Фæстаг рæстæджы арæхæй арæхдæр дзырд цæуы ирон ныхасы культурæ æмæ ууыл бакусыны фарсты фæдыл. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, у тынг хорз хъуыддаг. Ныхасы культурæйæн ис стыр нысаниуæг.  Уый бирæбæрцæй дзурæг у адæймагæн йæхи индивидуалон миддунейыл, йæ райгуырæн бæстæмæ, адæммæ йæ ахастыл.

Ныхасгæнæг хъуамæ кæддæриддæр тырна йе спайдагонд дзырдтæй æвзаджы рæсугъддзинад радæттынмæ.  Уый цæмæй афтæ рауайа, уый тыххæй фаг нæу æвзаджы домæнтæ зонын. Уый тыххæй дзурæг кæнæ фыссæг хъуамæ арæхса, йæ хъуыдытæ æвзаджы аив мадзæлтты фæрцы радæттынмæ.

V-æм æнусы сомихаг фыссæг Егише, фараст æвзагæн сæ миниуджытыл дзур-гæйæ æппæты аивдæр æвзагыл банымадта алайнаг æвзаг. Ирон ныхасы культурæйы ис тынг бирæ скъуыддзаг кæнинаг фарстатæ, æмæ ныртæккæ куыд зонæм, афтæмæй уыдон фæдыл цæуы куыст. Æмæ цæмæй ахуыргæндтæ æмæ лингвисттæ æвзагмæ цы ивддзинæдтæ кæнæ ногдзинæдтæ  бахæссынц, уыдонæй æхсæнады пайда кæной, уый тыххæй сæ сæйраджыдæр, хъæуы рæзгæ фæлтæрæн сæ æрвылбонон ныхасы фæсауæрцтæм бахæссын, бацамонын сын, цæмæй алы дзырдæй дæр нысанмæз-дæхтæй пайда кæной, цæмæй сæ хъуыдыкæнынад уа  сæ мадæлон æвзагыл.

Ацы фарсты фæдыл вазыгджын æмæ бæрнон  хæс æвæрд ис ахуырадон уагдæтты хъомылгæнджытæ æмæ ахуыргæнджыты раз.  Ахуыргæнæджы хæстæ сывæллæттæн æрмæст мадæлон æвзагыл кæсын æмæ фыссын, истори æмæ культурæ бацамонын не сты. Фыццаджыдæр рæзгæ фæлтæрæн хъæуы бауарзын кæнын сæ мадæлон æвзаг, хъуамæ æмбарой, æнæ мадæлон æвзаг кæй нæй уæвæн нацийæн.  Фæсивæд хъуамæ аргъ кæной  сæ нацийæн, уарзой сæ раттæг адæмы. Æрмæстдæр уæд уыдзæн рæзгæ фæлтæры мадæлон æвзаджы культурæйыл фæцайдагъ, афтæ ма нацийы æппæт хъæздыгдзинæдтæ базонынмæ сæ цымыдис райхъал кæнæн. Ахæм амæлттæй пайда кæнгæйæ ахуыргæнæг æмæ ахуыргæнинагæн зын нæ уыдзæн æмзондæй бакусын æвзаджы культурæйы рæзтыл.

Ахуырадон уагдæтты кусджытæ, уæлдайдæр та скъолаты кæстæр кълæсты ахуыргæнджытæ хъуамæ æвæрой сæ разы æппæт ацы хæстæ æмæ сæ æххæст кæной бæрнонæй æмæ нысанмæздæх-тæй.

Ацы куыст æххæстбæрцæй бакæнынæн, мæнмæ гæсгæ, ахъаз фæуыдзæн бинонтæ æмæ ахуырадон уагдæтты æмгуыст кæныны амæлттæй пайда куы цæуа, уый.

