2023 азы 16 марты Мæскуыйы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент фембæлд Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путинимæ.

Дыууæ бæстæйы лидертæ уынаффæ кодтой дыварсон æмгуыстады ныры уавæрыл æмæ дарддæры перспективæты рæзтыл, фыццаджы фыццаг социалон-экономикон фадыджы.

Владимир Путин раарфæ кодта Гаглойты Аланæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ахастытæн ис сæрмагонд характер.

«Цытджын Алан Эдуарды фырт, æхсызгон мын у дæ фенд, демæ базонгæ уæвын. Æз нæ дзурдзынæн Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ахастытыл — ам, мæнмæ гæсгæ, уæлдай сты комментаритæ: уыдонæн сæрмагонд нысаниуæг ис. Фæлæ мæ банысан кæнын фæнды уый, æмæ махæн нæ ахастытæ кæй рæзынц æппæт здæхтыты, уыцы нымæцы экономикон фадыджы дæр. Ивгъуыд аз товарæрзылд уыд 12 проценты. Уый хорз бæрæггæнæн у. Практикон æгъдауæй рæзынц æппæт программæтæ дæр: инвестицон программæ, социалон-экономикон рæзты программæ, финансон æххуысы программæ, Хуссар Ирыстонæн æххуысы æмæ фарсхæцынады кредитон программæ.

Æдасдзинад ифтонг кæныны хъуыддаджы, республикæйы территорийыл ис уæрæсейаг æфсæддон базæ æмæ уыцы здæхты æмбæлон структурæты ’хсæн ис тынг æнгом æмахастытæ. Æвæццæгæн ис, уынаффæ кæнын кæуыл хъæуы, ахæм фарстатæ дæр. Табуафси, хъусын дæм, æгас нæм цу», — загъта Владимир Путин.

Гаглойты Алан бузныг загъта Уæрæсейы Президентæн, Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмы номæй йын фадат кæй ис лæгæй-лæгмæ бузныджы ныхæстæ зæгъынæн.

«Нæ зæрдыл лæууы, республикæйæн иууыл уæззаудæр рæстæджыты, æмæ абоны онг дæр, Уæрæсейы Федераци кæй ис нæ фарсмæ æмæ нын кæй кæны, саргъгæнæн кæмæн нæй, ахæм æххуыс. Нæ зæрдыл лæууы 2008 азы август дæр, Хуссар Ирыстоны адæмæн скуынæг кæнынæй тас куы уыд, фæлæ раст æмæ рæстæгыл ист æрцæугæ уынаффæйы руаджы агрессор урæд кæй æрцыд. Мах нæ хæс æмæ нæ бузныгдзинад æрмæст ныхæстæй не ’вдисæм, фæлæ хъуыддагæй дæр. Сæрмагонд æфсæддон операцийы ирон хæстонтæ сæ уæрæсейаг æфсымæртимæ хъахъхъæнынц нæ иумæйаг истори, иумæйаг æргъадтæ, нæ иумæйаг дин. Уымæй дарддæр банысан кæнын хъæуы уый, æмæ уыдон се ’ппæт дæр уырдæм кæй цæуынц уæлахизы æнхъæл, уымæн æмæ йæ æмбарынц, уæлахизы æмæ историон рæстдзинады тыххæй кæй тох кæнынц. Уыдонæй бирæтæ хорзæхджын æрцыдысты Уæрæсейы Федерацийы паддзахадон хорзæхтæй», — загъта уый.

Хуссарирыстойнаг бæстæйы сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, вазыгджын геополитикон уавæр хынцгæйæ, абон уæлдай ахсджиаг у æдасдзинады иумæйаг контуры фæлгæтты нæ архайдтытæ координаци кæнын.

«Абон экономикон æмгуысткæнынады фарстатæн ис стратегион нысаниуæг. Уыцы планы Хуссар Ирыстонæн сæрмагонд роль ис. Агресси фыццаг мах баййæфтам, нæ историон равзæрстыл — Уæрæсеимæ иумæ уæвыныл иузæрдион кæй уыдыстæм, уый тыххæй. Æмæ мах æппæт дунейæн хъуамæ фенын кæнæм, уый раст равзæрст кæй уыд. Уый тыххæй, махæй цы аразгæ у, уый хъуамæ саразæм, цæмæй нæ республикæйы экономикæйы ракæнæм хиифтонгады æмвæзадмæ æмæ суæм аккаг экономикон партнер», — загъта Гаглойты Алан.

Уый бузныг загъта Владимир Путинæн, нæ республикæйы æппæт территорийы газификацийы проекты фарс кæй рахæцыд, уый тыххæй. «Уый, æцæгæйдæр, уыдзæн нæ экономикæйы размæцыд. Нæ хъæуты цæрджытæ нал лидздзысты æмæ нæ федзæрæг уыдзысты, уый импульс уыдзæн хъæууон хæдзарады рæзтæн. Уый стыр æххуыс уыдзæн Хуссар Ирыстонмæ инвесторты æрцыдæн. Владимир Владимиры фырт, Хуссар Ирыстоны адæмæй уый никуы ферох уыдзæн. Уымæй дарддæр ма ацы аз 15 азы сæххæст уыдзæн, Уæрæсе Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, ууыл. Уавæрæй пайда кæнгæйæ уæ хонын Хуссар Ирыстонмæ иууыл кадджындæр уазæджы хуызы. Ды фендзынæ Хуссар Ирыстоны адæмы хъарм, æфсымæрон хионы ахаст. Бузныг, нæ разы цы хæстæ лæууынц, уыдоныл уынаффæ кæныны фадат æмæ зæрдиаг химæрайсты тыххæй», — загъта Гаглойты Алан.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.