РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик йæхимæ райста Уæрæсейы Паддзахадон статистикæйы федералон службæйы минæвæртты. Уыдон Хуссар Ирыстонмæ æрцыдысты 4-бонон кусæгон балцы. Уый тыххæй хъусын кæны РХИ-йы Хицауады пресс-службæ.

Фембæлды хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон статистикæйы управленийы къухдариуæггæнæг Тыбылты Инал.

Пухаты Эрик раарфæ кодта уазджытæн æмæ сын бузныджы ныхæстæ загъта, Хуссар Ирыстоны Паддзахадон статистикæйы управленийы проблемæтæм лæмбынæг хъусдард кæй здахынц, уый тыххæй.

«Мах Уæрæсейы статистикон службæимæ кусæм цасдæр рæстæг, æмæ хъуамæ банысан кæнон, нæ иумиаг архайд кæддæриддæр позитивон æмæ нысаниуæгджын кæй уыд. Мæхæдæг ма фыдыбæстæйон Статуправленийы къухдариуæггæнæг куы уыдтæн, уæд не службæты х’сæн æрбиноныг сты тынг хорз ахастытæ æмæ мæ ныфс ис, уыдон ног æмвæзадмæ кæй рахиздзы-сты, уымæй», – загъта Пухаты Эрик.

Хицауады Сæрдар уазджыты базонгæ кодта фæстаг рæстæджы республикæйы æнтыстытимæ æмæ  социалон-экономикон перспективæтимæ.

«Хуссар Ирыстон рæзгæ бæстæ у, мах фæндвидарæй цæуæм размæ æмæ скъуыддзаг кæнæм актуалон фарстытæ. Республикæйы дарддæры экономикон рæзты ахсджиагдæр мадзæлттæй иу у хъæууонхæдзарадон сфыст сорганизаци кæнын, æмæ мæ ныфс ис, уе ‘ххуысæй уый æмбæлон æмвæзадыл æххæст кæй æрцæудзæн», – банысан кодта уый.

Йæ рады  делегацийы сæргълæууæг, Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады бæстæтимæ, Республикæ Абхаз æмæ Республикæ Хуссар Ирыстонимæ кусыны фæдыл Фæсарæйнаг бæстæты æмæ æхсæнадæмон æмкуысткæнынады статистикæйы управленийы хайады сæргълæууæг Маргарита Ковалева, кæцы Хуссар Ирыстонмæ æрцыд дыккаг хатт, Пухаты Эрикæн ныфс бавæрдта, йæхæдæг дæр æмæ йæ коллегæтæ дæр цæттæ кæй сты æнгом æмкуысткæнынадмæ, уый тыххæй.

«Мах цæттæ стæм уæ куырдиæттæ æмæ фæндæттæ æххæст кæныны баххуыс кæнынмæ, æмæ æппæт дæр сараздзы-стæм республикон службæйæн баххуыс кæныны тыххæй», – банысан кодта уазæг.

Тыбылты Инал куыд бамбарын кодта, афтæмæй ныртæккæ хъæууонхæдзарадон сфыст бацæттæ кæнын æмæ ауадзыны фæдыл закъоны проектæн арæзт цæуы юридикон экспертизæ, уый фæстæ бавдыст æрцæудзæн республикæйы Хицауадмæ, стæй та Парламентмæ.

«Хъæууонхæдзарадон сфыст республикæйæн тынг ахсджиаг у, – загъта уый.  Ныр-ма уал бæрæг æрцыд йæ ауагъды фæтк, фæлæ уыцы хъуыддаг стыр куыст у, бирæ финанстæ йыл хъæуы бахардз кæнын, уый тыххæй цалынмæ йæ ауадзæм, уæдмæ аскъуыддзаг кæнын хъæуы къорд фарстатæ. Мæн бузныг зæгъын фæнды мæ уæрæсейаг коллегæтæн, зæрдæхæлар æмæ лæмбынæг хъусдарды тыххæй».

Фембæлды рæстæджы уынаффæ цыд методикон æмæ кадрон политикæйы фарстатыл, афтæ ма нысан æрцыд 2018-2020 азтæн Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон статистикæйы федералон службæйы иумиаг куысты развæлгъау план.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.