Тыбылты Леонид бабæрæг кодта, иукъорд объектты арæзтадон куыстытæ куыд цæуынц, уый.

Президент Тыбылты Леонид базонгæ ис, Цхинвалы иукъорд объектты арæзтадон куыстытæ куыд цæуынц, уыимæ. Сæрмагондæй бæрæггонд æрцыдысты Сталины уынджы, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театр, афтæ ма Ногдзауты парчы арæзтадон куыстытæ.

Бæстæйы сæргълæууæгимæ æмбалц уыдысты Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард æмæ Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали.

Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард куыд фехъусын кодта, афтæмæй абоны бон Ногдзауты парчы цæуынц тротуарон плиткæ æвæрыны, дыууæ фонтан цалцæг кæныны, ног бадæнтæ æвæрыны, Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны раз брусчаткæ æвæрыны куыстытæ, кæронмæ фæхæццæ кæнынц ДТС-ы капиталон цалцæггæнæн куыстытæ. Афтæ ма заказгонд æрцыдысты сабиты фæзуатæн аттракционтæ, æмæ райсомæй фæстæмæ та æвæрд цæудзысты ног рухсгæнæн цæджындзтæ.

Ногдзауты галуаны алфæмблаймæ æркæсгæйæ, Президент йæ ныхас аздæхта Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны директр Джиоты Арянæмæ ахæм куырдиатимæ, цæмæй сфæлдыстадон галуаны алыварс сæхгæной æмæ уый фæрцы хицæнгонд æрцæуа парчы территорийæ.

Сывæллæтты сфæлдыстадон галуан хъыгдард баййæфта 2008 азы августы хæсты рæс-тæджы, уый фæстæ уый цалцæггонд æмæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцыд 2012 азы. Фæлæ Джиоты Арянæ куыд банысан кодта, афтæмæй быру саразыны охыл куырдиат нæ бахынцыдæуыд æмæ уымæ гæсгæ бахъуыд ацы фарст ногæй республикæйы къухдариуæгады раз æрæвæрын.

Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæ-дзарады министр Зæгъойты Эдуард банысан кодта, зæгъгæ, ныртæккæ уыцы фарстыл куыст цæуы æмæ развæлгъау нывæзтмæ гæсгæ быруйы бæрзæнд уыдзæн 1м æмæ 20 см. Уый арæзт цæудзæн Ногдзауты парчы хæрзарæзты куыстыты сметæйон аргъы фæлгæтты.

Дарддæр Тыбылты Леонид бабæрæг кодта Паддзахадон драмтеатры бæстыхайы арæзтад æмæ йæ алыварс хæрзарæзт куыд цæуы, уый. Уый ма æркаст, цы фонтан арæзт цæуы, уымæ дæр. Подрядгæнджытæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй фонтаны арæзтады цæуынц монолитон куыстытæ, ноябры фæуды йæ сфæлтæрыны фадат уыдзæн кусæгон режимы.

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.