Хуссар Ирыстоны зæхмæ фидауынгæнджытæ куы æрцыдысты, уыцы боныл ныр æххæст кæны 32 азы. Кæд нæ республикæйы кæрон æрцыдис сæ ахсджиаг миссийæн, уæддæр махæй уыдон никуы уыдзысты рох. Уæлдайдæр никуы ферох кæндзыстæм, цы бон нæм æрцыдысты уыцы сæрдыгон ныфсдæттæг  бон  – 14-æм июль.

Райгуырæн зæхх цыфæнды амæлттæй бахъахъхъæнын уыд ирон хъæбатыр лæппуты сæйраг хæс. 90-æм азты гуырдзыйы агрессийы фæстиуæгæн ахæм хæс йæхимæ райста дзæнæттаг Цхуырбаты Роланд Суликъойы фырт дæр. 1992 азы уый бацыдис фидауынгæнæг тыхты рæнхъытæм æмæ цæсгомджынæй йе ‘фсæддон æмбæлттимæ æххæст кодтой сæ сабырадон мисси.

Нæ Ирыстон чысыл у, фæлæ йын хъуыддагæй чи лæггад кодта æмæ кæны, стæй йæ сæр нывондæн чи ‘рхаста Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау, уыдон та бирæ сты. Иу барæнæй сæ, кæй зæгъын æй хъæуы, не сбардзынæ, кæмæн йæ лæггæдтæ фылдæр сты, кæмæн – къаддæр. Цхуырбаты Роланд абоны онг сæрæгасæй куы баззадаид, уæд, æвæццæгæн, уымæн дæр æфсæддон уæвгæйæ, йæ лæггæдтæ фылдæр уыдаиккой йæ райгуырæн Ирыстоны раз. Уымæн æмæ тынг уарзта æфсæддон хъуыддаг, уыдис уæздан æмæ æмгаруарзаг, æцæг патриот, кæддæриддæр-иу уыд рæстылдзурæг, принципиалон æмæ йæ ныхасы лæг кæй фæхонынц, ахæм.

Хъæубæсты хъомыл кодта æмæ йæ зыдтой, куыд хорз кæстæр, афтæ. Уыд хæларзæрдæ, хъазæгой, тæлтæг лæппу. Адæмæн æй фæндыдис æрмæстдæр хорз саразын. Сывæллæттимæ уыдис сывæллон æмæ хистæртимæ та – хистæр. Ахæм хорз лæппу уыдис, æмæ, адæм куыд фæзæгъынц, цæрыны гуырд нæ уыдис. Роланд-иу цыфæнды хъуыддаджы дæр йæхи никуы фæаууон кодта, хъæуы алкæй цумайæн дæр уыдис рæвдз. Уарзта спорт æмæ арæхстджын уыдис техникæмæ дæр. Уыцы курдиат ын фæбæрæг æфсады службæйы рæстæджы, уый архайдта æфсæддон техникæимæ. Чизоны йын уыцы дæсныйад сбæз­зыдаид ныры сабыр дуджы дæр, фæлæ йæ царды фæндаг рауадис цыбыр…

Цхуырбаты Роланды ныййарджытæ Суликъо æмæ Верæ сæхи амондджыныл нымадтой, Мадымайрæм сын цы дыууæ фырыхъулы хуызæн фырт æмæ чызг балæвар кодтой, уыдоны цинæй. Цард сæм йæ мидбыл худтис, сæ зæрдæ радис сæ хъæбултæй æмæ куыстуарзаг æмкъæйттæ сæ бæркадыл ноджыдæр æфтыдтой бæркад æмæ амондджынæй хъомыл кодтой сæ кæстæрты. Никуы ахъуыды кодтаиккой æмæ сæ цардбæллон 22-аздзыд лæппуйыл саутæ скæндзысты…

Цхуырбаты Роланд райгуырдис 1970 азы Дзауы районы Хслебы хъæуы кусæг бинонты ‘хсæн. Астæуккаг ахуырад райста Дзауы районы ныры Хетæгкаты Къостайы номыл скъолайы. Скъола каст фæуыны фæстæ йæм уайтагъд æрсидтысты Советон Æфсады рæн­хъытæм æмæ дзы баслужбæ кодта дыууæ азы бæрц.

