Уæрæсейы Президент Владимир Путин йæ къух æрфыста гом арвы фæдыл бадзырды денонсацийы тыххæй закъоныл. Документ мыхуыр æрцыд барадон информацийы официалон интернет-порталы. Ныр Канадæ æмæ Венгримæ (Бадзырды депозитортæ) арвитдзысты хъусынгæнæн бадзырдæй рахизыны тыххæй æмæ æрдæг азмæ урæд æрцæудзæн сразыдзинады йæ хайадист. Гом арвы фæдыл бадзырд уыд уазал хæсты фæстæ Европæйы æууæнкдзинад сфидар кæныны фæдыл мадзæлттæй иу, кæцы фадат радта 34 бæстæ-хайадисджытæн æргомæй кæрæдзийы гарзджын тыхты æмæ мадзæлтты тыххæй информаци æмбырд кæнынæн. 2020 азы майы мæйы АИШ райдыдта сразыдзинадæй рахизыны процедурæ æмæ йæ фæцис 22-æм ноябры. 2021 азы Гом арвы фæдыл бадзырдæй рахизыны фæдыл æхсæнведомствойон архайдтыты старты тыххæй фехъусын кодта Мæскуы дæр. 19-æм майы УФ-йы Паддзахадон Думæ рахæцыд документы денонсацийы фæдыл проекты æвварс. 2-æм июны йæ хорзыл банымадта Уæлдæр Палатæ дæр.

Ивгъуыд аз АИШ-ы президент спайда кодта йæ уарзон тактикæйæ æмæ фæаххосджын кодта æндæр фарсы: «Уæрæсе нæ хъахъхъæны бадзырд. Æмæ йæ кæд Уæрæсе нæ райдайа  хъахъхъæнын, уæд мах рахиздзыстæм бадзырдæй».  АИШ-ы раздæры паддзахадон секретарь Майк Помпеойы ныхæстæм гæсгæ, Мæскуы цалдæр азы дæргъы хæлдта сразыдзинад, «куы-иу æй бафæндыд», уæд бадзырды фæлгæтты атахтытæ нæ уагъта, кæнæ та сæ арæнгонд  кодта. Помпео сæрмагондæй, банысан кодта, зæгъгæ,  Мæскуы бар нæ радта Абхаз æмæ Хуссар Ирыстонимæ арæнты дæскилометрон къæлидоры, афтæ ма Мæскуы, Калининград æмæ Цæцæны сæрмæ цæстдарæн атахтытæ саразынæн. Аме-рикæйæгтæ, зæгъ, разы не сты сæ хæдтæхджытæн Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы арæнтæм сæ бон æрбаввахс уæвын кæй нæу, уымæй.

Урс хæдзар æнхъæлдта, зæгъгæ, Уæрæсе спайда кæндзæн бадзырдæй, цæмæй сиса Европæ æмæ АИШ-ы инфраструктурæйы  сæйраг объектты нывтæ æмæ «сбæрæг кæна ныццæвыны потенциалон нысæнттæ». Уыимæ Вашингтон куыд æрвылхатт, афтæ та уæд дæр йæхи нæ батыхсын кодта факттæ æмæ бæлвырдгæнæнтæ æрхæссыны тыххæй. Афтæ уыд ирайнаг ядерон сразыдзинады цауы дæр, кæцыйæ АИШ-ы уæды президент Трамп рахызт иуварсон фæткы, афтæ уыд астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæджы ракетæты тыххæй бадзырды цауы дæр.

Уыимæ АИШ-ы паддзахадон департамент ницæмæ дардта Мæс-куыйы претензитæ. Зæгъæм, Вашингтон арæнгонд кодта Гавайты сакъадахты территориты сæрмæ уæрæсейаг хæдтæхджыты атахтытæн æмæ æхсæвиуаты бынат нæ дæтта уæрæсейаг тæхджытæн АИШ-ы континенталон хайы. Уæрæсе æппæт дæр арæзта бадзырд бахъахъхъæныны тыххæй, фæлæ АИШ нал æрбаздæхт фæстæмæ. УФ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Сергей Рябков банысан кодта: «АИШ гом арвы фæдыл бадзырдæй кæй рахызт, уымæй ауагъта Европæйы æдасдзинад сфидардæр кæнынмæ йæ хайбавæрд бахæссыны шанс». «Бадзырд нырма кусы, æцæг, кæй зæгъын æй хъæуы, æнæ АИШ æмæ Уæрæсейы хайадистæй уый сафы йæ цæрдхъомдзинад», – загъта УФ-йы Президенты пресс-секретарь Дмитрий Песков. 2020 азы УФ-йы Президент Владимир Путин бадзырды фæдыл загъта: «Европæйæгтæ нын дзурынц, зæгъгæ, уадз, æмæ АИШ рахизой, фæлæ сымах ма рахизут. Æз сын загътон, зæгъын, уый хорз кинойы хуызæн у! Сымах иууылдæр НАТО-йы уæнгтæ стут. Уый та нысан кæны афтæ, сымах тæхдзыстут æмæ информаци дæтдзыстут америкæйæгтæн, æмæ махæн та нæ бон уый саразын не суыдзæн, уымæн æмæ мах баззайдзыстæм бадзырды. Уымæ гæсгæ хынджылæг ма кæнæм. Цæй æмæ ныхас кæнæм кæрæдзиимæ растæй».

Гом арвы фæдыл бадзырдыл къухтæ æрфыстой 1992 азы 24-æм марты Хельсинкийы. Ныртæккæ йæ хайадисджытæ сты 32 европæйаг паддзахады.

2019 азы Уæрæсеимæ ахастытæ куы февзæрдæр сты, уæд америкæйаг политиктæ ногæй дзурын райдыдтой, зæгъгæ, гом арвы фæдыл Бадзырд дзуапп нæ дæтты национ интерестæн. АИШ-ы сæйраг аргумент уыд уый, æмæ ацы Бадзырд Мæскуыйæн кæй дæтты «æгæр уæрæх фадæттæ АИШ-ы тыххæй развæдсгарæн бæрæггæнæнтæ æмбырд кæнынæн».

Уæдæ куыд уынæм, афтæмæй АИШ рагæй фæнд кодтой Бадзырдæй рахизыны тыххæй. Ныр ма Уæрæсе æмæ АИШ-ы ‘хсæн архайы æрмæстдæр иу æфсæддон сразыдзинад – стратегион хæцæнгæрзтæ фæкъаддæр кæныны фæдыл мадзæлтты тыххæй Бадзырд.

Бацæттæ йæ кодта

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.