24 январы Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарджын тыхты хицæн хæйттæ Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхты скондмæ бацæуыны фæткы тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн сразыдзинад арæзт кæй æрцыд æмæ йæ Уæрæсейы Паддзахадон Думæ кæй сратификаци кодта, уый хорзæрдæм бандавдзæн дыууæ паддзахады ахастытыл. Уæрæсейаг экспертты ныхæстæм гæсгæ, уыцы фæтк æххæст цæудзæн хъырымаг сценаримæ гæсгæ.

Ацы сразыдзинадмæ иугъуызон цæстæй нæ кастысты нæ адæм. Уымæн æмæ не ‘мбæстæгтæн сæ фылдæр службæ кæнынц республикæйы Гарзджын тыхты сконды æмæ йын йе сконд куы фæкъаддæр кæной, уæд бирæтæ æгуыстæй кæй баззайдзысты, уымæй тарстысты.  Бирæтæ та æнхъæлмæ кастысты чысыл, фæлæ эффективон, нырыккон домæнтæ дзуапп чи дæтта æмæ йæ республикæйы æдасдзинад бахъахъхъæнынхъом чи уа, ахæм æфсад саразынæн сын кæй баххуыс кæндзæн Уæрæсейы Федераци.

О, фæлæ уæрæсейаг политолог Модест Колеровы хъуыдымæ гæсгæ, «республикæйы Гарзджын тыхты рæзтæн ис иунæг фæндаг – Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхтимæ интеграци. Уæрæсеимæ æмцæдисы рæстæджы сæрмагонд гарзджын тыхтæ уой æви нæ, уымæн ницыуал нысаниуæг ис. Уæрæсеимæ æмцæдисад скъуыддзаг кæндзæн цыфæнды хæслæвæрдтæ дæр. Уый абон не ‘рхъуыды кодтой. Ахæм цæдис арæзт æрцыд 1992 азы Таджикистаны дæр».

Сразыдзинадмæ гæсгæ хуссарирыстойнаг хæстонтæй Уæрæсейы Гарзджын тыхты скондмæ чи цæуы, уыдон сæхи хъуамæ ссæрибар кæной хуссарирыстойнаг æфсадæй, уый фæстæ æфсæддон хыгъды слæууой Цæгат Ирыстоны æмæ контрактмæ гæсгæ службæ кæнынмæ бацæуой Уæрæсейы Гарзджын тыхты скондмæ. Контракт арæзт цæуы æртæ азæй фондз азы рæстæгмæ. Хæстонтæн æфсæддон ардбахæрд нал уыдзæн, уымæн æмæ цы хæстон хæслæвæрдтыл æрфыссой сæ къух, уый æфсæддон ардбахæрдæй бирæ ницæмæй хицæн кæны. Уæрæсейы æфсады сконды службæ кæнгæйæ, пенсийы куы цæуой, уæд сын нымад цæудзæн, Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты сконды цы рæстæг службæ кодтой, уый, æмбæстагон персоналæн дæр нымад цæудзæн, Хуссар Ирыстоны цы куыст кодта, уыцы стаж.

Бæрæг куыд у, афтæмæй хуссарирыстойнаг афицерты тыхсын кæны уæрæсейаг æфсады скондмæ бацæугæйæ се ‘фсæддонты чинты бахъахъхъæныны фарст.  Ацы фарст дæр скъуыддзаг цæудзæн индивидуалон фæткмæ гæсгæ, ома, алы цау дæр ахуыр цæудзæн хицæнæй æмæ уæрæсейаг уставмæ гæсгæ чинтæ лæвæрд кæмæн æрцыд, уыдон сын хъахъхъæд æрцæудзысты.

Тедеты И.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.