Кæд нæ республикæйы дæргъвæтин рæстæджы уыд уæззау æмæ зынвадат дуг, уæддæр махмæ бирæ цард æмæ ныр  дæр цæрынц æндæр нациты минæвæрттæ.  Иу бакастæй уым цымыдисагæй ницы ис, цыма,  фæлæ  ам сæйраг у уыдоны ахаст нæ мадæлон æвзагмæ. Ныртæккæ  нæ республикæйы бирæ скъолаты ахуыр кæнынц гуырдзиаг, сомихаг, уырыссаг скъоладзаутæ. Уыдонæй, кæй зæгъын æй хъæуы, алчи не ‘рæхсы ирон æвзаг сахуыр кæнынмæ, фæлæ сæ алчидæр кусы йæхиуыл, цæмæй ирон æвзагыл рæвдз дзурой, кæсын, фыссын зоной. Ацы хъуыддаджы сæ фарс куы ‘рбалæууой ахуыргæнджытæ, куы сын амоной нæ ирон  æвзагыл аив ныхæстæ æмæ сæ пайдакæнынад, уæд уыдонæн сæ ныхас дæр уыдзæн аивдæр æмæ нæ «чъизи» кæндзæн æндæр нациты æрбайсгæ дзырдтæй, кæнæ зыгъуыммæгонд дзырдтæй.

Ирон бинонты ‘хсæнæй ма хъуамæ цæуа ахæм скъоладзау, йæ мадæлон æвзагыл, æппынкъаддæрæй, аив дзурын чи нæ зона. Хъыгагæн, ныртæккæ ацы фарст иуæй иу бинонты ‘хсæн у хуыздæрхъуаг. Уымæн æмæ куыд иуæй -иу сабитæ, афтæ ныййарджытæ дæр нæ зонынц сæ мадæлон æвзагыл нæдæр аив ныхас кæнын, нæдæр кæсын æмæ фыссын. Сæвзæры фарст: кæд æмæ уыцы ныййарджытæ астæуккаг ахуырад райстой нæ республикæйы скъолаты, рæзтысты ирон æхсæнады, уæлдæр ахуырад райстой Ирыстоны, уæд сæ мадæлон æвзагыл кæсын æмæ фыссын цæуылнæ сахуыр сты? Мæнмæ гæсгæ, адæймаг уæлæнгай цæстæй цы хъуыддагмæ фæкæсы, уым ын æнтыстытæ дæр вæййы къаддæр.  Афтæ рауад ам дæр.  Уыцы уавæр ныр дæр ма æндавы нырыккон фæлтæрыл. Тынг арæх фембæлæм ахæм проблемæйыл: скъоладзауæн йæ бон не свæййы йæ хæдзарон хæслæвæрд сæх-хæст кæнын. Нæ йын æй бацамонынц йæ ныййарджытæ дæр – сæхæдæг дæр æй нæ фæзонынц. Мæнмæ гæсгæ ахæм рæстæджы ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджытæн куы уа басстдзинад, уæд ахуыргæнæгæн йæ бон суыдзæн уавæр рараст кæнын. Уый тыххæй та ацы фарстмæ хъæуы бæрнондæр ахаст дарын. Ныййарджытæ дæр хъуамæ домой сæ сабитæй, сæ мадæлон æвзагмæ фылдæр хъус дарын, фылдæр ыл бакусын. Хъыгагæн, æвзонг ныййарджытæ ахуырадон процессы æппæт фарстатæ æвæрынц ахуыргæнджытыл æмæ сæхимæ ницы хæстæ исынц, не ‘нкъарынц бæрндзинад мадæлон æвзаг ахуыр кæныны хъуыддаджы.

Фæнды мæ зæгъын, ацы фарсты фæдыл кæй хъæуы кусын ныййарджытимæ, цæмæй уыдон æрбалæууой ахуыргæнджыты фарсмæ.

Афтæ куынæ уа, уæд нæ мадæлон æвзаг размæ никуы рацæудзæн, нæ ауадздзæн арф уидæгтæ нæ царды.

ТЫДЖЫТЫ Надя,

Цхинвалы 6-æм астæуккаг скъолайы

 ирон æвзаджы ахуыргæнæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.