хатынц сæхæдæг дæр æмæ сын арæх фехъусæм сæ арфæйы ныхæстæ. Алыгъуызон нысæнттæй дарддæр ма горæты уынгты æвæрд æрцæудзæн 50 фылдæр видеокамерæйы.

Абонмæ уал дзы сæвæрдтам 19, ацы куыстытæ цæуынц дарддæр. Фæуыдзысты азы кæронмæ.

— Не скъолатæ æмæ сывæллæтты рæвдауæндæттæ та фыдбылызтæй куыд хъахъхъæд цæуынц?

— Афтæ куы зæгъон æмæ се ’ппæт дæр хъахъхъæд цæуынц, куыд æмбæлы, афтæ, уæд уый раст нæ уыдзæн. Фарстыл кусæм æмæ рæхджы хорзæрдæм аскъуыддзаг уыдзæн. Хъахъхъæд цы скъолатæ цæуынц, уыдон дæр нæ рох не сты. Рæстæгæй-рæстæгмæ сæ бæрæг кæнæм. Нæ кусджытæ алкæцы ахуырадон уагдоны кæй не сты, уый аххосаг та уый у, æмæ кæй нæ фаг кæнынц кусджытæ.

— Зæгъут, зæгъгæ, нæ фаг кæнынц кусджытæ, уымæн та йæ аххосаг цы у?

— Ахæм уавæр у рæстæгмæ. Куыддæр Уæрæсеимæ сразыдзинæдты фæлгæтты дыууæ министрады, Уæрæсейы æмæ РХИ-йы министрадтæ къухтæ æрфыссой, афтæ уавæр хуыздæрæрдæм фæивдзæнис. Уый тыххæй мах бацæттæ кодтам фыстæг æмæ йæ арвыстам Уæрæсейы æнгæс министрадмæ. Сæ разамындимæ æмбæлгæ дæр фæкодтам. Цæйнæфæлтау абон ног кусджытæ райсæм æмæ сæ стæй цалдæр мæйы фæстæ арвитæм, уый бæсты нымайын афтæ, æмæ банхъæлмæ кæсын кæй уыдзæн хуыздæр.

— Афтæ нæ зæгъдзынæн æмæ æндæр регионтæм абаргæйæ, махмæ фæндæгтыл æдасæй цæуыны фæткойтæ хæлд цæуынц тынгдæр, фæлæ ис, зæрдæ цæмæй нæ рухс кæны, ахæм цаутæ дæр. Уыцы цухдзинæдты аххосаг у, нæ горæт чысыл кæй у æмæ цæрджытæ кæрæдзи кæй зонынц, уый. Ацы фарст рарасткæныныл та куыд кусут?

— Хъуыды кæнын, министры хæстæ æххæст кæнын куы райдыдтон, уæд дæр сдзуапп кодтон ахæм фарстæн æмæ уæд, куыд загътон, афтæ зæгъдзынæн абон дæр. Махæй алчи дæр закъоны раз хæсджын у æмхуызон. Закъон чи фехала, уый хæсджын у æмæ дзуапп дæр радта. Мæ хиуæттæй дæр исчи куы фехала фæндагыл цæуыны фæткойтæ, уæд æй æз нæ бааууон кæндзынæн. Уый тыххæй мачи æнхъæлмæ кæсæд, хатыр никæмæн уыдзæн. Министры бынаты куы кусын, уæдæй фæстæмæ фæндагон-транспортон фæткойтæ не ’мбæстæгтæй чи фехæлдта æмæ сæ ныхмæ нæ кусджытæй æмбæлон мадзæлттæ чи нæ райста хæстæг-зонгæдзинады тыххæй, уыдон сæрибар æрцыдысты сæ куыстæй.

— Æрæджы Мидхъуыддæгты министрады рæстæгмæдарæн изоляторы æрцыд æнамонддзинад. Цы баисты, уыцы бон радгæс чи уыд, уыцы кусджытæ?

— Раст зæгъгæйæ, уый чысыл цухдзинад нæ уыд. Арæзт сыл æрцыд акттæ, ныртæккæ фæдагурджытæ кусынц семæ. Уыдон ист æрцыдысты сæ куысты бынæттæй. Цæмæй ахæм цаутæ мауал æрцæуа, уый тыххæй реконструкцигæнæн куыстытæ æххæст цæуынц рæстæгмæдарæн изоляторы.

— Нæ горæты цæрджытæй иуæй-иутæ райгонд не сты сæ фадыгон инс-пекторты куыстæй. Хъуыддаг цæмæн афтæ у?

