Кæд нæ республикæ рагæй фæстæмæ дæр аграрон регионыл нымад цæуы, уæддæр нæм рагæй фæстæмæ дæр кадавар у нæхи продукци. Хъæууонхæдзарады рæзтыл та дзурæн дæр нæй, адæм се ргом ацы фадыгмæ зæрдиагæй куынæ аздахой, уæд. Хъыгаг уый у æмæ критикæ кæнын, домын алчи дæр уарзы. Бирæ сты, афтæ чи дзуры, зæгъгæ, нæ быдыртæ сындзкъутæр куы систы, уæд джитри æмæ памидор Кæсæгæй цæмæн ласæм. Бирæ сты ахæмтæ, фæлæ уыцы джитритæ æмæ памидортæ æрзайын кæнын кæй фæнды, ахæмтæ та бынтон хæрзцъус сты. Уымæн æмæ кусын зын у, критикæ кæнын, фауын æмæ домын та – æнцондæр. Нæ фыдæлтæ-иу хуымæтæджы нæ дзырдтой: æвзаджы нæ хæрды цæуын хъæуы, нæ – уырдыджы…

Кæд ма нæм исчи архайы хъæууонхæдзарадон продукци æркæныныл, уæддæр кæнынц æрмæстдæр мæнæуы куыст. Уый та æнæпайда у мах уавæрты, уымæн æмæ йæ хæрдзтæ не мбæрзы. Мæнæугуыстгæнæг йе ркæныныл цы бахардз кæна, уымæй йе ркæнгæ тыллæгæй фылдæр мæнæу балхæндзæн Уæрæсейы. Фæлæ уæддæр хъуамæ бузныг зæгъæм, ахæм уавæрты дæр æй чи кусы, уыцы быдыргуыстгæнджытæн – цæйнæфæлтау нæ быдыртæ бынтондæр схъæд æмæ скъутæр ой, фæлтау куыстгонд цæуæд зæрæстоны бæсты, куыдфæндыйæ дæр хиркæнгæ фæллой адджындæр у.

О, фæлæ ацы куысты дæр ис ахæм цухдзинæдтæ, кæцытæ иуварс куы рцæуой, уæд бирæ фенцондæр уыдзæн хоргуыстгæнджыты уавæр. Уыцы проблемæтæй иу у хъæууонхæдзарадон техникæйы хъуагдзинад. Иуæй-иу фермертæн сæ мæнæутæ æнæкарстæй баззайынц æмæ фесæфынц техникæйы хъуагдзинады аххосæй.

Æмæ ацы бонты фехъуыстам æхсызгон хабар. Хуссар Ирыстоны аграрон кусджытæ тагъд рæстæджы Уæрæсейы Федерацийы Хъæууонхæдзарадон министрадæй лæвар райсдзысты  цыппар техникон иуæджы, комбаин æмæ æндæр хъомысджын машинæтæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъæууонхæдзарады министры хæстæ æххæстгæнæг Пухаты Лев куыд зæгъы, афтæмæй лæваргонд техникæ ныридæгæн ис Цæгат Ирыстоны территорийыл æмæ тагъд рæстæджы æрхæццæ уыдзысты бынатмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.