Роланды хо Риммæ нын куыд радзырдта, афтæмæй йе ‘фсымæр æфсады службæгæнгæйæ, йæхи равдыста тынг хорз, уыд цæвиттойнаг, куыд æцæг ирон лæппу, афтæ не ‘рныллæг кодта ирон лæджы кад, æмæ-иу сæм хæдзармæ йæ ныййарджыты номыл йæ коман­диртæ æрæрвыстой бузныджы фыстæджытæ. Бирæ рæсугъд фæндтæ уыд хæлар­зæрдæ лæппумæ. Царды хъуамæ равзæрстаид йæ фæндаг, фæлæ йын нал бантыст.

Æфсадæй куы æрыздæхт, уæд йæ уарзон райгуырæн зæххыл æрæййæфта змæстытæ. Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн цы конфликт райдыдта, уый цадæггай рахызт æххæстхъомыс хæстон архайдтытæм. Гуырдзиæгтæ знæтæй лæбурдтой ирон хъæутæм, Цхинвалмæ. Æрæхгæдтой-иу фæндæгтæ æмæ-иу нал уагътой ирон адæмы цæуын, цагътой сæ, удæгасæй сæ сыгътой, алы фыдмитæ сын кодтой, горæт уыд блокадæйы. Адæм æййæфтой æххормæгтæ æмæ уазæлттæ, афтæмæй сæ мæгуыры царды бонтæ æрвыстой тасы бын. Гуырдзиаг фашистты амæттæгты нымæц бонæй-бон фылдæр кодта, бирæ дзы уыд цæфтæ æмæ мæрдтæ дæр. Уыцы хæстон цаутæ йæ зæрдæмæ æввахс иста Роланд дæр æмæ куыд ирон лæг, афтæ цæттæ уыд знаджы ныхмæ æрлæууынмæ, Ирыстоны фашисттæй бахъахъхъæныны сæраппонд. Уæд сæххæст ныфсхаст лæппуйы фæндон. Ирыстоны сахъгуырд лæппутæн мобилизаци куы цыдис æфсад саразыны тыххæй, уæд Цхуырбайы фырт дæр дзауаг лæппутимæ уайтагъд æрлæууыдис Ирыстоны хъахъхъæнджыты æмрæнхъ.

«Ме ‘фсымæр æфсадæй куы æрыздæхт, уæд агуырдта куыст, уыдис æм царды рæсугъд фæндтæ, фæлæ цæй куыст, бæстæ уыдис хæццæ æмæ змæст. Гуырдзиæгтæ та нæ аннæрдыгæй цæгъдæнтæ кодтой. Уæд Хуссар Ирыстоны уыд мобилизаци, районы военкоматы кусæг, нæ хъæуккаг Цхуырбаты Нодар махмæ дæр куы æрбахъæр кодта æмæ куы бамбарын кодта, йе ‘рбацыды сæр цæуыл у, уæд Роланд уайтагъд, хъуыды дæр ыл нæ акодта, афтæмæй сразы ис Райгуырæн зæхх знагæй бахъахъхъæныныл. Уайтагъд ацæттæ кодтой лæппутимæ сæ гæххæттытæ æмæ атындзыдтой сæ хъуыддаджы фæдыл», – кæугæйæ дзырдта Роланды хо Рим­мæ.

Цхуырбиан йæ мысинæгты дзуры, зæгъгæ, Дзауы лæппутæ куы æрбатымбыл сты, уæд сæ арвыстой Цæгат Ирыстонмæ, цæмæй сæ уым бацæттæ кодтаиккой. Уым 6-æм июлы Цхуырбаты Роланд фидаргонд æрцыд Хуссар Ирыстоны фидауынгæнæг тыхты сæрмагонд сконды штатмæ. Уыдис 2 ротæйы 4 взводы дыккæгæм хайады шофыр-механик æмæ йын йæ бар бакодтой стыр æфсæддон машинæ БТР. Роландæн йæ цинæн кæрон дæр нал уыдис уæд. Уымæн уый уыдис стыр кады нысан æмæ хъуыддаг, æмæ йæхи ныр æнкъардта уæлдай бæрнджындæрæй. Кæд æфсæрмыгæнаг лæппу не схъæр кодта ацы хъуыддаг, уæддæр хъæуы ахъæр, зæгъгæ, Роланд скъæры 312 номыры БТР æмæ йын йе ‘рцыдмæ 14-æм июлы тынг æнхъæлмæ кастысты фæсивæд.