— Адæм алыгъуызæттæ сты. Чидæр кæмæйдæр райгонд нæу, уый ууыл дзурæг нæу æмæ уыцы чидæр хорз нæ кусы. Афтæ мæм кæсы æмæ цухдзинæдтæ алы ран дæр ис, уæлдайдæр та, куыстытæ æххæст куы фæцæуынц вазыгджын уавæрты, уæд. Фадыгон инспекторты куысты дæр ис згъуыдтæ, фæлæ уæ бауырнæд, уыдон фæрцы арæх раргом кæнæм фыдракæндты. Йæ хæстæ сæ чи нæ феххæст кæны, уыдон та фæдзæхсгæ бакæнæм.

— Æрæджы ист æрцыд закъон Хуссар Ирыстоны наркотикон буарадтæ уæй æмæ уыдонæй пайда кæныны ныхмæ, куыд æххæст цæуынц йæ домæнтæ?

— Стыр амондæн нæ республикæйы нæ уыд иунæг факт дæр æмæ уæй кæнæ пайда кæной тыхджын наркотикон буарадтæй. Ацы аз цыппар адæймаджы фæивар кодтам, лæмæгъ наркотикон буарадтæй кæй пайда кодтой уый аххосæй. Ацы мæгуырау фарст аиуварс кæныны хъуыддаджы нын стыр æххуыс кæнынц горæты цæрджытæ. Стæм сæ райгонд æмæ сын зæгъæм бузныг.

— Нæ горæты тынг бирæ машинæтæ кæй ис, уый алкæмæн дæр у зындгонд. Се ’хсæн, куыд зæгъынц, афтæмæй вæййы æнæдокумент машинæтæ, куыд фидар цæуынц сæхиуæттыл?

— Машинæ закъонæй кæй у, ууыл фи-даргонд æрцæуы бæлвырд уагæвæрдмæ гæсгæ. Æнæдокумент машинæтæ кæд вæййынц фæдагуырды, уæд сæ фæхæццæ кæнæм, чи сæ агуры, уыдонмæ. Ивгъуыд аз ахæм машинæтæ Уæрæсемæ арвыстам дыууæ. Ныртæккæ нæ республикæйы фидаргонд ис 17 000 машинæйы.

— Гуырдзыстоны мыхуыры кусджытæй сæ иу Интернеты фыссы, зæгъгæ, Ленин-горы астæуккаг скъолайы фæхыл сты дыууæ ахуыргæнæджы. Сæ иу дзы иннæйы ныццавта кардæй æмæ бахауд рынчындонмæ. Цахæм барæнтæ райстат хылгæн-джыты ныхмæ?

— Афтæ мæм кæсы æмæ уый у, стыр нысаниуæг кæмæн нæй, ахæм цъыфкалæн. Ахæм цау куы æрцæуы, рынчындонмæ ахæм уавæры исчи куы бахауы, уæд рынчындон фехъусын кæны мидхъуыддæгты органтæм. Мах нæ райстам ахæм сигнал, хъаст дæр не ’рбацыд æмæ у мæнг ныхас.

— Гуырдзиаг-ирон хæсты фæстæ не ’мбæстæгтæй бирæтæм ис хæцæнгæрзтæ. Уый аххосæй æрцæуы æнамонддзинæдтæ дæр. Цахæм куыст цæуы уавæр фæивыныл?

— Фарсты тыххæй хъуыды кæнын æмæ уыдон тыхæй байсын хорзмæ не ’ркæн-дзæнис. Уавæр æрбæстон кæныны тыххæй цæуы куыст. Ис цалдæр гæнæны æмæ, æвæццæгæн, тагъд рæстæджы райсдзыстæм сæ иуы. Гæнæн ис æмæ сæ сæ хицæуттæн закъонон скæнæм. Ахæм методтæй бакуыстой бирæ бæстæты, уæлдайдæр та, хæст кæм цæуы æмæ хæстæй тæссаг кæм у, уым. О, фæлæ, æгæр чи кæны, закъон чи фехалы, уыдо-нæн ист æрцæуынц сæ хæцæнгæрзтæ. Ацы аз ист æрцыд 5 автоматы, 3 дамбаца æмæ 1 пулемет.

— Арæх паддзахадон автоинспекцийы кусджытимæ иумæ фæлæууынц милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды кусджытæ дæр. Цæмæн?

— Уымæн æмæ автоинспекцийы кусджыты фæхъæуы æххуыс, нæ сæм фехъусынц фæткхалæг æмæ нозтджын шофыртæ. Уый у рæстæгмæ хъуыддаг, уавæр куы фæхуыздæр уа, уæд нал лæудзысты.

Министрæн иуæй-иу фарстыты сæ комментаритимæ æххуыс кодтой йæ хæдивæг Уалыты Муртаз æмæ паддзахадон автоинспекцийы хистæр Цхуырбаты Эльбрус.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.