Спорты дæсны, уæгъдибар хъæбысхæстæй Советон Гуырдзыстоны чемпион, дунеон ерысты уæлахиздзау, Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды раздæры командир Сиукъаты Таймуразы  номыл уагъд æрцыд республикон номарæн турнир. Ерыстæ цыдысты спорты дыууæ хуызæй. Хуыцъейы астæуккаг скъолайы ерыстæ цыдысты уæгъдибар хъæбысхæстæй. Дзауы йæ номыл цы спортивон зал ис, уым та сæ тыхтæ фæлвæрдтой самбисттæ. Турниры призтыл тох кодтой сæдæ æвзонг спортсменæй фылдæр. Уыдон уыдысты Цхинвал, Дзау, Къуайса æмæ Цхинвалы районæй.

Ерыстæ официалонæй уагъд æрцыдысты ныр дыккаг хатт, фæлæ-иу уый размæ азты дæр сæ организатор Хъоцыты Тамерлан уагъта турнир. Ерысты официалонæй байгом кæныны церемонийы йæ хайадисджытæн раарфæ кодта Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды командир Плиты Игорь. Уый цыбыртæй радзырдта Сиукъаты Таймуразы цардвæндаджы, цы фидар удыхъæды хицау уыд, уый тыххæй.

«Таймураз æмæ уый хуызæн лæппуты хъайтардзинæдты фæрцы ирон зæхмæ æрцыд сабырад æмæ уыдон рохгонд никуы уыдзысты. Мах æппæт дæр сараздзыстæм, цæмæй турнир суа традицион. Кæд нæм ивгъуыд аз æрцыдысты Цæгат Ирыстонæй дæр, уæд ныр æвзæр боныгъæд бахъыгдардта уыдоны ерыстæм æрцæуынæн», – загъта Плиты Игорь.

Æрæмбырдуæвджытæн Президенты номæй раарфæ кодта спорты фарстыты фæдыл паддзахады сæргълæууæджы æххуысгæнæг Джиоты Руфин.

«Тынг хорз у, Сиукъаты Таймуразы номарæн турнир уагъд кæй цæуы, уый. Уый уыд æцæг патриот. Йæ хъæбатырдзинæдтæ йын хъуамæ зоной рæзгæ фæлтæр. Турнир ацыд бæрзонд æмвæзадыл», – банысан кодта Джиоты Руфин.

Ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты Кады грамотæтæ, майдантæ æмæ кубоктæй.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.