Цæмæй тугкалд урæд æрцыдаид, уый тыххæй 1992 азы июны Сочийы Хуссар Ирыстон, Гуырдзыстон, Уæрæсейы Федераци æмæ Цæгат Ирыстоны ‘хсæн арæзт æрцыд цыппарвæрсон сразыдзинад. Ацы сразыдзинады бындурыл 1992 азы 14 июлы тугамæхст Хуссар Ирыстонмæ æрцыдысты Фидауынгæнæг тыхтæ æмæ семæ æрхастой сабырад æмæ æнцойад. Никуы ферох кæндзысты Цхуырбаты Роланды бинонтæ æфсæддон техникæйы колоннæ се ‘хсæн уыдис сæ фидауынгæнæг хъæбул дæр. Уыдон Дзауы районы сæ хъæуы цæрджытимæ цины цæссыгтимæ æмбæлдысты, сæрбæрзонд кæмæй уыдысты, уыцы 312 номыр БТР-ы хицауыл. Хслебы фæсивæд колоннæмæ æппæрстой дидинджытæ, фæлæ сæрмагондæй рæсугъд дидинджыты баст æрцæттæ кодтой æмæ йæ балæвар кодтой, хорз кæй зыдтой, сæ уыцы уарзон ирвæзынгæнæг лæппуйæн.

Уæздан, хæларзæрдæ, æфсармджын хъæбатыр лæппу адæмы зæрдæты баззад æнустæм

Хуссар Ирыстоны Фидауынгæнæг тыхты службæгæнджытæ службæ хастой бирæ хъусдарæг постыты, уыцы нымæцы Ленингоры районы дæр. Уырдæм арвыстой Роланды взводы дæр. Йе ‘фсæддон æмбал Кæркуысты Алеш куыд радзырдта, афтæмæй сæ слæууын кодтой фыццаг Ортъеуы хъæуы, фæстæдæр та сæ пост раивтой Цъинагармæ æмæ уым фесты бирæ рæстæг. Хъахъхъæдтой хъæу гуырдзиаг фашисттæй æмæ сæ тынг бауарзтой хъæубæстæ дæр. Абон дæр Алешы зæрдыл лæууынц уыцы рæстæджы Роландимæ се службæйы хабæрттæ: «Роланды æз хуыздæр базыдтон, Фидауынгæнæг тыхты куы райдыдтам службæ кæнын, уæд. Уый уыдис рæсугъд, æнæхин æмæ хæларзæрдæ лæппу. Æппынæдзух-иу кодтаид худгæ. Цыфæнды хъуыддагмæ дæр æнæзивæг кæй уыдис, стæй æфсæддон хъуыддаг кæй уарзта, уый йе ‘мкусджытæй алчидæр зыдта æмæ йæ тынг бирæ уарзтам. Фæлæ йæ хъысмæт афтæ рауадис æмæ не ‘хсæнæй фæхъуыдис. Бæргæ абон куы æрæййæфтаид Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад, уæд ыл тынг фæцин кодтаид», – æрхæндæгæй дзырдта фидауынгæнæг Алеш.

Фидауынгæнæджы мисси æххæстгæнгæйæ, Цхуырбаты Роландæн бантыст æрмæстдæр цалдæр мæйы бæрц йæ райгуырæн Ирыстонæн балæггад кæнын. Уый 1992 азы фæззæджы, 4 октябры, йе ‘фсæддон хæс æххæстгæнгæйæ, фæмард трагикон æгъдауæй Цъинагары. Афтæ ахицæн ис 22-аздзыд цардбæллон лæппу а-дунейæ. Саутæ скæнын кодта йæ ныййарджытæн, йæ хо æмæ йе ‘фсымæрæн. Сæ хъарджытæм хъусынæй къæдзæх дæр рызтис. Æнамонд ныййарджытæ сæ сæрæн нал систы. Йæ хъæбулы фарсмæ ивгъуыд аз йе ‘нусон бынат ссардта йæ фыд Суликъо дæр.

Кæугæйæ ныууагъта Роланд, йæ цард кæимæ хъуамæ сбастаид, уыцы уарзон чызджы дæр. Æмæ йын кæд бирæ рацæрын нæ бантыст, уæддæр æй чи зыдта, уыдоны зæрдæты баззад, ирон лæджы миниуджытæй æххæст чи уыд, ахæм уæздан, хæларзæрдæ, æфсармджын, хъазæгой æмæ æмгаруарзагæй.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.